Ног дуджы ралæудимæ фæллойгæнæг дзыллæтæ бирæ хорздзинæдтæ федтой, алы нацийæн дæр фадат фæцис сæ культурон бынтæм æркæсынæн. Культурон фронты сæйрагдæр хорздзинæдтыл ирон адæм банымадтой, куы фæзындысты газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад», журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг», ансамбльтæ «Симд» æмæ «Алан», нæ ирон театртæ.

Стыр Цæдисы цалх ныззылд иннæрдæм, фехæлд адæмты хæлардзинады галуан, рацарæзт, демократи æмæ æргом ныхас адæмты кæрæдзи туджы сæвдылын кодтой. Иры дыууæрдыгæй æнæсæр хъæуæг тохы балæгæрста, нæ царды хæзнатæ ныппырх сты, фесты ногæй агуринаг, аразинаг.

Табу Стыр Хуыцауæн, знаджы фæндиаг нæ фестæм, Хуссар Ир ссис Уæрæсейы руаджы сæрибар паддзахад. Бирæ диссæгтæ сырæзт: зæрдæ рухс кæны нæ го-рæты хæрзарæзтæй, театры ног бæстыхайæ, университеты ног гал-уанæй.

Культурон уагдæттæ ныллæу-уыдысты рæзты фæндагыл, æрмæст семæ нæй журнал «Фидиуæг». Советон дуджы цыдис алы мæй дæр рæстæгыл, афойнадыл. Ралæугæ дуджы цæуы дыууæ мæй иу хатт  кæнæ афæдз – æхсæз хатты. Цæмæн фæкъаддæр, уый алчидæр æмбары, æрмæст адæм не ‘мбарынц, афæдзы 6 номыры дæр рæстмæ, афойнадыл цæуылнæ цæуынц, уыцы хъуыддаг.

Иу цæвиттон фаг у: абон у июлы фыццаг хай, афæдзы 7-æм мæй, афтæмæй «Фидиуæг»-æй рацыд æрмæст иу номыр, дыккагæн йæ кой дæр нæ хъуысы.

Аххосаг сбæлвырд кæнын ацы рæнхъытæ фыссæгмæ нæ хауы, фæлæ куыд редколлегийы уæнг, афтæ афæрсын редакторы дæр æмæ типографы дæр. Хъуыддаджы чи у раст – бæрæг нæу, алчидæр дзы йæхи хоны раст, кæнынц æй кæрæдзи аххос.

Афтæ куы уа,  уæд æй ничиуал рафысдзæн, уæд «Фидиуæг»-æн йæ ном дæр сæфы æмæ йæ кад дæр.

Уыди рæстæг æмæ Ир сæрыстыр уыдысты «Фидиуæг»-æй. Абайты Васо дзы загъта: «Фидиуæг» у нæ культурæ æмæ литературæйы айдæн», Плиты Грис æй рахуыдта «Нæ Иры фарнтауæг».

«Фидиуæг» куы фæзынд, уæд йæ разы бирæ хæстæ сæвæрдта. Се ‘ппæты нæ нымайдзынæн, ракæндзынæн дзы æртæйы кой:

Журнал хъæуы, цæмæй ирон æвзагыл тыхджындæр кæнын байдайа аив литературæ;

Журнал хъæуы, цæмæй юмор æмæ сатирæйы руаджы æргом кæнын фæразæм нæ царды æвзæрдзинæдтæ æмæ хъæнтæ.

Журнал хъæуы, цæмæй ирон адæмы тыхтæ ахуырады, литературæйы æмæ æндæр бынæтты арой фадат сæхи равдисынæн.

«Фидиуæг»-ы редакци хорз зоны, ацы рæнхъытæ фыссæг цас тухæн кæны журнал рафыссыныл. Университет уыцы хъуыддаджы ахсы фыццаг бынат.

Ам дæр сæвзæрд цæлхдур, йæ рафыссыныл нал разы кæнынц, нæ райстой, кæй рафыстой, уыцы номырты æмæ сын æз цы радтон. Фарст æрбæстонкæнинаг у, цæмæй йæ номы аккаг суа, фынæй цы журнал кæны, уыцы «Фидиуæг».

Грис дзы сæрыстыр уыд, зæгъгæ дæр æй кодта:

«Дæ дзырд, сырх æхсæрау, уæд сатæг,

Йæ къæрцц, хъæргæнгæ, нæрæд,

Дæ ныхас стих уæд, де стих -кадæг,

Æнустæм зæрдæты цæрæд».

Мæ ныхæстæ æфхæрынæн не сты. Зæгъын сæ уымæн – «Фидиуæг» раджы райгуырд, домбай къахдзæфтæй цæуы размæ æмæ йыл дуæрттæ æхгæнæн нæй.

Чи йæ рафыссы, æнувыдæй йæ чи кæсы, уыдон агурынц сæ журнал æмæ сын дзуаппдæттæг нæй.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.