Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста зынгæ ирон барæг – каскадер, Каскадерты æппæтдунеон ассоциацийы уæнг Уртаты Эльбрусы.

Уазæгæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта: «Ды куыд ирон адæмы минæвар, афтæ бæрзонд хæссыс Ирыстоны тырыса дард фæсарæнты. Тынг æхсызгон мын у, дæ бæхты театр диссæгтæ кæй æвдисы, уый. Æппæт дунейы дæ фæхонынц бирæ фильмтæ сисыны хайад райсынмæ. Мах дæуæй сæрыстыр стæм, æмæ дæ алы æнтыст у мах æнтыст»

Уртаты Эльбрусæн йæ цæст бауарзта сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ йæ фæндон загъта, цæмæй уый йæ балц республикæмæ адарддæр кæна, фæхуыдта йæ, цæмæй хайад райса Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты сæраппонд цы цытджын мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уыдоны.

«Хорз уаид, дæ фырттимæ куы баззаис Хуссар Ирыстоны, фениккат нæ æрдзы рæсугъддзинæдтæ, сыгъдæг бынæттæ», -загъта Бибылты Анатоли.

Уртаты Эльбрус стыр æхсызгонæй сразы Президенты фæндоныл,  æмæ йын бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хъарм зæрдæимæ йæ кæй райста æмæ йын радзырдта фæсарæнты йæ царды тыххæй.

«Мах кæддæриддæр алы проекты дæр тырнæм Ирыстонæн скад кæнын. Нæ професси домы æрвылбон дæр хиуыл кусын æмæ не ‘взыгъддзинæдтæ хуыздæр кæнын», -загъта уый.

Уымæй дарддæр ма Уртаты Эльбрус гæнæнуæвæныл банымадта, зæгъгæ, кæддæр кæй сараздзæн йæхи кино, цыран æвдыст æрцæудзысты нæ фыдæлты хæстон цайдагъдзинæдтæ æмæ бæхыл бадыны дæсныйад.

Банысан кæнын хъæуы, Уртаты Эльбрус 20 азæй фылдæр кæй цæры Хуссар-Африкæйаг Республикæйы. Голливуды зынгæ каскадер профессийы сусæгдзинæдтæ ахуыр кодта Хъантемыраты Мухтарбеджы бæхты театры. Уый хайад исы киноты, сарæзта йæхи сæрмагонд бæхты шоу. Зынгæ каскадер систа  50 кинонывæй фылдæры, уыдоны нымæцы «Миллион лет до нашей эры», «Копи царя Соломона», «От заката до рассвета» æмæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.