Хъайтардзинад равдисын æнцон нæу. Кæд бирæ хатт афтæ фæзыны, ома, ахæмæй ницы сарæзта, уæддæр йæ саразынæн хъæуы ныфсхастдзинад æмæ фердæхт. Бирæтæ хуымæтæг уавæрты дæр афтæ стыхсынц, æмæ сæхæдæг фæкæсинагдæр свæййынц. Уымæ гæсгæ адæймаг йæхи тыхст рæстæджы куыд дардзæнис, уый никуы фæзоны. Æмæ уыцы рæстæг куы ныллæууы, уæд йæ архайдимæ баст вæййынц йæхи æмæ ма искæй æнæниздзинад, кæйдæрты цард дæр.

Æрæджы нæ горæты Джиоты Аланы проспектыл бирæуæладзыгон хæдзары фатер ссыгъд. Æвæстиатæй йæм фæдисы ацыдысты æмбæлон службæтæ, уыдоны ‘хсæн – горæты милицийы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ дæр. Фадыгон инспектор Тедеты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, бынатмæ куы бацыдысты, уæд уым баййæфтой æввахс цæрæг сыхæгты, зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджыты æмæ патрулон экипажты.

«Мах бацыдмæ фæндагон змæлды инспектортæ ОМОН æмæ СОБР-ы кусджытимæ иумæ адæмы аиуварс кодтой, цæмæй сæ бахизой фыдбылызæй, чидæртæ та дзы æххуыс кодтой зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæн. Ӕз æмæ ме ‘мкусæг Хъоцыты Азæмæт дæр æрæвнæлдтам æххуыс кæнынмæ. Хæдзармæ бахизæн нæ уыд фæздæгæй, арт гуылфæнтæ кодта æмæ алы амæлттæй дæр архайдтам, цæмæй зынг ма ахиза сыхæгты фатертæм. Иу рæстæджы ме ‘мкусæг мæ цурæй æрбайсæфт», – зæгъы Сослан.

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Хъоцыты Азæмæт  алыгъд сыхæгты хæдзармæ, цæмæй уыдоны балкъоныл бахиза судзгæ фатермæ, цы ран баззадысты æртæ æнахъомы æмæ сæ дада. Уыцы рæстæджы тыхст адæм, артæй сæхи бахъахъхъæныны тыххæй, рахызтысты балкъонмæ æмæ сæм Азæмæт дæр схæццæ æххуысмæ.

«Сыхæгтæм бахостон æмæ мæм ракаст иу ус. Ӕз æм бахатыдтæн, цæмæй мæ бауадза фатермæ æмæ балкъоныл бахизон судзгæ фатермæ. Фыццаг уал рахизын кодтон дыууæ æнахъомы æмæ сæ дадайы, стæй ма баздæхтæн æнахъом чызгмæ, кæцы хуыдуг кæнын райдыдта, æмæ уый дæр рахизын кодтон сыхæгты балкъонмæ. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ мæ бынаты æндæр исчи дæр афтæ бакодтаид», – радзырдта Азæмæт.

Æмбæлон службæты оперативон архайды фæрцы уды зиан не ‘рцыд, фæлæ, хъыгагæн, фатер иууылдæр басыгъд. Ныридæгæн бæрæг кæнынц зынгсирвæзты аххосаг.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.