15-æм марты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы уыд Цхинвалы районы Хелцуа, Сатихъар æмæ Дменисы хъæуты. Президентимæ уыдысты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, Фæндæгты арæзтады æмæ сæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуызыттаты Эдуард, Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид æмæ Президенты Администрацийы контролон управленийы хистæр Къодоты Таймураз.

Хелцуайы хъæуы Культурæйы хæ-дзармæ æрбацыдысты хъæубæсты адæм. Сатихъары хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дыгъуызты Никъала куыд загъта, афтæмæй: «Фæстаг фондз аз нæ республикæйы æрцыд бирæ позитивон ивындзинæдтæ, æрмæст паддзахадон инфраструктурæ сæндидзын кæныны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы Федерацимæ æмæ æндæр хæларадон бæстæтимæ ахастытæ фидар кæнынмæ дæр. Акæсæм ма, куыд рæзы цадæггай нæ республикæ! Фæндæгтæ, административон агъуыстытæ, скъолатæ, сабидæттæм кæсгæйæ зæрдæ рухс кæны. Æххæст цæуы, Президенты сæрмагонд уынаф-фæмæ гæсгæ ист программæ «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ. Мах дæр дзы æнæхай нæ фестæм уыцы хæрзиуæгæй».

Уый фæстæ ныхасы рацыд паддзахады сæргълæууæг. «Æз абон сымахмæ, куыд президентон æвзæрстытæм кандидат, афтæ ‘рбацыдтæн. Мах нырма фембæлдзыстæм æмæ уый фæдыл ныхас кæндзыстæм. Куыд паддзахады сæргълæууæг, афтæ мæн фæнды сымахимæ адзурын абон республикæйы уавæрыл».

Дарддæр Тыбылты Леонид æрдзырдта, фæстаг азты республикæ цы фарстатыл куыста, политикæйы фадыджы йæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд æмæ дарддæр дæр цы фарстатæм хуыздæр цæудзæнис хъусдард, уыдæттыл. «Уæрæсейы Федерацимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы бадзырды фæлгæтты фæстаг азты республикæ рæзтис Уæрæсейы æххуысы руаджы. Мах дарддæр дæр кусдзыстæм ацы фæ-дыздæхты. 21-æм марты Мæскуыйы фембæлдзынæн Владимир Путинимæ æмæ мæн ныфс ис, кæй та бадзурдзыстæм Ирыстоны хæрзиуæгæн къорд ахсджиаг фарстатыл. Уымæй уæлдай ма фембæлд уыдзæн, 2017-2018 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Æхсæнхицауадон къамисæн. Уыдон дæр æркæсдзысты æмæ сбæрæг кæндзысты, ноджы цы фарстатыл куыст æрцæудзæнис ацы дыууæ азы».

Паддзахады сæргълæууæг æрдзырдта, 9-æм апрелы цы президентон æвзæрстытæ уагъд хъуамæ æрцæуой, уый тыххæй дæр. Стæй ма, ныртæккæ нæ горæты цы негативон цаутæ цæуы, уыдоныл дæр. «Нæдæр куыд æмбæстаг, нæдæр куыд паддзахады уæлдæр бынаты кусæг адæймаг, афтæ мæ бон нæу Уæлдæр тæрхондоны системæйы хъуыддæг-тыл æндавын. Куыд зонæм, афтæмæй ацы бонты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон йæ тыхы ныууагъта ЦÆК-ы рæхæсгæ фæндон. РХИ-йы раздæры Президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ æрбацыдысты Администрацийы бæстыхайы цурмæ æмæ домдтой, цæмæй тæрхондоны фæндон ивд æрцæуа. Уыдон раст хъуыддæгтæ не сты æмæ хорзмæ не ‘ркæндзысты никæйы», – дзырдта паддзахады сæргълæууæг.

Референдум ауадзыны тыххæй та загъта: «Йæ ауадзын сбæлвырд кодта рæстæг æмæ Цæгат Кавказы хицæн адæмты уагахаст. Уый тыххæй уынаффæ канд рæстæгыл нæу, фæлæ ма, æгæрыстæмæй, цасдæр бафæстиат кодтам.

Уымæн æмæ махæн бар нæй фесафæм нæ истори. Æмæ æз, куыд архайæг Президент, афтæ хæсджын дæн, ма ауадзон уыцы шанс æмæ адæмæн фадат радтон, нæ паддзахад Аланийы рагон ном раздахын, уыимæ уыцы номимæ Республикæ Хуссар Ирыстон дæр бахъахъхъæнын».

Кæронбæттæны, Тыбылты Леонид хъæубæстæн ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй æрбалæугæ президентон æвзæрстытæ уагъд æрцæуой стабилон уавæры æмæ дестабилизаци ма æрцæуа.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ фарстатæ лæвæрдтой бæстæйы сæргълæууæгмæ. Хелцуайы хъæуы цæрæг Тыбылты Леонидæн раарфæ кодта, ныртæккæ республикæйы сабырдзинад кæй ис æмæ адæмæн сæ бон кæй у кусын. «Нæ хъæу, 1990 азты Гуырдзыстоны азарæй цъыбыртты сыгъд бацис. Ныр ма акæсут, хъæу ногæй цæрдхъом у. Царды амæлттæ кæнæм, нæ сæйраг архайд та у дыргъгуыст. Фæлæ нын сæ реализаци кæнын у проблемон. Раздæрау арæныл хизгæйæ, æвзарæм зындзинæдтæ. Ацы фарстыл цыд бæрæг куыст, фæлæ уæддæр кæронмæ скъуыддзаг нæма æрцыд. Хорз уаид, ацы фарстмæ куы æркæсиккат».

Президентмæ лæвæрд цыд ноджы бирæ æндæр фарстатæ дæр, кæцытæ тыхсын кæнынц хъæубæсты.

Президенты управленийы сæргълæууæг  Къодоты Таймураз йæхимæ фæнысан кодта, уыдонæй иууыл актуалондæрты.

Уый фæстæ Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ бацыдысты Сатихъары иумæйагахуырадон уагдонмæ, цыран сæм æнхъæлмæ каст бирæ адæм.

Уыдонимæ дæр Президент æрдзырдта хæларадон зæрдæйыуагимæ. «Президентæй кусын æнцон нæу, уæлдайдæр та фæсхæсты рæстæджы, фæлæ Уæрæсейы фæрцы махæн фæстаг фондз аз нæ къухы бафтыдис стыр æнтыстытæ. Ис афтæ зæгъæн, нæ царды æппæт къабæзты дæр. Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы бадзырды фæлгæтты республикæ рæзтис. Ацы бонты дæр та Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин хорзыл банымадта Хуссар Ирыстонимæ сразыдзинад республикæйы Гарзджын тыхты иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæнын. Уымæй дарддæр арæзт æрцыд проектон-сметæйон документаци, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмтгæй æрцæудзæнис газификаци. Уыцы хæрдзтæ йæхимæ райста Газпром», – дзырдта Тыбылты Леонид.

Президент радзырдта, республикæ ма цы проекттæ реализаци кæныныл кусдзæнис, Уæрæсейы Федерацийы æмæ не ‘мбæстæгтæй Уæрæсейы зæххыл амалиуæгадон куыст чи кæны, уыдоны æххуысæй. Президентон æвзæрстыты тыххæй дзургæйæ, банысан кодта: «Мах хъæуы бамбарын, республикæйы дарддæры рæзт кæнгæ кæй у æвзæрстыты цивилизацион æгъдауæй ауадзынæй. Цас стабилонæй ацæуой æвзæрстытæ, уыйбæрц кадджындæр уыдзыстæм канд Уæрæсейы цæсты нæ, фæлæ ма дунеон æмæхсæнады ‘хсæн дæр. Президентон æмгъуыды разамынд кæнгæйæ, æз цъус фæлтæрддзинад нæ райстон. Нæ мын уыд æрулæфт, суанг хуыцаубоны дæр. Æрмæст иу афæдз дыууæ къуыри уыдтæн улæфынмæ. Ныр дæр та кæд адæм сæ равзæрст мæныл саразой, уæд æз фæнд кæнын дарддæр дæр уыцы здæхты кусын. Æддагполитикон, æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ нæ республикæйы рæзтæн æппæт дæр аразын», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Сатихъары цæрджытæ бузныджы ныхæстæ загътой, Леонид Харитоны фыртæн йæ фондзазон куысты рæстæджы йын саразын цы бантыст, уый тыххæй. Скъолайы директор Уазæгты Ритæ куыд загъта, афтæмæй «Фондз азы нæ республикæйы бирæ хорз хъуыддæгтæ сырæзт. Сæрмагондæй нæ хъæуы цæрæн хæдзæртты æмрæнхъ сырæзт фæндаг, уынгты судзынц рухсытæ. Æрæджы та нæм сырæзт фельдшерон пункт, нæ фæсивæдæн та – диссаджы футболон фæзуат, тренажерон зал.  Донимæ нын иу чысыл проблемæтæ уыд, фæлæ та сымах фæрцы уый дæр кæд скъуыддзаг æрцæуид. Скъоламæ тынг йæ хъус дары не ‘мзæххон Гуызыттаты Эдард. Уый фæрцы скъола инвентарæй цух никуы вæййы. Æмæ уын хъæубæсты номæй зæгъæм стыр бузныг. Нæ зæрдæтæ уын зæгъынц, цæмæй уæ къухы бафта, президентон æвзæрстыты ног уæлахиз».

Президентмæ цы фарстытæ лæвæрд цыд, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты арæзтады фæдыл. Уый тыххæй Президент бамбарын кодта: «2008 азы цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдон сæндидзын кæныныл дзырд цæудзæнис Владимир Путинимæ нæ фембæлды рæстæджы. Республикæйы разамынад серьезонæй хъуыды кæны, тынг бæллиццаг чи нæу, уыцы демографион ситуацийыл. Растдæр уымæ гæсгæ хъæуты дæр арæзт цæудзæнис бирæфатерон хæдзæрттæ, сæрмагондæй, æрыгон бинонтæн. Афтæ ма арæзт цæудзысты ахуырадон æмæ æндæр социалон нысаниуæджы уагдæттæ дæр».

Дарддæр Президентмæ Дменисы хъæуы культурæйы хæдзары æнхъæлмæ кастысты канд Дменисы хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма ацы хъæуæй ацæугæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Арæзтады министр Икъаты Руслан дæр. Икъаты Русланы ном хорз хъуыстгонд у канд Цхинвалы районы нæ, фæлæ æгас республикæйы дæр. Йæ хæрзаудæн архайды руаджы нæ республикæйы сæйраг стадионы конд æрцыд тренажерон зал. Рог атлетикæйы федерацийы президент уæвгæйæ, стыр æххуыс кæны, сывæллæттæй спорты ацы фæдыздæхты цы спортментæ архайынц, уыдонæн дæр.

Дменисæгтимæ æмбæлгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, 2018-2019 азты республикæ хъуамæ рахиза ног рæзты æмвæзадмæ. Республикæйы хъæуты газификаци кæнын зынгæбæрцæй фæбæрзонддæр кæндзæн нæ цæрджыты æмвæзад. Хъæуты арæзт цæудзысты куыстуæттæ æмæ фæзындзæн куысты бынæттæ. Районты дæрддзæф хъæутæм цалцæг æрцæудзысты фæндæгтæ, арæзт æрцæудзысты ноджыдæр ахуырадон уагдæттæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ, бирæнымæц спортивон залтæ æмæ а.д.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта уый, æмæ, дам, кæд дыккаг хатт æвзæрст æрцæуон, уæд Президенты командæйы æрцæудзысты зынгæ ивындзинæдтæ. Уымæн æмæ алы командæйы дæр ис тыхджын æмæ лæмæгъ цæгтæ. Лæмæгъ цæгтимæ мах бахъæудзæнис кусын. Мæн, зæгъгæ, бафæнддзæнис мæ командæмæ уе ‘мзæххон Икъаты Русланы æрбахонын. Уыцы хъуыдыйыл дменисæгтæ фембæлдысты стыр æмдзæгъдимæ.

Сæ рады залмæ æрæмбырдуæвджытæ бузныг загътой Президентæн, сæ хъæумæ сын уæлдай хъарм ахаст кæй дары.

Паддзахады сæргълæууæг дзуаппытæ радта бирæнымæц фарстытæн æмæ алкæмæндæр ныфс бавæрдта, сæ куырдиæттæй иу дæр æнæхъусдард кæй нæ баззайдзæн, алкæцыйы тыххæй дæр лæмбынæг куыст кæй цæудзæн æмæ æмбæлон уынаффæтæ ист кæй æрцæудзысты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.