Республикæйы 27 азы бонмæ нæ горæтмæ цы уазджытæ æрцыдысты, уыдон ‘хсæн уыдысты Республикæ Абхазы хæсты инвалидты делегаци дæр. 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыцы цæфтæн æххуысы фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæйы фæхуындмæ гæсгæ. Уыдон ныр цалдæр азы кæнынц æмгуыст. Кæрæдзимæ бæрæгбонтæм цæуынæй дарддæр, ацы дыууæ республикæйы адæмтæн иумæйаг бирæ цыдæртæ ис. Абхазимæ нæ æмахастытæ хæццæ кæнынц æнусты æрфæнтæм. Кæрæдзиимæ нын цы ахастытæ уыд, уыдон фæстаг азты ноджы фæмидисджындæр сты. Абхазы Республикæйы цы протезтæаразæн центр ис «Бок о бок», уырдæм нæ хæстон инвалидтæ цæуын куы райдыдтой, уæдæй нырмæ.

Абхазы хæсты инвалидты делегацийыл Цæгат Ирыстоны Уастырджийы кувæндоны бын цытджын æгъдауæй фембæлдысты, РХИ-йы территорийыл хæстон архайд-тыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыцы лæппуты къорд ирон æгъдаумæ гæсгæ.

Уый фæстæ уазджытæ бацыдысты Беслæны 1-æм скъоламæ, ам чи бабын сты, уыдоны нывтæм кæсгæйæ уазджытæ нæ урæдтой сæ цæссыг. «Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæраппонд Ирыстон æмæ Абхазы адæм тох кодтой иу знагимæ. Æмæ уый уыд иунæг раст фæндаг. Бирæтæ абон удæгас нал сты, чи та дзы баззад инвалидтæй. Фæлæ цы фæрæдыдысты мæнæ ацы гыццыл удтæ, цæмæн бабын сты «дон, дон» хъæргæнгæ?! Ногдæр историйы нæ бæстæтæ æмбæлынц нырма дæр серьезон тасдзинæдтыл. Фæлæ нæ адæмты лæджыхъæд, патриотизм, куыстуарзондзинад, æнæфæцудгæ æууæнк æмæ фидæны ныфсы фæрцы, мах хъуамæ суæм терроризмы цыфыддæр знаг», – дзырдта Абхазы делегацийы сæргълæууæг Руслан Инашба.

Дарддæр уазджытæм æнхъæлмæ каст культурон-хиирхæфсæн мадзæлттæ. Фиагдонæй нæлгоймæгты моладзандоны уазджытыл æмбæлдысты лæвæрттимæ. Уырдыгæй та сæ фæндаг акодтой Дæргъæвсы «Мæрдты горæт»-мæ.

Дыккаг бон уазджытæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæугæйæ, хайад райстой паддзахадон тырысайы боны цытæн бæрæгбоны. Абхазæгтæм ацы бæрæгбон нымад у иууыл кадджындæрыл. Делегацийы уæнгтæй иу куыд загъта, афтæмæй: «Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджытæн тырыса сæ къухты, афтæмæй тох кодтой сæ фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæраппонд, тырыса сæ къухты, афтæмæй æрцыд нымад сæ хæдбардзинад. Тырыса ма у сабыр царды символ дæр! Хуссар Ирыстоны Республикæ – Паддзахад-Аланийæн мæ зæрдæ зæгъы лæджыхъæд, патриотизм æмæ куыстуарзондзинад».

Уый фæстæ абхазаг уазджыты йæхи-мæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Бæстæйы сæргълæууæг зæрдиагæй бацин кодта уазджытыл. Уый загъта: «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бастдзинæдтæ, кæцытæн бындур æвæрд æрцыд æнусты размæ, хъуамæ рæзой æмæ фидардæр кæной уæлдай бæрзонддæр æмвæзадмæ хизгæйæ. Бæрæгбонтæ, кæцытæ уагъд цæуынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны, æз нымайын иумиагыл. Уымæн æмæ мах Абхазимæ стæм, куыд фаззон паддзахадтæ, афтæ. Мах рацыдыстæм иу фæндагыл. Бирæ хæстхъом адæм бабын нæ дыууæ адæмæй дæр. Нæ хæлардзинады тæгтæ мах хъуамæ дæттæм кæстæр фæлтæрмæ, цæмæй уыдон дæр зоной, мах кæрæдзимæ куыд æввахс стæм, уый. Мæ дада мын арæх дзырдта, зæгъгæ, абхазæгтæ не ‘фсымæртæ кæй сты æмæ æз та мæ рады, афтæ дзурдзынæн мæ сывæллæттæн. Стыр бузныг, кæй æрцыдыстут æмæ нæм уæ хæларадон ахаст кæй æвдисут. Уæлдай бузныг дæн Плиты Мадинæйæ хæлардзинады тæгтæ кæй уадзы нæ дыууæ адæмы ‘хсæн», – загъта Президент.

Гудауты горæты инвалидты ассоциацийы сæрдары хæдивæг Ирина Папба бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анато-лийæн, афтæ хъармæй сæ кæй айста, уый тыххæй. «Абхазы делегацийы номæй дын арфæ кæнын уæ бæрæгбоны цытæн. Ноджыдæр дын бузныг зæгъын уый тыххæй дæр, æмæ нæ абон дæхимæ кæй райстай фыццæгты нымæцы. Махæн уый стыр кад у. Кæд Хуссар Ирыстонмæ фæндаг дард у, уæддæр уый зонгæйæ, зæгъгæ, цæуæм не ‘фсымæртæм, фæндаг кæны цыбырдæр», – загъта уый.

Уазджытæ Президентæн бакодтой зæрдылдарæн лæвар. Йæ рады Президент дæр абхазæгтæн бакодта лæвæрттæ.

Уыцы бон ма Абхазæй æрцæугæ уазджытæ бабæрæг кодтой Ленингоры сывæллæтты хæдзары. Куыд зонæм, афтæмæй Абхазы хæсты инвалидтæ ныр дыууæ азы сæхи хардзæй денджызы былмæ улæфынмæ фæхонынц Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты. Ныр дæр та сæм æрцыдысты лæвæрттимæ. Загътой сын, цæмæй сæхи бацæттæ кæной иннæ азмæ, денджызы былмæ улæфынмæ. Абхазаг уазджыты дисы бафтыдтой Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты куыстытæ. Канд сырдтæ æмæ мæргътæ нæ, фæлæ ма цы хæдзарон дзаумæттæ сарæзтой, уыдонмæ кæсынæй не ‘фсæстысты уазджытæ.

Абхазаг инвалидтæ хайад райстой Республикæйы боны цытæн парады дæр. Уыдон 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтимæ иумæ ирон тырысатыл хæцгæйæ æмбæлдысты парады хайадисджытыл.

Уый фæстæ ацыдысты Къостайыхъæуы этнографион бæрæгбонон мадзалмæ дæр. Ам цы националон хæринæгтæ уыд, уыдонæй ацаходгæйæ, иууыл тынгдæр райгондæй баззадысты дзыккайæ.

Абхазмæ фæндараст кæнгæйæ делегацийы сæргълæууæг Руслан Инашба загъта: «Мах Ирыстоны фыццаг хатт не стæм. Æрвылхатт дæр ныл не ‘фсымæртæ фембæлынц зæрдæбынæй. Сымахимæ иумæ абон мах цы республикæйы боныл цин кæнæм уый у уæ лæппуты тугæй æлхæд. Æз сидын фидæны фæлтæртæм, цæмæй зоной æмæ æмбарой мах æфсымæрон адæмтæ кæй стæм. Ныртæккæ кæд кæрæ-дзи æнæуарзгæ не стæм, уæддæр мæ фæнды, цæмæй нæ адæмтæ ноджы дæр цæрой æнгомæй. Мах дæр нæ республикæйы бæрæгбон банысан кæнæм 30-æм сентябры. Уырдæм ныридæгæн хуынд æрцыдысты 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ Плиты Мадинæйы сæргълæудæй».

Уадз, ноджы фидардæр кæнæд дыууæ æфсымæрон республикæйы хæстон инвалидты æфсымæрдзинад.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.