Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста  И. П. Павловы номыл Санкт-Петербурджы фыццаг паддзахадон медицинон университеты ректор, Уæрæсейы зонæдты академийы академик, медицинон зонæдты доктор, профессор Сергей Багненкойы.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон  рæзты министр  Григори Кулиджанов, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон  рæзты министрады уынаффæгæнæг, медицинон зонæдты доктор, профессор Игорь Галь æмæ И. П. Павловы номыл Санкт-Петербурджы фыццаг паддзахадон медицинон университеты ректоры æххуысгæнæг Николай Разумный.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны æнæниздзинады сферæйы рæзты фарстытыл.

Уазджытæн салам зæгъгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, абоны фембæлд ноджыдæр фидар кæны, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуысткæнынады æмвæзад бонæй бонмæ кæй бæрзонддæр кæны, уый.

«Мах æрвылхатт дæр æнкъарæм нæ хæлæртты фарсхæцынад. Уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуысткæнынад бæрæгæй зыны нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады куыстыл, специалисттæ та рахызтысты ног, ноджы гъæдджындæр æмвæзадмæ», – загъта Президент.

Уыимæ иумæ ма Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, нырма бирæ саразинаг ис, фыццаджы фыццаг кадрты хъуыддаджы.

Йæ рады Сергей Багненко радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны  министр Вероника Скворцовайы комкоммæ бахæс-мæ гæсгæ.

Ректор банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады рæзты концепциимæ лæмбынæг базонгæйы фæстæ, бæрæгæй зыны хуссарирыстойнаг коллегæтимæ интеграцион процесс.

«50-минон цæрджытæн медицинон лæггæдты   алыгъуызон хуызтæ саразæн нæй.  Æгæрыстæмæй, æппæт хайадтæ куы саразæм, зæгъæм, къуындæг профилы хуызтæ, уæд уыдон уыдзысты афтид, сæ квалификаци нæ бавæрдзысты æмæ а.д. Фæлæ ис, цæрджытæм æввахс чи хъуамæ уа, æнæмæнгхъæуæг æххуысы ахæм хуызтæ», – загъта уый. Сергей Багненкойы ныхæстæм гæсгæ, травматологийы, кардиологийы, неврологийы, гинекологийы, хирургийы хайадтæ æнæмæнгхъæуæг сты æмæ хъуамæ уой иу бынаты. Экстренон æххуысыл дзургæйæ, уый фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, тагъд æххуысы 5 бригадæ æмæ иу реанимобиль æнæмæнгхъæуæг сты.

Фембæлды ма дзырд цыд республикæйы стырдæр медицинон уагдон – тагъд æххуысы хайады арæзтады тыххæй дæр.

«Ис тынг ахсджиаг социалон проект тагъд медицинон æххуысы стыр медицинон центры хайады  арæзтад, цыран пациентæн æвæрд цæудзæн дырыс диагноз, уый фæстæ æрвыст цæудзæн рынчындонмæ дарддæр хос кæнын-мæ. Ацы проект реализаци куы æрцæуа, уæд республикæйы медицинæйы æмвæзад сбæр-зонд уыдзæн дунейы стан-дартты онг», – банысан кодта Сергей Багненко.

Паддзахады сæргълæууæг республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджановæн бахæс кодта, цæмæй кусын райдайа ацы фарстыл.

Фембæлды кæрон æрæмбырдуæвджытæ кæрæдзийæн балæвар кодтой зæрдылда-рæн сувениртæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.