РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты бакуыстгонд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центр саразыны тыххæй Уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй.

Фембæлды ма уыдысты РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, УФ-йы Президенты Администрацийы минæвæрттæ.

«Абон мах сарæзтам серьезон къахдзæф Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд реализаци кæнынмæ, кæцы цæуы хорз темптæй æмæ сфидаргонд графиктæм гæсгæ. Чысыл раздæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубов сæ къухтæ æрфыстой Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центр саразыны фæдыл уæлæмхас сразыдзинадыл», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты органты æмархайд дзуапп дæтты дыууæ бæстæйы интерестæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, ацы сразыдзинад бацæттæ кæныны хайад чи райстой, уыдонæн иууылдæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй гъæдджынæй архайа информацион-координацион центр, уый тыххæй дарддæр хъæуы кусын æндæр сразыдзинæдтыл Мидхъуыддæгты министрады хаххыл, сæрмагондæй та – центры аразыны фæтк  æмæ йæ архайд финанскæныны фарс-тыты фæдыл.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы уæрæсейаг коллегæтимæ уынаффæ цыдис  сæйраг бадзырдмæ æндæр уæлæмхас сразыдзинæдты реализацийы фарстытыл, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынадон ведомствоты æмархайды фæдыл сразыдзинæдтыл, кæцытыл, паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, къухтæ фыст æрцæудзысты æввахс рæстæджы.

Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубов йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Паддзахады Сæргълæууæгæн, ацы сразыдзинад аразыны рæстæджы активон хайад кæй иста, кæцыйы фæстиуæг ссис «кусæгон документ æмæ  дзы бæстон æрцыдысты æппæт фарстытæ дæр, кæцытæ фадат дæттынц, æввахсдæр рæстæджы информацион-координацион центр аразыны фæдыл куыст райдайынæн».

«Мæн фæнды банысан кæнын, абон мах сымахимæ кæй сарæзтам реалон къахдзæф, æрмæст хъахъхъæнынады иумæйаг тыгъдад саразынмæ нæ, фæлæ æдасдзинады дæр. Нæ ведомствотæ куыстой, кусынц æмæ кусдзысты, æнгом æмархайд кæнгæйæ. Мах позитивон аргъ кæнæм уыцы куыстæн, кæцыйы бакодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты минæвæрттæ. Мæн ныфс ис, сымахимæ иумæ хорз цæвиттон кæй равдисдзыстæм, куыд хъæуы кусын иумæ фыдракæнддзинады ныхмæ тохы æмæ къухты позитивон фæстиуджытæ куыд хъæуы бафтын кæнын, нæ партнерты конституцион æнæхъæн-дзинад æмæ юрисдикцимæ нæ фæныхилгæйæ», – загъта уый.

Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад ифтонг кæнынмæ йе стыр бавæрды тыххæй, закъондзинад æмæ барвæтк хъахъхъæныны Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæн активон æххуысы тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовы Президент схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.