РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы хистæр Олег Говорунимæ. Уый республикæмæ æрцыд кусæгон балцы.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыдис Уæрæсемæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрæджыйы балцы фæстиуджытыл, афтæ ма социалон-экономикон рæзты инвестпрограммæ куыд æххæст цæуы æмæ арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уыцы фарстытыл.

«Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ нæ фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд бирæнымæц фарстытыл æмæ дзы рахастæуыд æвæрццаг фæндæттæ. Абон мах дарддæр кусæм нæ республикæйы æндидзынгæнæн æмæ æвæрццаг размæцыды фарстытыл. Фидарæй мæ уырны, ацы аз дæр иннæ азтау кæй уыдзæн æнтыстджын», — загъта Тыбылты Леонид.

Олег Говорун, бæрзонд æмвæзадыл цы фембæлд ацыд, ууыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Президент ныридæгæн радта бæлвырд æмæ конкретон хæслæвæрдтæ.

«Махæн лæвæрд æрцыд бæлвырд æмæ конкретон хæслæвæрдтæ уæ фембæлды фæстиуæгæн. Уыдоныл ныридæгæн куыст цæуы, алкæцы фарсты фæдыл дæр дзы куыст цæудзæн Уæрæсейы Хицауадимæ иумæ. Фидарæй мæ уырны, æввахсдæр рæстæджы нæ къухы кæй бафтдзæн æвæрццаг фæстиуджытæ», — загъта уый.

Уæрæсейаг политик ракодта, 2016 азы Инвестпрограммæйы фарстытæ куыд æххæст цæуынц, уый кой дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, объекттæ ныридæгæн финанстæй ифтонг цæуынц.

«Объектты арæзтады темптæ сты иттæг хорз, куыст ныридæгæн бæрæг у. Мæн ныфс ис, ацы аз дæр раздæры азтау æнтыстджын кæй уыдзæн. Бæрæг у, Инвестпрограммæ куыд æххæст цæуы, уымæ хъусдард кæй ис къухдариуæгады ’рдыгæй», — загъта Олег Говорун.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.