Республикæ Хуссар Ирыстоны ногдæр историмæ цы бæрæгбонтæ хаст æрцыдысты, уыдонæй сæ иу у 14 июль – Фидауынгæнæджы бон.

Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæскъуыйгæтугкалæн хæстон архайдтытæн кæрон скæныны тыххæй 1992 азы 24 июны горæт Сочийы Уæрæсейы Федераци, Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны уæды къухдариуæггæнджытæ æрфыстой сæ къухтæ Дагомысы Сразыдзинадыл. Уый фæдыл 14 июлы Хуссар Ирыстоны территоримæ æрцыдысты Уæрæсе, Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ.. Уыдон сæ рады æрæвнæлдтой сæ разы цы хæс æвæрд уыд, уый æххæст кæнынмæ. Ацы фидауынгæнæн процессы руаджы нæ хæствæллад зæххыл æрлæууыд, бирæ рæстæджы дæргъы хуссарирыстойнаг цæрджытæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы сабырад. Йæ архайдмæ гæсгæ тыххæй Хуссар Ирыстоны зæххыл цæуæг  фидауынгæнæг компани нымад æрцыд уникалоныл.

Кæд ацы бонæй  26 азы рацыд, уæддæр æй нæ республикæйы цæрджытæ нæ рох кæнынц. Йæ нысаниуæджы тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц нæ блиц-æрфарсты хайадисджытæ.

 Хъуылымбегты Роберт: 1992-1994 азты фидауынгæнæг тыхты пресс-службæйы кусæг; Республикæ Хуссар Ирыстоны Зонад иртасæн институты этнографи æмæ историйы хайады хистæр зонадон кусæг, историон зонæдты кандидат.

– Фидауынгæнæг тыхты архайд махæй, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй рох никуы уыдзæн. Уыдон сæ рæстæджы егъау хъуыддаг сарæзтой – нæ зæххыл нын æрбиноныг кодтой сабырад. Фæнды мæ банысан кæнын уый æмæ, куыд,  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæн ферохгæнæн нæй, афтæ ферохгæнæн нæй уыдон нæмттæн дæр. 1992 азы куы ‘рцыдысты, уæд хæсты фæуд куыд уыдис 1945 азы, афтæ уыдис бынæттон цæрджытæн  дæр фидауынгæнæг тыхты æрцыд. Сæ цин къаддæр нæ уыдис. Уымæн æмæ Германы хæст дард уыдис æмæ йын хуымæтæг адæм йæ уæззаудзинæдтæ нæ взæрстой ам та æрвылбон дæр цыдис хæстон архайдтытæ, æхстой мæгуыр адæмы алыгъуызон æхсæнгæрзтæй. Æгæрыстæмæй, ма цы бон æрцыдысты – 14 июлы, уый размæ æхсæв дæр нæ горæты æхстой егъаукалиброн æхсæнгæрзтæй. Уыцы хæстон архайдтыты рæстæджы Тамарашены хъæуæй мæ хион уыд лигъдон æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кастыстæм фидауынгæнæг тыхты æрцыдмæ. 13 июлы гыццыл фынг æрæвæрдтам æмæ кувæг куы сыстад, ракувынмæ, уæд гуырдзиаг Присæй æхсын райдыдтой æмæ цы хæдзары бадтыстæм, уыцы хæдзары агъуыстыл минæ сæмбæлд. Хуыцауы фæрцы иууылдæр сæрæгасæй аирвæзтыстæм. Цæмæн  радзырдтон ацы истори? уымæн æмæ ницы урæдта нæ тугмондаг æмæ тугдзых сыхæгты уæд дæр.

Куыд сывæллоны райгуырдмæ, æнхъæлмæ кæсай афтæ уыцы бонмæ 14 – июлмæ, æнхъæлмæ кастыстæм зæрдиагæй . Бирæты уырнгæ дæр нæ кодта ацы историон цау, фæлæ уæдмæ фехъусын кодтой, Рукъæй рахызтысты, зæгъгæ, стæй Дзау, Итрапис. Афтæ тынг сæм æнхъæлмæ кастыстæм æмæ тарстыстæм, зæгъгæ, сæ, мыййаг, гуырдзиæгтæ куынæ рауадзой Тамарашеныл исты провокацитæ куы саразой. Фæлæ адæмæн сæ тас æнæхъуаджы уыд. Тæрсгæ та уымæн кодтой æмæ никæйуал уырныдта сабырад ма нæ зæххыл уыдзæн, уый. 1989 азæй фæстæмæ æнæрлæугæйæ цыд хæстон архайдтытæ. Фæлæ фидауынгæнæг тыхтæ куы ‘рбалæууыдысты нæ, уæд цинæн кæрон нал уыд, фырцинæй бирæтæ кæугæйæ æмбæлдысты фидауынгæнæг тыхтыл. Æмæ нæ бауырныдта сабырдзинад кæй æрцыдис нæ зæххмæ. Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ нæ республикæйы канд сабырад нæ хъахъхъæдтой, фæлæ ма æдзух егъау æххуыс  кодтой хуымæтæг адæмæн.

Нæ хъæуы рох кæныны фидауынгæнæг тыхты егъау хайбавæрды. Æмæ сæ   стæм бузныг.

Гобозты Станислав: Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектор, доцент, техникон зонæдты кандидат:

–  Кæй зæгъын æй хъæуы, фидауынгæнæг тыхтæ егъау æмæ ахсджиаг миссиимæ æрцыдысты нæ республикæмæ. Цалынмæ уыцы компани йæ разы сæвæргæ хæстæ æххæст кæнынмæ ‘рывнæлдта, уæдмæ не ‘мбæстæгтæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой нæ сыхæгты аххосæй. Тасы бын цæрын зын  у æмæ цалынмæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рцыдысты нæ фæллад зæхмæ, уæдмæ алы бон дæр Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй уыд алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхстытæ. Егъау ныфс нæ бацыд къухтæ Дагомысы цы Сразыдзинадыл фыст æрцыд, уымæй.  Уæдæй фæстæмæ сулæфыдысты алыгъуызон нæмгуыты, снарядты хъæрæй фæллад адæмы зæрдæтæ æмæ сæ бацыд царды ныфс. Уымæй фæстæмæ дæр знаг куыднæ лæгæрста алы амæлттæй нæ зæхмæ, фæлæ сабырады сæйраг гарант – фидауынгæнæджы руаджы нымæг цыд алы ахæм бафæлвæрд дæр.

Уыдоны фæрцы нæ республикæйы территорийыл бирæ азты дæргъы фысымиуæг кодта сабырад. Фæлæ æгас дуне кæмæй нынкъуыст, уыцы августы хæстон архайдтыты рæстæджы фидауынгæнæг миссийæн нал уыд сабырад бахъахъхъæныны тых. Уыцы тугуарæн хæсты фыццаг цæфтæ сæхимæ райстой уырыссаг фидауынгæнджытæ. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый, æмæ нæ хæдбардзинад банымайыны хъуыддагмæ  се стыр хайбавæрд уыдон дæр кæй  бахастой. Уыдæттæ махæй рох никуы уыдзысты.

Икъаты Мадинæ – Полиграфион кондадон баиугæнды директор:

Махæй йæ алчидæр хорз хъуыды кæны 1992 азы 14 июлы нæ хæствæллад зæхмæ Фидауынгæнæг тыхтæ куы ‘рцыдысты, уый. Уыцы бонæй фæстæмæ уыдон цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ разы æрæвæргæ хæстæ. 14 июлы  нæ горæты цæрджытæ горæты уынгты цæссыгкалгæ æмбæлдысты уæрæсейагæмæ цæгатирыстойнаг фидауынгæнджытыл. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрхастой  царды ныфс. Фидауынгæнæг тыхтæ конд куынæ æрцыдаиккой нæ республикæмæ, уæд Гуырдзыстон тыхы руаджы бацахстаид нæ республикæйы. ССР Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны хъавыд хæстон архайдтытæй басæттынмæ. Уыцы уæззау азты уыдон махæн арæзтой алы хуызы блокадæтæ,  фæзынд нæм дæсгай мин  лигъдæттæ,  уый  фæстиуæгæн хуссарирыстойнæгтæ бахаудысты иттæг уæззау уавæрты. Æппæт уыцы æнамонддзинæдтæ æруромыны гарант уыдысты фидауынгæнæг тыхтæ. Уыцы хъуыддаджы тыххæй мах стыр бузныг стæм уæды фидауынгæнæг тыхты службæйæ.

Бирæ ивындзинæдтæ æрцыд се ‘рцыды бонæй августы хæсты онг. 2008 азы тугуарæн хæстон архайдтыты фыццаг цæфтæ сæхимæ райстой уæрæсейаг баталоны службæгæнджытæ. Уыдоны знаг цагъта æгъатыр æмæ æнæауæрдонæй. Зынджы хай æмæ сæ туджы лæсæнты бын фæкодтой. Уый фæстиуæгæн Уæрæсейы Федераци æппæт дæр сарæзта, цæмæй нæ хæствæллад зæххыл сабырад уа æмæ йыл нæ кæстæртæ рæзой æмæ дидин æфтауой – банымадта нын нæ республикæйы хæдбардзинад. Уый фæстиуæгæн 26 азы мах нæхи хатæм хæдбар æмæ сæрибарæй. Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ Уæрæсейы æфсад сты, ирон адæмы геноцид фæлхатт цæмæй мауал æрцæуа, ахæм æдасдзинады  ныфс.

Джиоты Аннæ:  нæ горæты цæрæг

– 24 июны къухтæ Дагомысы цы Сразыдзинадыл бафыст æрцыд, уый фæлгæтты 1992 азы 14 июлы нæ республикæмæ конд æрцыдысты ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхтæ. Уыцы бонæй фæстæмæ бирæ рæстæджы дæргъы нæ хæствæллад æмбæстæгтæ банкъардтой сабыр царды ад. Уыдоны фæрцы урæд æрцыдысты бирæ азты дæргъы не ‘мбæстæгты ныхмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цы хæстон архайдтытæ цыд, уыдон.  Уый фæстиуæгæн уыдон махæн систы сабырдзинады гарант.

Фæлæ нæ бирæгъдзых сыхæгтæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæной æмæ 2008-æм азы тугуарæн хæстон архайдтыты рæстæджы сæ хæстон фæндаг ракодтой уæрæсейаг баталоны службæгæнджытыл. Уыдон æнæауæрдонæй цагътой æрыгон æфсæддонты. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах никуы ферох кæндзыстæм фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты фыдæбæттæ. Стыр аргъ кæнæм мах уыдоны уникалон миссийæн, кæцы уыд сабырдзинады фыццаг зæрваттыкк.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.