Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат Джиоты Инал парти «Иууон Ирыстон»-ы регионалон хайады къухдариуæггæнæг Санахъоты Сосланимæ фембæлдысты Дзауы поселочы цæрджытимæ.

Фыццаджыдæр, Дзауы районы цæрджытæ раарфæ кодтой Санахъоты Сослан æмæ Джиоты Иналæн, республикон-политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар Бибылты Анатоли Ильяйы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

Фембæлды поселочы цæрджытæ банысан кодтой се скъуыддзагкæнинаг проблемæты тыххæй. Сæрмагондæй, цæрджыты цымыдис кодта Дзауы районы газификацийы фарст. Джиоты Инал цæрджытæн баныфс æвæрдта, районы газификаци кæнынмæ кæй æрæвналдзысты 2018 азы.

Цæрджыты ма тыхсын кодта донифтонгады фарст дæр. Афæдзы бæрц поселокмæ дон лæвæрд цæуы æнæстандартон графикмæ гæсгæ, афтæмæй та 2009 азы арæзт чи æрцыд, уыцы нырыккон донæмбырдгæнæн, дон æнæкъуылымпыйæ дæттыны тыххæй, у афтид æмæ паплой цæуы. Районы цæрджыты куырдиат уый мидæг ис, цæмæй донæмбырдгæнæн кусын райдайа æмæ дон æнæкъуылымпыйæ лæвæрд цæуа поселокмæ. Донифтонгады проблемæ тынг тыхсын кæны поселочы æппæт цæрджыты дæр.

Карзæй лæууы канализацийы æмæ сыгъдæггæнæн ифтонгадты фарст дæр, уæлдайдæр та сæрды рæстæджы. Растдæр уыдзæн зæгъæн, сыгъдæггæнæн ифтонгадтæ æмæ канализацион хызæгтæ районы æппындæр кæй нæ уæвынц.

Фæсивæды, амалиуæггæнджыты æмæ фермерты цымыдис кодта амалиуæгады субъектты льготон кредиткæнынады тыххæй фарст.

Депутат цæрджыты зæрдыл æрлæууын кодта, 2016 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент кæй бакуыста æмæ райста «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекты льготон кредиткæнынады тыххæй» закъон, кæцыйыл йæ къух æрфыста Президент Бибылты Анатоли.

Джиойы фырт банысан кодта, зæгъгæ,  ныртæккæ арæзт цæуы кредиткæнынады фонд æмæ йæ хъусдарæг советы сконды уыдзысты РХИ-йы Президенты, РХИ-йы Хицауады, РХИ-йы Парламенты æмæ РХИ-йы Амалиуæггæнджыты цæдисы минæвæрттæ.

Фонды хъусдарæг совет фыццаджыдæр, йæ къух араздзæн уыцы амали-уæггæнджытæн, кæцытæ архайынц кондады.

Депутат Джиоты Инал Дзауы районы цæрджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ, дзырд цы проблемæтыл цæуы, уыдонæн сæ фылдæрыл уынаффæ цыд Дзауы районы ног сæргълæууæг Магкоты Уырызмæгимæ æмæ ныфс бавæрдта æппæт банысангонд фарстытæ кæй фæхæццæ уыдзысты республикæйы разамынадмæ æмæ, гæнæнуæвгæйæ,  скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Фембæлды кæрон Джиоты Инал æмæ Санахъоты Сослан бузныг загътой фембæлдмæ æрбацæуджытæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты Бибылты Анатоли Ильяйы фырты æвварс кæй рахæцыдысты æмæ сæ активон æмбæстагон позицийы тыххæй.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.