Чырыстийы райгуырды ирд бæрæгбон махæн ныр 29 азы дæргъы баст у трагикон бонимæ. 1991 азы 6-æм январь у 1989-1992 азты Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны  агрессийы райдиан.

1991 азы Цыппурсæй кæд 29 азы рацыд, уæддæр уыцы уæззау бонты цаутæ лæууынц нæ горæты цæрджыты зæрдыл, раст цыма знон уыдысты, афтæ.

Джиоты Азæ, нæ горæты цæрæг: «Никуы мæ ферох уыдзысты, уыцы уæззау бонтæ. 6-æм январы мын райсом раджы чидæр мæ фатеры дуар тынг æрбахоста. Мæ сыхаджы тыхстгъуызæй куы ауыдтон, уæд ма мын цы базонын хъуыд, гуырдзы цыдæр фыдбылыз кæй сарæзтой, уый. Уымæн æмæ уый размæ бонты цал æмæ цал хатты ссыдыстæм ТЭК-мæ сæ размæ, цæмæй сæ горæтмæ ма æрбауагътаиккам. Мæ сыхаг мын загъта, зæгъгæ, нæ горæты уынгтæ гуырдзиаг тыхæйисджытæй байдзаг сты æмæ, дам, нырма дæр сæ автобусты кæрон нæ зыны – цæуынц æмæ цæуынц. Фырдиссагæй ма цы акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, къуымты ма рауай-бауай кодтон. Мæ бинонты дæр сыхъал кодтон.  Мæ сыхагимæ Сталины уынджы ‘рдæм рацыдыстæм æмæ уынæм къахдзæфæй-къахдзæфмæ лæууынц гуырдзиаг лæгмартæ æд куыйтæ. Уыдон сæхи афтæ дардтой, цыма Хуссар Ирыстоны рæбинаг цæрджытæ уыдысты. Бынтон уынгæджыйы уавæры бахаудтой ирон хъайтар лæппутæ, уыдоны бахъуыд сæ Райгуырæн зæхх, сæ мæдты, хоты, сæ цардæмбæлтты бахъахъхъæныны сæр. Куы йæ бамбæрстой, æнæхонгæ уазджытæ барвæндонæй кæй нал ацæудзысты, уæд сфæнд кодтой горæтæй сæ фæсурын. Абоны онг дæр мæ зæрдыл лæууы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Джиоты Герсан тыхстæй йæ лæдзæджы æнцой куыд рауай-бауай кодта, уый. Уый хорз зыдта, хæст цы фæстиуджытæм æркæны, уый. Райсомæй хуссар кварталы æвзонг адæймæгты къорд, кæцыты разæй цыд Джиоты Герсан йæ лæдзæгимæ, аппæрста гуырдзиаг лæгмарты стыр хайы цалдæр сæдæ метрмæ сæ микрорайонæй. Ацы нывмæ чи каст, уыдон дисы бахаудысты. Горæты уынгты арæзт цыдысты баррикадæтæ бетонæй конструкцитæ æмæ змисимæ голджытæй. Æнæхонгæ уазджытæ кæд раздæр уæлдæфмæ æхстой, уæд куыдфæстагмæ райдыдтой адæмы æхсын. Уый фæстæ цы трагикон цаутæ  цыдысты, уыдон дардыл дзуринаг сты…

Хъоцыты Мæдинæ, Исахъы уынджы цæрæг:

«Гуырдзиаг лæгмартæ нæ чысыл горæтмæ кæй æрбацыдысты, уый базонгæйæ, мæ сыхагимæ нæхи аппæрстам Хъайтарты уынджы ‘рдæм. Кæсæм æмæ æнæхонгæ уазджытæ æд куыйтæ фæрсæй-фæрсмæ слæууыдысты иу рæнхъыл. Æз дзы иу гуыппыртæконд лæгæн афтæ, зæгъын, цæмæн нæм æрбацыдыстут, чи уæ фæхуыдта, цы уын баззад Хуссар Ирыстоны. Уый нæм кæсгæйæ баззад æнæдзургæйæ, фæлæ нæм уый хыгъд, цы куыдзыл хæцыд, уый ахæм къæпп фæкодта æмæ мах дæр цæуынмæ фестæм. Бамбæрстам æй, ам хъуыддаг хорз кæй нал у, уый. Æрбацыдыстæм фæстæмæ хæдзармæ, фæлæ зæрдæ кæм лæууы хæдзары бадын. Æмæ та фæстæмæ Хъайтарты уынджы ‘рдæм ацыдыстæм. Уæдмæ уым, Хъайтарты æмæ Исахъы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым цы цыппаруæладзыгон корпус ис, уый цур æрæмбырд бирæ адæм æмæ гуырдзиæгтимæ кæрæдзимæ дзырдæппарæнтæ кодтой. Куыд базыдтам, уымæ гæсгæ чысыл дæлдæр Октябры уынджы æрцахстой æмæ автобусмæ бакодтой сывæллæтты. Адæм домдтой, цæмæй сæ ссæрибар кодтаиккой. Нæ зонын, цас рæстæг рацыдаид, фæлæ уæдмæ куы райхъуысиккой автоматы æхстытæ. Адæм сæ сæрмæ алидзын нæ бахастой æви йæ æххæстæй не ‘мбæрстой, уый стыр хæсты райдиан кæй у, уыйау  сæ бынæтты лæууыдысты. Мах дæр сындæггай нæхи райстам уырдыгæй æмæ Хъайтарты уынджы цы магазин ис, уый цурмæ куы æрбахæццæ стæм, уæд нæ цурты лæгтæй чидæр хъæргæнгæ ралыгъд, зæгъгæ, хæст райдыдта æмæ мах дæр рахæссæм нæ хæцæнгæрзтæ. Уыцы ныхæстæ мæ нæ рох кæнынц абон дæр. Æмæ сæм хæцæнгæрзтæ та цы уыд, æгæрыстæмæй, милицийы кусджытæн дæр  уый размæ æруыгътой, цы æнæбары хæцæнгæрзтæ сæм уыд, уыдоны. 6-æм январы знаджы нæмыгæй фæмард милицийы старшинæ Коцты Гриша. Афтæ ма фæцæфтæ сты Тедеты Илык æмæ Цхуырбаты Иван. Стыр æхсызгонæн, уыдон аирвæзтысты сæрæгасæй, фæлæ сæ бахъуыд сæхицæн хос кæныны сæр дæргъвæтин рæстæджы. 7-æм январы гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй фæмард сты Габоты Мурат æмæ Бæгъиаты Станислав. 8 январы та райсом раджы  Цхинвалы цæрджытыл айхъуыст ноджы æвирхъаудæр, зæрдæриссæндæр хабар, кæцы нынкъуысын кодта хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæтæ. Хъæбатырæй фæмард, йæ фыдыбæстæ æнæкæрон уарзтæй чи уарзта, йæ радтæг адæмы аккаг фырт, патриот Тасойты Инал (Коммунист). Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой ацы хабар фехъусгæйæ, уымæн æмæ йæ хъæбатырдзи-нæдтæй йæ ном зындгонд уыд æнæхъæн Хуссар Ирыстоны. Хъуыддаг уый мидæг ис, 1989 азы 23 ноябры гуырдзиаг фашисттæ Цхинвалмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ куы цыдысты, уæд сæ разы уæндон æмæ хъæбатырæй чи æрлæууыд, уыцы лæппуты раззагдæр рæнхъыты сæрбæрзондæй лæууыд Инал дæр. 10-æм январы фæмардуæвджыты сæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой æнæхъæн горæты цæрджытæ. Згъудеры уæлмæрдмæ ссæуæнтæ кæй нал уыд, уымæ гæсгæ ныгæд æрцыдысты 5-æм скъолайы кæрты. Адæмы кæуынмæ къæдзæхтæ дæр рызтысты. Афтæмæй фæзынд ацы скъолайы кæрты ног уæлмæрд, цыран ныгæд цыдысты гуырдзыйы амæттæгтæ. Афтæ райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, кæцы ахаста 20 азы бæрц. Гуырдзиæгтæ тынг мæнгард кæй сты, уымæн æвдисæн сты уыцы цаутæ дæр æмæ 1991 азы 5-æм январы æмæ 2008 азы 8-æм августы дæр уыдон гадзрахатæй кæй æрбахылдысты фынæй горæтмæ. Мæнгард кæй сты, ууыл дзурæг ма у уый дæр, æмæ 1991 азы 5 январы Цхинвалы гуырдзиаг цæрджыты хай сусæгæй кæй ацыд горæтæй, æгæрыстæмæй тынг хæларæй кæимæ цардысты, уыцы сыхæгты дæр нæ бафæдзæхстой, афтæмæй. Ахæм у се ‘цæг цæсгом иууыл «гуманондæр» æмæ «сыгъдæгдæр» гуырдзиæгтæн.  Хуыцау ма ныббарæд гуырдзиаг лæгмартæн, ирон адæмæн цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон».

Хуыгаты Валя, Знауыры астæуккаг скъолайы директор: «6-æм январы районы цæрджытыл айхъуыст, зæгъгæ, афтæхуыйнæг гуырдзиаг милици районмæ æрбацыд цалдæр автобусыл. Фæстæдæр куыд базыдтам, уымæ гæсгæ уыдон æрбацыдысты фондз Икарусыл, кæцытæй дыууæ автобусы баззадысты Оконайы хъæуы æмæ дыууæ автобусы та æрбацыдысты поселокмæ. Семæ уыд Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады бæрнон адæймаг. Уый æмæ ма ноджы цалдæр гуырдзиаг милиционеры бацыдысты Знауыры районы мидхъуыддæгты управленимæ æмæ ныхас кодтой управленийы хистæр Табуйы фыртимæ. Изæры ‘рдæм сæ алыварс æрбамбырд сты лæппутæ æмæ сын загътой, зæгъгæ, кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм ацæут фæстæмæ æнæфыдбылызæй. Лæппуты фæндвидар цæсгæмттæм кæсгæйæ, уыдон бамбæрстой æвыдæй кæй нæ аирвæздзысты, уый, æмæ цæуынмæ фесты. Стыр æхсызгонæн, уæд ницы æнамонд цау æрцыд».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.