РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Мæскуыйы кусæгон балцы уæвгæйæ, фембæлд Æмбæстагон хъуыддæгты, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Владимир Пучковимæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд къорд фарстатыл, сæрмагондæй, РХИ-йы Мобилизацион резерв саразынæн баххуыс кæныныл. Ацы фарстыл уынаффæ цыдис 2017 азы ноябры Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Президенттæ Владимир Путин æмæ Бибылты Анатолийы фембæлды рæстæджы дæр.

Афтæ ма дзырд цыдис РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады ирвæзынгæнæн авиацийæ, техникæ æмæ зынгхуыссынгæнæн фæрæзтæй сифтонг кæныны фарстытыл. Фембæлды фæстæ Владимир Пучков Бибылты Анатолийы базонгæ кодта Уæрæсейы Уæлвæткон ситуациты фæдыл министрады кризисон уавæрты разамынды Национ центры архайдимæ, афтæ ма базонгæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады кризисон ситуациты ацы центры бастдзинадимæ.

Фембæлды хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

 

* * *

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы сæргълæууæг Антон Вайноимæ.

Дзырд цыдис дыууæфарсон æмгуысткæнынады фарстатыл, кæцытыл уынаффæ кодтой Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путин сæ фембæлды рæстæджы 2017 азы ноябры.

Фембæлды хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.