18-æм майы Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы кусджытæ – ацы рæнхъыты автор, Гусойты Ласко, Бестауты Эмзар æмæ Битарты Хатуна  курдиатджын поэт Хъодалаты Герсанæн сорганизаци кодтой сфæлдыстадон изæр. Уырдæм фæуазæг сты РХИ-йы Культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, поэт Хъодалаты Герсан, йæ цардæмбал Наниты Асиат, Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Дудайты Динæ, хъæубæсты цæрджытæ, Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Сфæлдыстадон изæр байгом кодта ацы рæнхъыты автор Уалыты Зоя. Уый лæмбынæг æрдзырдта курдиатджын поэты цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй. «Не ‘мбæстаг, нæ кадылдаринаг уазæг, Чысангомæн стыр кадгæнæг – Хъодалаты Зурабы фырт Герсан райгуырд 1938 азы 15-æм октябры Уæллаг Захъхъоры. 1957 азы Захъхъоры астæуккаг скъола æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1963 азы.

Фæлæ йæ фæстæмæ йæ райгуырæн хъæумæ нал рауагътой, уым сæ йæ сæр тынгдæр хъуыд: куыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, радиокомитеты дикторæй, уый фæстæ та йæ бакодтой журнал «Фидиуæджы» редакцимæ – нырма литературон кусæгæй, стæй поэзийы хайады редакторæй æмæ 1996 азæй фæстæмæ та у йæ сæйраг редактор. 47 азы хъиамæт кæны уыцы иу ран».

Хъодалаты Герсан æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, 4-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæ-фельетон мыхуыры фæзынд Ленингоры районон газет «Ленинон»-ы 1956 азы. Уæдæй абонмæ йæ фыссæн сис басгуыхт бирæ курдиатджын æмæ хихуызон уацмыстæ ныффыссынæн, кæцытæ мыхуыр цæуынц периодикæйы æмæ хицæн æмбырдгæндты.

Афтæмæй йын бантыст 17 чиныджы – æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, публицистон уацтæ, очерктæ æмæ тæлмац уацмыстæ мыхуыры рауадзын: «Бæлццон» (1964 аз), «Æвзонг зарæг» (1971 аз), «Худы уæз» (1974 аз), «Лæгдзырагъ» (1977 аз), «Табуафси» (1981 аз), «Куырыхон» (1986 аз), «Уастырджи» (1989 аз), «Æвдудон» (2007 аз, «Ир» Владикавказ) æмæ æндæртæ. 2009-2016 азты та – радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, уацтæ æмæ тæлмæцты æмбырдгонд «Арвистон» – 1-аг том, 2017 азы та йын цæуы йæ дыккаг том.

1977 азы Мæскуыйы рауагъдад «Советский писатель»-ы рацыд йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Башня», зæгъгæ. Бирæ хъарм ныхæстæ загъд æрцыд Хъодалаты Герсаны сфæлдыстады тыххæй æмæ сæ рæхджы чиныгкæсæг фендзæн хицæн чиныгæй, мыхуырмæ цæттæ у.

Абон Хъодалаты Герсан – ССР Цæдисы Фысджыты æмæ журналистты цæдисы уæнг, Ирыстоны фысджыты цæдисы правленийы уæнг, Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, Кады нысаны орденхæссæг, РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг, куысты ветеран, РХИ-йы Парламенты II сæвзæрсты депутат, литературон конкурсты æхсæзвæлтæр фæуæлахизуæвæг, 1996 азæй журнал «Фидиуæджы» сæйраг редактор – ацы змæст æмæ тыхст дуджы дæр цардыл тохмæ йæ гæрзтæ бæтты, ирон аив дзырды дыргъдоны сæрбæрзондæй зилы æмæ райы йæ зæрдæ.

Мадзалы раныхас кодта Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гусойты Ласко. Уый загъта, зæгъгæ, Хъодалайы фырты къухдариуæгадæй журнал «Фидиуæджы» фæрстыл мыхуыр цæуынц цымыдисон æрмæджытæ, Ирыстоны фысджыты уацмыстæ æмæ æмдзæвгæтæ. «Æхсызгон нын у, не ‘мзæххон Хъодалаты Герсан ныр 17 азы дæргъы «Фидиуæджы» сæйраг редактор кæй у, уый. Алы ирон адæймаг дæр хæсджын у, цæмæй кæса ирон мыхуыр».

Ныхасы ма рацыдысты Дзеранты Джульеттæ, Дриаты Нателæ, Дудайты Динæ. Уыдон иууылдæр арфæйы ныхæстæ загътой поэтæн йæ диссаджы сфæлдыстады тыххæй æмæ ацы мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Мадзалы раныхас кодта Хъодалаты Герсан. Уый дæр бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн, кæй йын кад кæнынц, уый тыххæй. Хъодалайы фырт радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй, бакаст æм-дзæвгæ ныййарæг мадыл. Поэты цытæн сфæлдыстадон изæры Цъинагары Культурæйы хæдзары хæдархайгæ къорд «Арвырон»-ы архайджытæ сæххæст кодтой цалдæр кафты. Ахуыргæнинæгтæ бакастысты Герсаны фыст æмдзæвгæтæ.

Дзеранты Джульеттæ банысан кодта, зæгъгæ, абон Цъинагары хæдархайгæ къорд афтæ хорз сæ арæхстдзинад кæй равдыстой, уымæй баззадтæн тынг райгондæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Уалыты Зоя, Гусойты Ласко  æмæ Бестауты Эмзарæн.

Поэты цытæн ма бацæттæгонд æрцыд сфæлдыстадон къуым æмæ стенд дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мадзал уагъд кæй æрцыд РХИ-йы Культурæйы министрад республикæйы библиотекæты ‘хсæн цы конкурс расидт, уый фæлгæтты.

УАЛЫТЫ Зоя,

РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.