Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг Владимир Путины арфæйы фыстæг Бибылты Анатолимæ, бæстæйы президенты бартæ йæхимæ кæй райста, уый фæдыл. Бакаст æй УФ-йы президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы цытджын инаугурацийы.

«Тынг æхсызгон мын у, кæй мын ис, æвзæрстыты дæ ныфсджын уæлахиз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты бартæ дæхимæ кæй райстай, уый цытæн дын раарфæ кæныны фадат, – дзырдæуы Владимир Путины арфæйы фыстæджы. – Мах стыр аргъ кæнæм Хуссар Ирыстонимæ нæ ахастыты цы æвæрццаг хъомыс æрæмбырд кодтам, уымæн».

Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс, Путины ныхæстæм гæсгæ, ахсджиагыл нымайы ацы ахастытæ адарддæр кæнын хæлардзинады, æмцæдисады æмæ интеграцийы принципты бындурыл, афтæ ма махæн нæ зæрды ис дарддæр дæр хуссарирыстойнаг партнер-тæн æххуыс кæнын социалон-экономикон фарстытæ скъуыддзаг кæныны æмæ националон æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы.

«Ацы этапы фыццаградон хæс у 2015 азы 18 марты бадзырды уагæвæрдтæ планбæрцæй æххæст кæнын, сæрмагондæй та ацы документæй секторалон сразыдзинæдтæ саразын, – дзырдæуы арфæйы фыстæджы. – Стыр нысаниуæг дæттæм Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-2017 азты Инвестицион программæйы проекттæ сæххæст кæнынæн, афтæ ма Республикæйы бюджеты æфтиагон хай саразынæн ахъаз кæнынæн».

Ацы къабазы ахсджиаг бынат ис социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисæн. «Ныфс мæ ис сымахæрдыгæй æххуысæй, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы федералон бюджетæй хицæнгонд æхцайы фæрæзтæ хæдзардзинæй хардз кæнынмæ æмбæлон хъусдардæй, – загъта Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг. – Уæлдай ахсджиагдзинад ис Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны хъуыддагæн, мах нымайæм растыл дарддæр дæр æнгом разамынад дæттын нæ бæстæты æддагполитикон архайдтытæн, уыцы нымæцы Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырдзинады фарстыты фæдыл Женевæйаг дискусситы фæлгæтты дæр.

Фæнды мæ ныфс бавæрын, демæ конструктивон куыстмæ цæттæ кæй стæм дывæрсыг æмæ регионалон проблематикæйы фæдыл. Фидарæй мæ уырны, махæн нæ къухы кæй бафтдзæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг партнерон æмархайды ахастытæ сфидар кæнын нæ бæстæты æфсымæрон адæмты хæрзиуæгæн. Мæ цæст дын уарзы, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.