Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн бæстæйы тыхон структурæты минæвæрттимæ фембæлды хыгъд радтой республикæйы криминогенон уавæр æмæ хъуыстгонд фыдракæндты фæдыл фæдагурæн мадзæлттæ куыд цæуынц уый фæдыл.

Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджыты хайадистæй инциденты тыххæй фæдысгæрст куыд цæуы, уый тыххæй президентæн радзырдта Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей. Ацы хъуыддаджы тыххæй æрмæджытæ æмбырд сты, инциденты хайадисджытæ æрцыдысты фарст. Проблемæ æрмæстдæр уый мидæг ис, æмæ инциденты æфхæрдбаййафæг æмбæстаг ницы бæлвырдгæнæнтæ дæтты.

Битеты Сергей радзырдта Генералон прокуратурæйы кусæджы хайадистæй инцидент куыд бæрæг цæуы, уый тыххæй. Уый барвæтк хъахъхъæнæг органтæ æрурæдтой, хæдтулгæ нозтджынæй куы скъæрдта, ахæм уавæры. Уыцы хъуыддаджы фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонон органтæм. Прокуратурæйы кусæг йæхæдæг иуварс æрцыд органтæй.

Бæстæйы сæргълæууæг бацымыдис кодта, йæ æнæниздзинадæн уæззау зиан æрхæссыны фæстиуæгæн чи фæзиан, уыцы æфхæрдбаййафæг Куымæридтаты Сæрмæты амæлæты фæдыл уголовон хъуыддаг куыд уагъд цæуы, уымæ.                                                                                                                                                                                                                                                                                                                           Битеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ уагъд хъуамæ æрцæуа видеотехникон экспертизæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады иумиаг Информацион-координацион центры. Фæстиуджытæ райсыны фæстæ хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн тæрхондонмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй ацы фарстыл лæмбынæг куыст æрцæуа.

Битеты Сергейы информацимæ гæсгæ Дзабиты лæппуйы тыххæй хъуыддаг нырма æркæсынмæ ис тæрхондонон органтæм.

Прокуратурæйы минæвар ма информаци сарæзта хъахъхъæнынады министрады территорийыл объектты арæзтады фæстиуæгæн цы æхцайы фæрæзтæй нысанмæздæхтæй не ‘рцыд пайда, уыдон фæдыл сгарæн мадзæлтты тыххæй. Контролон-нымайæн палатæйæ сæм цы æрмæджытæ бацыд, уыдон фæдыл Генералон прокуратурæ бакодта дыууæ уголовон хъуыддаджы. 10-15 боны æмгъуыдмæ бацæттæ æрцæудзæн лæмбынæгдæр гæххæттытæ.

Уымæй дарддæр ма прокуратурæйы æркæсынмæ ис Хуссар Ирыстоны Социалон-экономикон рæзты инвестицион программæйы æмархайды проекттæ реализаци кæныны фæдыл ПУК «Во-доканал» цы куыстытæ æххæст кодта, уым фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæй не ‘рцыдысты, уыцы фарст дæр.

Битеты Сергей куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уагдон ныридæгæн сахуыр кодтой Уæрæсейы Федерацийы хъазнæйон басгæрсты акт. Уый уагъд цыд 2019 азæй 2022 азмæ. Æмæ ныртæккæ æрæвнæлдæуыд уый бæрæг кæнынмæ. Бæрæг цæудзысты 52 организацийы, уыдон сты бюджетон фæрæзты сæйраг дихгæнджытæ. Ныфс бавæрдта, ацы хъуыддаджы тыххæй президентæн информаци лæвæрд кæй цæудзæн алы дæс боны фæстæ.

Битеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ ма бæрæг хъуыддæгтæ бæстон æмæ арæзтадон экспертизæтæ снысан хъæуы Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы.

Аивгъуыйгæ къуырийы криминогенон уавæры тыххæй президент байхъуыста мидхъуыддæгты министры хæдивæг Тадтаты Петыры докладмæ. Бæстæйы сæргълæууæг хъусдард аздæхта уынгты паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ фæндагон змæлды æдасдзинад куыд хъахъхъæнынц, уыцы фактмæ.

Президенты ныхæстæм гæсгæ уыдон Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордимæ иумæ патруль кæнынц уынгты. Паддзахадон автоинспекцийы кусæг рейдон мадзæлтты рæстæджы маши-нæ куы бауромы, уæд сæрмагонд къорды кусæг инспекторы разæй машинæмæ æввахс бацæуы бæлццонмæ здæхт табелон автоматимæ. Норматæм гæсгæ уый раст нæу.

Уымæ гæсгæ бæстæйы сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй ацы фарстмæ лæмбынæг хъусдард здæхт æрцæуа.

Контролон – нымайæн палатæйы куысты фæдыл та рабадты рæстæджы хыгъд скодта йæ сæргълæууæг Гæбæраты Геннади. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ПУК «Дорэкспострой»-ы финансон-хæдзарадон архайд бæрæг кæныны рæстæджы хынцыд æрцыдысты 170 милуан сомæй фылдæр фæрæзтæ давд кæй æрцыдысты, ахæм цаутæ.

Куыстыты аргъ фæфылдæр кодта 56 милуан сомы бæрц горæт Цхинвалы хиды арæзтады халæн цаутæ хынцыд кæй æрцыд æмæ æндæр фирмæтæй битум амал кæныны хъуыддаг. Бæрæг ма æрцыд ахæм факттæ дæр æмæ хи техникон фæрæзтæ уæвгæйæ ма хуынд æрцыдысты æххуырст техникæ дæр – уый фæстиуæгæн зиæнттæ та сты 17 милуан сомы.

Рабæрæг ма ахæм факттæ дæр æмæ Инвестицион программæйы фæлгæтты кæронмæ цы объекттæ арæзт не ‘рцыдысты, уыдон фæдыл хæрдзтæ та сты 16 милуан сомы бæрц. 14 милуан сомы бæрц та уагдон фесæфта, æрмæджытæ амал кæныны нысанæн æргътæ бæрæг фылдæр кæй уыдысты, уый фæстиуæгæн.

Нымайæн палатæйы сæрдар банысан кодта, басгæрсты акт кæронмæ цæттæ кæй уыдзæн дыууæ къуырийы фæстæ, æмæ уый фæстæ æрвыст æрцæудзæн Генералон прокуратурæмæ.

Гаглойты Алан бахæс кодта, цæмæй бæрндзинадмæ конд æрцæуой давыны цауты æппæт хайадисджытæ æмæ фæрæзтæ фæстæмæ æрбаздахой. Уымæн æмæ бюджетон фæрæзтæ цыдысты кæйдæр дзыппытæм.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады планмæ гæсгæ цы мадзæлттæ уагъд цæуы, уыдон фæдыл президентæн радзырдта министры хæстæ æххæстгæнæг Виктор Федоров. Уый разы нæу æхсæнады цы информаци апарахат ууыл, зæгъгæ, хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджыты иу къорд сæ куыстæй сæрибар æр-цыдысты.

«Иу адæймаг дæр сæрибар не ‘рцыд службæйæ. Авд адæймаджы фæнды рапорттæ ныффыссын, фæлæ уыдон дæр нырма ахæм фæндон нæ райстой», – баныса кодта Федоров.

Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мураты информацимæ гæсгæ иумиаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ таможнæйон æмбырдтæ фылдæр кæнынц. Фæлæ кæд авд мæйы планмæ гæсгæ бюджетмæ хаст хъуамæ æрцыдаит 88 милуан сомы, уæд уыдон сты æрмæстдæр 15 милуан сомы бæрц. Уыцы хъуыддаг комитеты сæрдар бæтты акцизон товартæ кæй фæкъаддæр сты, уыимæ. Акцизтæ æмæ фиддонты фæдыл хæсты нымæц абоны онг у 56 милуан сомы. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы фæрæзтæ раздахыны фарстыл архайы бæстæйы Генералон прокуратурæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан бахæс кодта, цæмæй паддзахадæн хæсджын алы фирмæ дæр финансон фæрæзтæ бафида. Фæстиуджыты тыххæй та хыгъдтæ саразой фыстæй.

Битеты Сергейы куыд радзырдта, уымæ гæсгæ иу хæсджын фирмæмæ ахасты Генералон прокуратурæ ныридæгæн æрæмбырд кодта хъæуæг æрмæджытæ æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ арвитдзæн тæрхондонмæ.

Æввахс рæстæджы нæ республикæйы скъолаты райдайдзæн ахуыры процесс. Президент цымыдис кодта республикæйы скъолаты бæстыхæйтты зынгсирвæзты æдасдзинады фарстмæ. Уæлвæткон уавæрты министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæтæн бахæс æрцыд, цæмæй æнæрхъæцæй ахуырадон уагдæттæ бæрæг æрцæуой æмæ хъæндзинæдтæ рæстæгыл иуварс æрцæуой.

Сæ уагдæтты архайды фæдыл ма информаци сарæзтой Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан æмæ Æддагон развæдсгæрсты службæ.

                                    Нæ уацх.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.