Архайæг Президент Тыбылты Леонид фембæлд ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолиимæ æмæ йын раарфæ кодта, ацы аз 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты кæй фæуæлахиз, уый тыххæй.

«Бæлвырд куыд у, афтæмæй паддзахадон газетты мыхуыр æрцыд Централон æвзарæн къамисы уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты фæдыл хъæлæс кæныны фæстиуджыты тыххæй. Централон æвзарæн къамисы суагъæмæ гæсгæ, ды, Анатоли Ильяйы фырт, сдæ нæ бæстæйы цыппæрæм Президент дарддæры фондз азы æмгъуыдмæ. Бар мын ратт, цæмæй дын республикæйы къухдариуæгады æмæ мæхи номæй раарфæ кæнон дæ уæлахизы сæраппонд æмæ дын зæгъон мæ фæндиæгтæ, цæмæй Президенты бæрнон бынаты сæххæст уой де ‘ппæт фæндтæ дæр», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма загъта бузныджы ныхæстæ Президенты æвзæрстыты хайад райсæг æппæт æвзарджытæн дæр.

«Адæм здæхт сты ног Президент æмæ йæ командæимæ кусынмæ. Фæнды мæ республикæйы æппæт цæрджытæн зæгъын стыр æнтыстыты фæндиæгтæ, нæ паддзахадæн та –  цæмæй дидин æфтауа дарддæр дæр», – загъта архайæг Президент.

Бибылты Анатоли дæр йæ рады бузныг загъта Тыбылты Леонидæн йæ арфæйы ныхæсты æмæ зæрдиаг фæндиæгты, афтæ ма республикæйы Президенты æвзæрстыты рæстæджы йæ принципиалон позицийы тыххæй.

«Æз æнхъæл дæн, Леонид Харитоны фырт, æмæ мах дарддæр дæр кæндзыстæм æмгуыст, де стыр фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, æмæ араздзыстæм нæ фидæн. Бæлвырд у, нæ адæм кæй æнхъæлмæ кæсынц стыр хъуыддæгтæм, æмæ нын Хуыцау зæгъæд, цæмæй нын уый сæраппонд цы у нысангонд, æппæт уыдон сæххæст кæнæм», – загъта сæвзæрст Президент.

Бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы æмбæстæгтæн Президенты æвзæрстыты сæ активон хайадисты тыххæй, афтæ ма РХИ-йы Централон æвза-рæн къамисы кусджытæн дæр.

«Бузныг дæн Централон æвзарæн къамисы кусджытæй, уыдон хорз бакуыстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт дæр æнæфау уа, уый арæх нæ вæййы. Фæлæ мах уымæ кæй тырнæм, уымæн стыр аргъ ис», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Фембæлды ма хайад райста Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.