Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста, нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны цытæн нæ республикæмæ цы уазджытæ æрцыд, уыдоны.
Бæстæйы сæргълæууæг фембæлд Луганск æмæ Донецкы Адæмон республикæтæй æрцæуæг делегациты минæвæрттимæ. Фембæлды хайад райста РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.
Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы сконды уыдысты Адæмон Советы Сæрдар Денис Мирошниченко æмæ Адæмон Советы депутат Денис Колесников.
Донецкы Адæмон Республикæйы делегацийы сæргъ уыд фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Сергей Переседа.
Гаглойты Алан уазджытæн раарфæ кодта æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ, цæмæй бæрæгбоны цытæн Хуссар Ирыстоны адæмæн раарфæ кæной, уый тыххæй рæстæг кæй ссардтой æмæ нæ республикæмæ кæй æцыдысты, уый сæраппонд. Президент бузныджы ныхæстæ арвыста республикæты сæргълæуджытæ Леонид Пасечник æмæ Денис Пушилинмæ.
Президент параллелтæ сарæзта, сæ паддзахадон хæдбардзинадтæм Хуссар Ирыстоны æмæ Донбассы республикæты рацæугæ уæззау фæндæгты ‘хсæн. Банысан кодта республикæты ‘хсæн æмархайд кæй рæзы. Уыимæ иумæ ма загъта, зæгъгæ, Донбассы зæххыл уæ лæппутимæ уæхски-уæхск тох кæнынц ирон лæппутæ дæр.
«Мæн уырны уый, æмæ сæрмагонд операци логиконæй кæй фæуыдзæн æмæ уæ республикæтæ рæзты фæндагыл кæй æрлæудзысты», – загъта Гаглойты Алан.
Сæ рады Денис Мирошниченко дæр æмæ Денис Переседа дæр бузныджы ныхæстæ загътой Гаглойты Аланæн, кæй сæ фæхуыдта, уый тых-хæй, æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, сын Хуссар Ирыстоны адæм уал азы дæргъы сæ уæззау уавæр æмбары æмæ сын æххуыс кæны. Бузныг загътой, сæрмагонд хæстон операцийы хайад цы ирон хæстонтæ исынц, уыдоны тыххæй дæр.
***
Гаглойты Алан фембæлд Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ, кæцы республикæмæ æрцыд бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.
«Мах иу адæм стæм æмæ стыр аргъ кæнæм не ‘фсымæрон ахастытæн», – загъта Гаглойты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй æмгуыстад бæрзонддæр æмвæзадмæ систæуа, уый тыххæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн ис æппæт уавæртæ дæр.
Йæ рады Сергей Меняйло банысан кодта дыууæфарсон ахастыты рæзты тыххæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæн стыр перспективæты уæвынад.
Фембæлды хайад райстой РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин æмæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр совет»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбег.

***
Президент йæхимæ райста Националон политикæ æмæ дины хъуыддæгты фæдыл министр Энрик Муслимовы сæргълæудæй Республикæ Дагъыстаны делегацийы.
Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, 26 август Хуссар Ирыстоны адæмæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн бон у. «Цæмæй хæдбардзинад йæ къухы бафтыдаид, уый тыххæй Хуссар Ирыстон дыркъуым фæндæгтыл рацыд. Æмæ ацы фæндагыл мах кæддæриддæр æнкъардтам сымах æфсымæрон æххуыс. Уый тыххæй уын стыр бузныг», – загъта уый.
Энрик Муслимов дæр бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Президент æмæ адæмæн, загъта сын сабырдзинад æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ. Дыууæ республикæйы æмахастыты тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ рæзой æмæ рахизой ног æмвæзадмæ.
Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Джуссойты Алан.

***
Республикæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан фембæлд Кæсæг-Балхъары Республикæйы Нациты хъуыддæгты æмæ æхсæнадон проектты фæдыл министр Анзор Курашиновимæ.
Фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.
Уазæгæн бузныг зæгъыны фæстæ, Президент банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары адæмты хъарм æмахастытæ æмæ бирæазон хæлардзинад. Банысан ма кодта хъæууон хæдзарад æмæ социалон здæхты Кæсæг-Балхъары Республикæйы æнтыстытæ дæр, æмæ загъта, зæгъгæ, «уæ фæлтæрддзинад нæ бæстæйы размæцыдæн, æвæццæгæн, цæвиттон уыдзæн».
Йæ рады Анзор Курашинов бузныг загъта Гаглойты Аланæн æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæйы Сæргълæууæг Казбек Коковы номæй раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, загъта сын сабырдзинад æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.