РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд микрорайон «Хурзæрин»-ы цæрджытимæ, кæцытæ 5-æм майы райсомæй стыр къордæй æрцыдысты Хицауады бæстыхаймæ, цæмæй радзырдтаиккой сæ проблемæты тыххæй, сæрмагондæй, паддзахады сæргълæууæгæн.

Чысыл рæстæджы фæстæ уыдоны Тыбылты Леонид райста йæхимæ. Ныхасы райдианы Президент уайтагъд банысан кодта семæ фембæлдмæ кæй æрбахуыдта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ йæ хæдивджыты, æндæр профилон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæртты.

«Æз афтæ уымæн бакодтон æмæ ацы бонты æз райстон уæ коллективон куырдиат. Æмбæлон хæслæвæрд бæлвырд резолюциимæ æз арвыстон республикæйы хицауадмæ. Афтæ æмæ æз зонгæ дæн уæ проблемæтимæ. Æвæццæгæн, нæ банхъæлмæкæсгæйæ, сымах аскъуыддзаг кодтат, цæмæй радзурат уæ проблемæты тыххæй ам», — загъта уый.

Микрорайоны цæрджытæ, паддзахады сæргълæууæгимæ ныхас кæнгæйæ, банысан кодтой, зæгъгæ, нæ бон æнхъæлмæ кæсын уый тыххæй нал у, æмæ тæрсæм куынæ нæ фехъусой æмæ сæ тынг уырны æппæт проблемæтæ дæр кæй аскъуыддзаг кæндзæн æрмæстдæр Президент.

«Мах, дæумæ абон уымæн æрцыдыстæм æмæ дыл мах æууæндæм, мах уынæм, ды кæддæриддæр адæмы куырдиæттæм дæ хъусдард кæй аздахыс», — загъта микрорайоны цæрджытæй сæ иу.

Ацы цæрджыты проблемæ ис уый мидæг: абон микрорайоны цы 98 бинонтæ цæрынц, уыдонæй бирæты сты 2009 азы уæды разамынад ардæм æрбарвыста рæстæгмæ сæ зæронд æмдзæрæндæттæй, ахæмтæ, иннæтæ — 28 бинонты бæрц, сты лигъдæттæ, иннæ цæрджытæ та сты районы хисæрмагонд секторы — коттеджты цæрджытæ.

Иутæн дæр æмæ иннæтæн дæр, сæ ныхæстæм гæсгæ ис проблемæтæ, кæцыты радзырдтой паддзахады сæргълæууæгæн.

Проблемæты сæйрагдæртæй иу у, рæстæгмæйы бындурыл фатерты ацы территорийыл чи цæрынц, уыдоны статусы проблемæ. Уыдонæн нæй документтæ, афтæ ма сын нæй цæрæнуат дих кæнынмæ гæсгæ æндæр бынатмæ цæрынмæ арвитыны гарантитæ дæр. Ацы микрорайон у паддзахады маневрæйон фонд.

«Мах 2009 азы раздæры бигæдзаутæммы фабрикæ æмæ агуыриаразæн заводы районы æмдзæрæндæтты ссæрибар кодтой нæ цæрæнбынæттæй. Уæды разамынад нын ныфс æвæрдта, мах рæстæгмæ кæй æрвитынц æмæ афæдзы æмгъуыдмæ махæн кæй ратдзысты фатертæ ног цæрæн хæдзæртты. Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй ам, ацы залы, мах æрæмбырд кодтой æмæ нын уый тыххæй фехъусын кодтой. Уæдæй нырмæ рацыдис бирæ рæстæг æмæ ныр цы саразæм? Дыккаг фарст та ис уый мидæг æмæ махæн ницы документтæ ис, боныфæстагмæ мах никуы фыст стæм, æгæрыстæмæй, рæстæгмæ дæр», — загъта микрорайоны цæрджытæй сæ иу Козаты Инессæ.

Ам Тыбылты Леонид бамбарын кодта, зæгъгæ, абон уыдонæн исты ныфс бавæра æмæ куы зæгъа, тагъдрæстæджы уыдон раконд æрцæудзысты ног цæрæн хæдзæрттæм, уæд уый кæй нысан кæны, кæй сæ сайы.

«Мæнæн уый саразын мæ бон нæу. Махæн нæй фадат нысанмæздæхт цæрæнуат саразын æрмæстдæр уæ категорийы адæймæгтæн. 2017 азмæ махмæ республикæйы реализаци цæуы ног цæрæнуаты арæзтады программæ. Ацы программæйы фæлгæтты мах аразæм ног хæдзæрттæ, 330 фатеры æдæппæт кæм уа, ахæмтæ. Æмæ ацы цæрæнуат дих цæудзæнис рады чи лæууынц, уыдоныл, уыдон та рады лæууынц бирæ азты дæргъы», — загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма бамбарын кодта, зæгъгæ, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг не сты, цæмæй алкæуыл аххæссой, фæлæ республикæйæн нырма æндæр фæрæзтæ нæй.

«Республикæйы разамынад дарддæр кусдзæн ацы фарсты фæдыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ планты уынæм ног цæрæнуаты гæнæуæвæн арæзтад. Уæлдайдæр та уымæн æмæ цæрнуаты æндидзынады фæдыл статья æхгæд æрцыдис. Ис йæ финанскæнынад Уæрæсейы фарсæрдыгæй. Мах иууылдæр æмбарæм, республикæйы абоны бонмæ цы арæзт цыдис æмæ цы арæзт цæуы, уыдон арæзт кæй цæуынц нæ уæрæсейаг коллегæты финанскæнынады хыгъдæй», — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид фембæлды уæвæг Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланы хъусдард аздæхта æндæр фарстмæ. Уый бафарста: «Цæрджытæн цæуылнæ ис документтæ, уадз, рæстæгмæ дæр уæт, æнæ документтæй бирæтæн сæвзæрынц алыгъуызон проблемæтæ». Афтæ ма Президент бацамыдта ахæм моментмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ æмдзæрæндæтты цæрджытæ кæддæр лæууыдысты рады, уый бафидар кодтой цæрджытæ сæхæдæг дæр æмæ уыдон хъуамæ хаст æрцæуой цæрæнуат райсынмæ радмæ.

«Æрмæстдæр ахæмæй уынæм мах ацы проблемæйы аскъуыддзаг кæнын. Уый у сымахæн мæ æргом ныхас. Ноджыдæр фæлхатт кæнын, махæн кæй нæй сымахæн ног цæрæнбынат, сымах кæдæм барвитæм. Мах бахъæудзæн иууылдæр æнхъæлмæ кæсын. Æмбæлон документаци аразынмæ цы хауы, уый та æз хæс кæнын горæты администрацийæн, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ скъуыддзаг æрцæуа», — загъта Президент.

Æндæр ахсджиаг фарст радтой коттеджты цæрджытæ, кæцытæ ацы хæдзæртты райстой цæрæнуат дих кæныны фæткмæ гæсгæ, фæлæ уыдонæн дæр сæ къухты ницы документтæ ис. Ам паддзахады сæргълæууæг уайтагъд хæс радта цæмæй мæйы æмгъуыдмæ бакуыстæуа æмæ хæдзæртты хицæуттæн лæвæрд æрцæуой æмбæлон ордертæ.

 

Иннæ ахсджиаг проблемæ та у микрорайоны электроэнергийæ сифтонг кæныны фарст. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, микрорайонмæ газ уагъд кæй нæй (микрорайон «Хурзæрин» ис республикæйы сæйраг горæты æддейæ), уый аххосæй системтикон æгъдауæй ахуыссы электрон рухс, архайгæ ЛЭП-ыл æгæр уæз кæй æрцæуы æмæ йæ кæй нæ бауромы, уый тыххæй. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ ма уыдон тыхсын кæны электронымайæнтæ хæлд кæй сты, уый дæр, кæцытæ бирæ хатты фылдæр нымайынц бахардзгонд электрон рухсы бæрцæй.

«Нæ республикæйы районты сгазификацийы фарст æз æрæвæрдтон иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл. Уыдис мын фембæлдтытæ мæ коллегæ, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Владимиры фырт Путинимæ æмæ „Газпром“-ы Правленийы сæрдаримæ. Ацы фарстыл куыст цæуы, мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм нæ хъæууон цæрæн пунктты сгазификаци кæныны фарст, кæцытæ сты 180 хъæуы бæрц», — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Иннæ фарст, кæцымæ хъусдард аздæхта Президент, хаудта микрорайонмæ цы электроэнерги лæвæрд цæуы уый гъæдмæ. Уый бахæс кодта æмбæлон службæтæн æвæстиатæй бынатмæ ацæуын æмæ бынаты ацы фарст равзарын, цы проблемæтæ сын ис, уыдон аиуварс кæныны фæдыл æмбæлон мадзæлттæ райсгæйæ. Афтæ ма бахæс кодта электронымайæнты куысты фæдыл басгæрст ауадзын.

Районы электрон рухсæй сифтонг кæныныл дзургæйæ, цæрджытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ ноджы иу фарстимæ, кæцыйы уыдон ирдæй ныффыстой сæ коллективон куырдиаты. Фарст хаудта ацы лæггæдты тыххæй фидын æмæ тариф фæныллæгдæр кæнынмæ. Сæйраг проблемæ у цæрджытæн цы хæс æрæмбырд, уый, кæцытæ сæхи нымадтой сæрибар хъалонтæ фидынæй.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр уыдонæн баныфсæвæрдтой, зæгъгæ, микрорайоны газ кæй нæй, уымæ гæсгæ сæрибар æрцæудзысты хъалонтæй. Тыбылты Леонид загъта, зæгъгæ, уæдæй нырмæ рацыд бирæ рæстæг, республикæйæн ис бирæ проблемæтæ.

«Уый фæдыл æз бахæс кодтон Хицауадæн хъæууон бынæтты æмæ районты электрон рухсы тариф фæныллæгдæр кæныны тыххæй, цыран нырма нæй газ. Аргъ фæкъаддæр 64 капеччы. Æмæ уын уæ хъалонты суммæ дæр банымайдзысты ацы тарифмæ гæсгæ. Уый размæйы хæсы тыххæй бахæс кæндзынæн Хицаудæн, цæмæй ацы суммæ бафидыны тыххæй фæрæзтæ ссара паддзахады хардзæй», — загъта уый.

Суммæ цъус нæу, 8 милуаны бæрц у. Фæлæ, Президенты ныхæстæм гæсгæ, иу мæйы æмгъуыдмæ æппæт цæрджытæ дæр горæты администраци æмæ æндæр æмбæлон органтимæ сæ документтæ хъуамæ æркæной æмбæлон уагмæ æмæ июны мæйæ хъалонтæ фидын райдайой уыдонæн архайгæ тарифмæ гæсгæ. 2 сомы æмæ 64 каппечы нæ, фæлæ 2 сомы.

«Уæ куырдиаты тыххæй, цыран сымах лæмбынæгæй фыссут Парламенты минæвæрттимæ уæ фембæлды тыххæй, цыран уын баныфсæвæрдтой электрон рухсы тыххæй иу сом фидын, та уын зæгъдзынæн уый, æмæ æз стыр кад кæнын нæ депутаттæн, фæлæ ацы фарстæн аскъуыддзаггæнæн нæй ахæм æмвæзадыл. Уымæй дæр, куы уын баныфсæвæрдтой, уыцы бонæй махмæ нырма иу куырдиат дæр не ‘рбацыд», — загъта Президент.

Фембæлды уæвæг Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Президенты бахæсмæ гæсгæ Хицауады бахъæудзæн ацы фæрæзтæ ссарын.

«Суммæ цъус нæу, бахъæудзæн нæ æндæр социалон ахсджиаг моменттæй уыцы суммæ ратонын. Тынг бирæ проблемæтæ ис, кæцыты хъæуы аскъуыддзаг кæнын», — банысан кодта уый.

Фембæлды рæстæджы загъдгонд æндæр ахсджиаг проблемæтæ хаудтой æфсæддон полигонмæ, кæцы ис микрорайоны территоримæ хæстæг, транспортмæ, кæцы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ нæ цæуы графикмæ гæсгæ æмæ æрæмбырд вæййы бирæ адæм, афтæ ма сын сывæллæтты фæзуат кæй нæй, уымæ дæр.

Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æфсæддон полигоны фарст у ахæм, кæцыйыл хъуыды кæнын æппынæдзух.

«Мах фæлварæм ацы фарст аскъуыддзаг кæнын, фæлæ, хъыгагæн, нырма нæ бон нæу æндæр территори ссарын. Ацы фарст ис мæ контролы бын. Мах тырнæм уæззау æфсæддон техникæ республикæйæ æддæмæ аласынмæ æмæ уым æмбæлон ахуыртæ уадзын. Хъыгагæн, мын ам дæр нырма нæй иунысанон дзуапп», — загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг транспорты фарст бахæс кодта Сæудæджерад æмæ транспорты комитеты сæрдар Дзассеты Василийæн, кæцы хуынд æрцыд фембæлдмæ æмæ йын бахæс кодтой бынатмæ ацæуын. Сывæлæтты фæзуаты тыххæй Тыбылты Леонид радзырдта, зæгъгæ, ацы проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн æввахс мæйты.

«Вæййы бирæ куырдиаттæ фæсивæды ‘рдыгæй дæр æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй дæр. Рæзгæ фæлтæрыл аудын у приортитетон здæхтытæ æмæ хæстæй сæ иу, кæцы йæ разы æвæры республикæйы къухдариуæгад. Мах ныридæгæн сарæзтам сывæллæтты бирæ фæзуæттæ æмæ сквериктæ. Горæтты æмæ районты нæ фæсивæдæн аразæм спортивон залтæ. Æз уын ныфсæвæрын, сæрды ахæм лæвар уæ сывæллæттæн дæр кæй сараздзæн Президент», — загъта уый.

Фембæлды кæрон цæрджытæ раарфæ кодтой Президентæн сæ проблемæтæм йæ хъусдарды тыххæй. Цæрджытæй сæ иу радзырдта ахæм истори: «Зонут, мæнæн ме ‘ввахс хион цæры Мæскуыйы. Уый иу хатт фæцæйцыд горæты æмæ уалынмæ уыны, æрæхгæдтой фæндаг, машинæтæ æрлæууыдысты. Уый бамбæрста, Уæрæсейы Президент Владимир Путин кæй рацæуы. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уый федта Хуссар Ирыстоны Президенты кортеж. Ацы цауы фæдыл мæ зæрдæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг. Леонид Харитоны фырт, уæ цыт у нæ цыт дæр!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.