Фембæлд Президентмæ

Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы фæзындис фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр», кæцы уæвынад кæны афæдзæй фылдæр. Ацы организацийы æрбатымбыл сты фæсивæды активон минæвæрттæ. Йæ сконды сты фæсивæды алы кары минæвæрттæ дæр. Организацийæн йæ сæйраг хæс у социалон проекттæ реализаци кæнын, уыдон та ахъаз сты фæсивæдимæ æмбæлон куыст кæнынæн.

Кæд нырма ацы организаци бирæ рæстæг нæ кусы, уæддæр сæ нысанмæздæхт архайдæй не ‘хсæнады айхъуыстис сæ ном, куыд фæсивæды, афтæ хистæр кар адæмы ‘хсæн дæр. Абоны нæ царды, хъыгагæн, фæсивæды ‘хсæн ахæмтæ бирæ нæй. Уымæ гæсгæ «Ног фæлтæр»-ы уæнгты архайдæй райгонд сты нæ республикæйы цæрджытæ.

Фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-ы уæнгты 18-æм февралы йæхимæ райста нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид. Фембæлды ма хайад райста Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик.

Тыбылты Леонид фембæлды райдианы банысан кодта, зæгъгæ, мæнæн тынг æхсызгон у сымахимæ фембæлын, уæ хорз архайды тыххæй мæнмæ ис бæлвырд информаци, кæцы мын хорз тæлмæнтæ сæвзæрын кодта мæ зæрдæйы. Æз та кæддæриддæр дæн позитивон хъуыдытыл лæуд фæсивæды фарсмæ æмæ абон дæр æз æхсызгонæй байхъусдзынæн уæ хъуыдытæм.

Уый фæстæ нæ республикæйы сæргълæууæджы «Ног фæлтæр»-ы уæнгтæ базонгæ кодтой сæ организацийы равзæрдимæ, сæ дарддæры плæнттæ æмæ сæ бакуыстгонд социалон проекттимæ.

Фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-ы равзæрдимæ Тыбылты Леониды базонгæ кодта ацы организацийы сæрдар Цхуырбаты Сергей.

– Нæ организаци саразыны фæнд махмæ фæзындис иу афæдз æмæ æрдæджы размæ. Фыццаджыдæр, нæм Хъуылымбегты Алыксандримæ ацы хъуыды уымæн фæзындис æмæ йæ мах уыдтам æмæ æмбæрстам, нæ фæсивæд цавæр проблемæтыл æмбæлынц, уый. Цæмæй ацы проблемæтæ исты амæлттæй скъуыддзаг кодтаиккам, уый тыххæй нæ бафæндыдис фæсивæдон организаци саразын. Мах нæ организаци куы сарæзтам, уæд нæ разы æрæвæрдтам хæс, цæмæй æнгом баст уæм хицауадимæ æмæ семæ æмгуыст кæнæм.

Нæ фыццаг къахдзæф уыдис, цæмæй «Антикафе мафия» рацаразæм фæсивæдон центрмæ, цæмæй нын кусæн бынат уыдаит, уый тыххæй. Нæ активон къорды фыццаг уæнгтæ сæ фылдæр уыдысты скъоладзау фæсивæд. Сæ архайдæй нæ зæрдæ рухс кодта. уыдонимæ мах базонгæ стæм Алина Кабаевайы номыл спортивон галуан «Олимп»-ы гом кæныны церемонийы, цыран истой активон хайад.

Нæ абоны куысты тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ махæн ис стыр коллектив, ис дзы фæндзай адæймагæй фылдæр. Уыдон сахуыр кодтой идеятæ мысын æмæ сæ проекттæм ракæнын, афтæ ма сæ бынаты реализаци кæнын.

Уыдон уæлдай ма мах бацархайдтам, цæмæй нын æнгом ахастытæ уа нæ паддзахады разамынадимæ, афтæ ма Абхазы фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитетимæ æмæ Уæрæсейы Фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл федералон агентадимæ.

Ныр та цыбыртæй ранымайдзынæн, цы проекттæ среализаци кодтам, уыдон: стъолыл хъазгæ хъазты турнир, æфсæддон-патриотикон хъазт «Аланты цæдис», форум «Алани – 2016», кæцы сорганизаци кодтам РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитетимæ. Афтæ ма ноджы пинболы турнир, кæцыйы фæуæлахизуæвджытæ хорзæхджын цыдысты президенты номыл призтæй.

Нæ ауадзгæ мадзæлттæй иууыл эмоционалондæр æмæ ирддæр уыдис киноконцертон зал «Чермен»-ы Гасситы Мураты æмæ Денис Лебедевы тохы комкоммæ трансляци, уый дæр сорганизаци кодтам Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитетимæ.

Нæ проекттæй иууыл зындæр æмæ стырдæр та уыдис нæ горæты къахдзоныгътыл бырынæн ихæй фæзуат саразын.

Фæсивæдон активы республикон скъолайы куысты тыххæй та нæ республикæйы Президент Тыбылты Леониды базонгæ кодта «Ног фæлтæр»-ы сæрдары хæдивæг Хъуылымбегты Александр. Уый ма ноджы сæ организацийы активон куысты тыххæй загъта, зæгъгæ, уыдон хайад кæй райсынц республикæйы æмвæзадыл уагъдцæуæг егъау мадзæлтты дæр.

Дарддæр ма Хъуылымбегты Александр æрдзырдта сæ куысты æндæр фарстыты тыххæй, афтæ ма æндæр бæстæты фæсивæды минæвæрттимæ цавæр ахастытæ ис, уыдон тыххæй:

– Æз дæр зæгъдзынæн уый, æмæ Уæрæсейы æмæ Абхазы фæсивæды минæвæрттимæ нæ ахастытæ кæй райдыдтой 2015 азæй, ома, нæм уæд нæ республикæмæ æрцыдис «Фæсивæдон дунеон центр»-ы генералон директор Алексей Любцов. Уый фæстæ Абхазы стыр форумы та фембæлдыстæм сæ республикæйы æмæ фæсивæдон комитеты къухдариуæггæнджытимæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдтам æнгом куыст кæнын.

Уæрæсейы Федерацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентадимæ æмгуыст кæныны фæстиуджытæм гæсгæ махæн ис квота уæрæсейаг алыгъуызон форумты хайад исыны тыххæй, цыран хайад хъуамæ исой 130 адæймаджы бæрц. Хъыгагæн, нæ фæсивæды минæвæрттæй форумты хайад исынмæ уыйас не ‘ртымбыл вæййы. Фæлæ ацы хъуыддаг мæнмæ гæсгæ тагъд аиуварсгонд æрцæудзæнис, нæ фарсмæ фæсивæды нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæй кæны, уымæ гæсгæ. Ныфс мæ ис, ахæм форумты нæ фæсивæд сæхи цæттæйæ кæй равдисдзысты. Ныры онг дæр нæ фæсивæды минæвæрттæ хайад цы форумты райсынц, уым сæхи равдисынц тынг хорз.

Фæсивæдон активы скъолайы куысты нысаниуæг æмæ сын сæ дарддæры архайдæн цы ахъаз фæуыдзæнис, уый дæр нæ фæсивæды минæвæрттæ æвиппайды бамбæрстой.

Нæ дарддæры плæнтты тыххæй та мæ фæнды зæгъын уый, æмæ абон уал нæ организацийы уæнгтæ цы проекттæ бакуыстой, уыдон цæттæ кæй уыдзысты сæрдмæ.

Ацы аз ма 14-22 октябры Сочийы уагъд цæудзæнис Фæсивæды æмæ студентты дунеон фестиваль. Ацы фестиваль 1985 азæй фæстæмæ Уæрæсейы территорийыл уагъд никуыуал цыдис. Хайад дзы райсдзысты 25 мин æвзонг адæймаджы дунейы æппæт бæстæтæй. Фестивалы махæй хайад хъуамæ райсой 100 адæймаджы. Уый тыххæй мах нæхи тынг хорз бацæттæ кæнын хъæуы, цæмæй нæ фæсивæды минæвæрттæ дунейы æмвæзадыл сæхи равдисой тынг хорз æмæ та ногæй Ирыстоны ном дардыл айхъуысын кæной.

Æз ма зæгъдзынæн уый, æмæ Президент æмæ Хицауады аудындзинады руаджы адæймагæн хи тыхты руаджы бирæ бантысы саразын. Сымах дæр махыл баууæндыдыстут, нæ архайд æмæ нæ куысты фæстиуджытимæ куы базонгæ стут, уæд. Уымæ гæсгæ уын нæ куыстæй уæ зæрдæ рухс кæндзыстæм.

Фæсивæды минæвæрттæн бузныджы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леонид се ‘ууæнчы тыххæй, стæй ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгадæн йæ хæс у æмæ фæсивæды раст фæндагыл лæууын кæна æмæ нын мæнмæ гæсгæ æнтысгæ дæр кæны, уымæ гæсгæ нæ хъæуы æмразыйæ кусын.

Президент Тыбылты Леонидмæ «Ног фæлтæр»-ы къухдариуæггæнджыты бафæдзæхста, цæмæй иннæ фæсивæдон организацитæ æмæ хицæн къордтимæ дæр кæной æмгуыст. Йæ ныхас ма адарддæр кодта, ахæм хъуыдыйæ, зæгъгæ, нæ фæсивæд хъуамæ уой æнгом, зоной сæ хæстæ, уæд уыдон сомбонæн æрæвæрдзысты фидар бындур.

Президенты ацы хъуыдыйы фæдыл Фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-ы минæвæрттæ загътой, зæгъгæ, уыдон æнгом куыст кæнынц нæ республикæйы фæсивæдон поли-тикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеттимæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон советимæ æмæ æндæр фæсивæдон къордтимæ дæр.

Фембæлды дыккаг хай та презентаци æрцыдысты, «Ног фæлтæр»-ы минæвæрттæ цы ног социалон нысаниуæгджын проекттæ бакуыстой, уыдон. Уыцы проекттæй сæ иу уыдис «Дворик детства». Проекты хъуыды æмæ йæ хæстимæ нæ бæстæйы сæргълæууæджы базонгæ кодтой Хъуылымбегты Давид æмæ Дыгъуызты Аленæ. Сæ проектты руаджы сæ фæнды саразын нæ горæты Мæскуыйаг микрорайоны сывæллæттæн чысыл хъазæн фæзуат. Ацы хъуыды сæм равзæрдис, Дыгъуызты Аленæ ацы микрорайоны кæй цæры æмæ æвзонг мæдтæ ацы проблемæйыл кæй æмбæлынц, уымæ гæсгæ. Уыдон развæлгъау æппæт бахынцыдтой – йæ бынат æмæ йæ хæрдзтæ дæр. Микрорайоны цæрджытæ сæхæдæг дæр цæттæ сты сæ фарсмæ балæууынмæ. Афтæ ма «Ног фæлтæр»-ы фæнды, цæмæй уыцы районы скъолайы хистæркъласонтæ дæр хъазæн фæзуат аразыны рæстæджы райсой хайад.

Организацийы уæнгты планы ма ис Мæскуыйаг микрорайоны фæстæ, æндæр рæтты дæр ахæм хъазæн фæзуæттæ саразын.

Дыккаг проект та сын у «Зеленый город». Уыимæ та Президент æмæ æрæмбырдуæв-джыты базонгæ кодтой Хъоцыты Сергей æмæ Батиаты Анна-Мария. Ацы проекты авторты та фæнды, цæмæй кæддæр нæ чысыл горæт куыд цъæхвæлыст уыдис, ахæм уагмæ та йæ æркæной. Фæстаг азты нæ горæты арæзтадон куыстытæ фондз азæй фылдæр кæй цыдысты, уымæ гæсгæ бирæ бæлæстæ бахъыгдард æмæ бахус сты, уый та æвзæрæрдæм æндавы экологийыл. Ныр ацы проблемæ аиуварс кæныны тыххæй ацы проектты авторты фæнды нæ горæты уынгты талабæлæстæ ныссадзын.

Уыдон куыд загътой, афтæмæй талатæ садзын райдайдзысты ацы аз 8-æм мартæй æмæ уыдон бахатыдысты нæ Президентмæ, цæмæй уый ацы бон ныссадза фыццаг бæлас РХИ-йы адæмон артисткæ Галуанты Людæйы номыл.

Проект «Зеленый город»-ы фæлгæтты талатæ садздзысты алыгъуызон акциты руаджы. Хайад сæ исдзысты фæсивæды алы кары минæвæрттæ дæр. Фылдæр та скъолаты хистæркъласонтæ, цæмæй уыдон фидæны сæ сывæллæттæн сæрыстырæй æвдисой сæ сагъд бæлæстæ.

Проектмæ гæсгæ уал равзæрстой, бæлæстæ нæ горæты цы бынæтты сагъд нæй, уыдон.

«Зеленый город»-ы проектты хайадисджытæ ма æмкуыст кæнынц горæты администраци æмæ æвзонг натуралистты станцимæ дæр.

Фембæлды рæстæджы ма базонгæ сты æртыккаг проект «Сохраним источники»-имæ дæр. Проектты тыххæй æрдзырдта Джиоты Любæ. Ацы проекты фæлгæтты та йæ хайадисджыты фæнды нæ республикæйы районты суадæтты æмæ  суæртты æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ сæ сыгъдæг дарын. Ахæм мадзæлтты ма сæ фæнды, цæмæй районты фæсивæд дæр райсой активон хайад.

«Ног фæлтæр»-ы минæвæрттæ ма ноджы Президент Тыбылты Леониды базонгæ кодтой фæстаг докладимæ дæр. «Клуб квестов» – æрдзырдтой йыл Мулдарты Игорь æмæ Кокойты Виктория. Проекты нысан у, цæмæй фæсивæды сæрибар рæстæг æрвитынæн мадзæлттæ цæттæ кæной. Йæ фæлгæтты ма уагъд цæудзысты алыгъуызон цымыдисон хъæзтытæ фæсивæдон къордты ‘хсæн, логикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, физикон хъомылады хайад исын æмæ æндæр ахæмтæ. Фæсивæдæн ацы проектты руаджы райтынг уыдзæнис куыд логикон хъуыдыкæнынад, афтæ ма физикон æмæ спортивон зонындзинæдтæ. Проекты хæстæй ма иу у националон хъæзтытæ æмæ нæ историйы фарстытæ ахуыр кæнын.

Æппæт ацы проекттимæ лæмбынæг базонгæ уæвыны фæстæ  нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид загъта, зæгъгæ, иууылдæр сты æнæмæнгхъæуæг æмæ нысанмæздæхт. Уый сын ныфс бавæрдта, сæ реализаци кæныны тыххæй сæ фарсмæ кæй балæудзæнис.

Фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-ы уæнгтæм ма ис ноджы дарддæр ног проектты бакусыны фæнд дæр. Уыдонимæ дæр базонгæ кодтой нæ республикæйы Президенты.

Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы фæныхас кодта Тыбылты Леонид «Ног фæлтæр»-ы уæнгтимæ. Уый ма сын йæ фембæлды рæстæджы сæ архайды тыххæй загъта ноджы бирæ бузныджы ныхæстæ. Стæй ма Президент ноджы банысан кодта, зæгъгæ,  хорз у бирæ идеятæ уæм кæй ис, уый. Фæлæ уæ куыст цæмæй ноджыдæр æнтыстджындæр уа, уый тыххæй хъæуы бирæ кусын. Сымах стут нæ фидæны ныфс, нæ республикæ дыууын азы дæргъы уæззау фæндæгтыл рацыдис, цæмæй йæ абоны уавæрмæ æрцыдаид, уый тыххæй нæ бахъуыдис бирæ фыдæбон кæнын. Йæ фидæн цæмæй ноджы хуыздæр уа, уый та сымахыл баст у æмæ уæ мах æвæрæм стыр ныфс, зæгъгæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.