РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Абхазы хæсты инвалидты делегацийы, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты 27-азы бæрæгбоны цытæн. Фембæлды ма хайад райста 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыцы цæфтæн æххуысы фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæ.

Бибылты Анатоли æгас цу загъта республикæйы уазджытæн æмæ сын загъта бузныг сæ балц æмæ Хуссар Ирыстонмæ сæ æдзухон хъусдарды тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бастдзинæдтæ, кæцытæн бындур æвæрд æрцыд æнусты размæ, хъуамæ рæзой æмæ фидардæр кæной, уæлдай бæрзонддæр æмвæзадмæ хизгæйæ.

«Бæрæгбонтæ, кæцытæ уагъд цæуынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны, æз нымайын иумиагыл. Уымæн æмæ мах Абхазимæ стæм куыд фаззон-паддзахадтæ, афтæ, кæцытæ рацыдысты иу фæндагыл. Не ‘нгом бастдзинад мах хъуамæ дæттæм кæстæр фæлтæр-тæн, цæмæй уыдон зоной, мах кæрæдзиимæ куыд æввахс стæм, уый. Мæ дада мын алыхатт дæр дзырдта, зæгъгæ, абхазæгтæ не ‘фсымæртæ сты, æмæ æз та, мæ рады, афтæ дзурдзынæн мæ сывæллæттæн. Стыр бузныг, кæй æрцыдыстут æмæ Хуссар Ирыстонмæ, уæ хæларадон ахасты тыххæй», – загъта Президент.

Уый ма раарфæ кодта 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыцы цæфтæн  æххуысы фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæйæн абхазаг коллегæтимæ æнгомæй кæй æмгуыстад кæны, уый тыххæй.

Йæ рады, горæт Гудауты инвалидты ассоциацийы сæрдары хæдивæг Ирина Папба бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, афтæ хъармæй сæ кæй райста, уый тыххæй.

«Горæты минæвæртты номæй арфæ кæнын уе ‘ппæтæн дæр уæ бæрæгбоны цытæн. Ноджыдæр дын бузныг зæгъын уый тыххæй дæр, æмæ нæ абон дæхимæ кæй райстай фыццæгты нымæцы. Махæн уый стыр кад у. Кæд Хуссар Ирыстонмæ фæндаг дард у, уæддæр уый зонгæйæ, зæгъгæ, цæуæм не ‘фсымæртæм, фæндаг кæны цыбырдæр», – загъта уый.

Фемæблды кæрон уазджытæ Президентæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.