12 июлы РХИ-йы Пезидент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Никарагуайы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Хуан Эрнесто Васкесы.

Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Хуан Эрнесто Васкес æууæнчы гæххæтт радта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидмæ.

Химæрайсты хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты Андрей.

Церемонийы рæстæджы Президент æгасцуай загъта Хуан Эрнесто Васкесæн æмæ раарфæ кодта уымæн дæр æмæ Никарагуайы къухдариуæгад æмæ адæмæн дæр сæ национ бæрæгбон – Сандинистон революцийы боны цытæн.

«Хуссар Ирыстоны уын æгасцуай зæгъын мæнæн æхсызгон у. Мах бузныг стæм уæ бæстæйæ, нæ паддзахады хæдбардзинад нын кæй банымадта, уый тыххæй. Уæдæй фæстæмæ нæ паддзахадты ‘хсæн сырæзтысты хæларадон ахастытæ æмæ мæ ныфс ис, уыцы ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзыстæм, уымæй. Абоны къухдариуæгады хæс у, нæ паддзахадты ‘хсæн цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдон рæстæгæй рæстæгмæ ног мидисæй баххæст кæнын æмæ нæ паддзахадты æмæ адæмты баввахсдæр кæныны тыххæй фæндæгтæ агурын», – загъта Тыбылты Леонид æмæ цæвиттонæн æрхаста, 2013 азы Никарагуайы гастролты рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ыл никарагуайаг сценæмæкæсæг куыд зæрдиагæй сæмбæлд, уый.

«Æз хорз хъуыды кæнын, нæ паддзахадон ансамбль «Симд» Никарагуамæ куы ацыд, уæд никарагуайаг адæм нæ артисттыл куыд зæрдиагæй фембæлдысты. Нæ паддзахадты баввахсдæр кæныны фарстаты уæд ахсджиаг къахдзæф арæзт æрцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый банымайæн ис культурæйы сферæйы размæцыдыл. Иннæ фадгуыты дæр агурын хъæуы иумиаг интерестæ», – банысан кодта Президент.

Йæ рады Хуан Эрнесто Васкес Никарагуайы къухдариуæгады номæй арфæйы ныхæстæ загъта Тыбылты Леонидæн, сæ бæстæйы президентон æвзæрстыты фæстæ – фæззæджы йæ латинаг-америкæйаг республикæмæ фæхонгæйæ.

«Никарагуа кæддæриддæр хæцдзæн Хуссар Ирыстоны фарс», – бахахх кодта минæвар æмæ ныфс бавæрдта Президентæн Никарагуайы адæм æмæ къухдариуæгады ‘рдыгæй фидар фарсхæцынад æмæ солидарондзинадæй.

«Ам уæвын æз кадыл нымайын. Æз уæ республикæйы дæн цыппæрæм хатт. Фыццаг хатт æрцыдтæн 2010 азы. Уæд федтон пырхæнтæ, кæцыты йæ фæстæ ныууагъта хæст. Фæлæ уый фæстæ алы æрцыды рæстæджы дæр фенын, куыд рæзы Хуссар Ирыстон. Нырма бирæ аразинæгтæ ис, фæлæ æз уынын, сымах цæут раст фæндагыл, кæцы уын уæ адæмы æркæндзæн хæрзиуджытæм», – загъта Хуан Эрнесто Васкес.

Тыбылты Леонид Никарагуайы адæмæн загъта размæцыд æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ æмæ бахатыл Хуан Эрнесто Васкесмæ, цæмæй бузныджы ныхæстæ фæхæццæ кæна Никарагуайы Президент Даниэл Ортегамæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.