РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады делегациимæ, кæцы нæ республикæмæ æрцыд РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны фæткы тыххæй Сразыдзинад среализаци кæныны фæдыл фарстытæ бакусыны тыххæй.

Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты 2015 азы 18-æм марты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим æмæ РХИ-йы Æдасдзинады советы нымæрдар Уалыты Валери.

Бибылты Анатоли бахатыд, цæмæй йын фехъусын кæной Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн бакæнгæ æхсæнведомствойон куысты хатдзæгты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Сразыдзинады хынцыд æрцыд фарстыты алыгъуызон спектр, сæрмагондæй, æфсæддон службæйы оптимизацийы фæдыл, материалон-техникон ифтонгад æмæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджыты службæйы уавæртæ фæхуыздæр кæнын, афтæ ма куыстмызд фæфылдæр кæнын. Гассеты Ибрагим фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг коллегæтимæ дыууæ боны куысты рæстæджы æруынаффæ кодтам Сразыдзинады сæйраг пункттæ среализаци кæныны фæдыл иумæйаг хъуыдытыл.

«Уый уыд уæрæсейаг коллегæтимæ нæ фыццаг фембæлд, кæцыйы рæстæджы мах кæрæдзийæн радзырдтам нæ хъуыдытæ бæрæг фарстыты фæдыл. Нæ иннæ фембæлд, планмæ гæсгæ, уыдзæн Мæскуыйы, цыран махæн нæ бон суыдзæн ацы Сразыдзинад среализаци кæныны фæдыл фарстытыл лæмбынæг æруынаффæ кæнын», – загъта уый.

Уый тыххæй ма фехъусын кодта УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы минæвар, булкъон Валерий Гаптарь, кæцы сæйраг хатдзæгыл банымадта уæлæмхас Сразыдзинад среализаци кæныныл куысты райдиан.

«Ис чысыл проблемон бынæттæ, кæцытыл хъæуы уæлæмхасæй æруынаффæ кæнын. Мæскуымæ куы ныццæуæм, уæд Генералон штабы хистæрæн сдоклад кæндзыстæм, цыран ын алцыдæр радзурдзыстæм. Сæйраг у, ацы механизмыл кусын кæй райдыдтам», – загъта уый.

Президент Бибылты Анатоли бацымыдис кодта хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджыты проблемæмæ, кæцытæн нæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад, фæлæ фæнд кæ-нынц уæрæсейаг æфсады службæ рацæуын.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим банысан код-та, зæгъгæ, нын ацы фарсты фæдыл баххуыс кодта РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Ацы проблемæйыл кусы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар, мах ын радтам не ‘фсæддон службæгæнджыты бæрæггæнæнтæ æмæ нын ба-ныфсæвæрдта æмбæстагдзинад радтыны фæдыл процесс фæтагъддæр кæнын», – загъта Гассеты Ибрагим.

Уæрæсейаг æфсады службæйы тыххæй дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта карз дисциплинæ бахъахъхъæныны ахсджиагдзинад. Уый фæдыл бахæс кодта Хъахъхъæ-нынады министр Гассеты Ибрагимæн, цæмæй фылдæр хъусдард аздаха, уæрæсейаг æфсады рæн-хъытæм хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджыты равзæрстмæ.

«Курæг уæ дæн, цæмæй Хъахъхъæнынады министрады фарсы ‘рдыгæй стырдæр хъусдард здæхт цæуа уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы службæ рацæуыны фарсты-тæм, мониторингмæ, не ‘фсæддон службæгæнджытæ службæ куыд цæуынц, уымæ, цæмæй æрвыл бон дæр  æмгуыст  кæнат  уæрæсейаг   4-æм æфсæддон базæимæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæджы ма цымыдис кодта  æхсæнведомство-йон Сразыдзинады реализацийы кæройнаг æмгъуыдты фарст.

Валерий Гаптарь фехъусын кодта, зæгъгæ, юридикон нормæтæм гæсгæ, Сразыдзинад среализаци кæныныл кæронмæ бакусынæн лæвæрд цæуы æхсæз мæйы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ йæ куы сратификаци кæна, уыцы бонæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент Сразыдзинад сратификаци кодта 21-æм июлы.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.