Ӕрæджы Владимир Путин Сочийы фембæлд Азербайджан æмæ Сомихстоны президенттимæ, цæмæй аскъуыддзаг кæной рагон проблемон фарстатæ дыууæ сыхаг бæстæты ‘хсæн. Уæрæсейы нæ фæнды, сомихæгтæ æмæ азербайджайнæгтæ топпы цæстæй кæсой сæ кæрæдзимæ, æндыгъддзинад аразой Фæскавказы æмæ хæццæ кæной æгас хуссарварс регион.

Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы территорийыл цæрынц 2,5 миллуанæй фылдæр азербайджайнæгтæ æмæ 3 миллуаны бæрц та сомихæгтæ. Уыдонæн сæ фылдæр сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ. Ӕмæ 2020 азы Хæххон Карабахы хæстон архæйдтытæ куы цыдис, уæд ацы адæмтæ та Уæрæсейы территорийыл сæ кæрæдзимæ зæрдæ хастой, се ’хсæн цыдис фæткхалæн цаутæ æмæ фыдракæндтæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы къухдариуæгад хорз æмбары æппæт тæссагдзинæдтæ æмæ архайы дыууæ фарсы æрæмдзых кæныныл, конфликты банымæг æмæ хорз ахас-тытæ сæндидзын кæныныл. Дыууæ нацийы дæр Уæрæсейæн æввахс сты æмæ се ’хсæн хæрамдзинад куы карз кæна, уæд сæ алыварс цæрæг адæмтæ дæр æвыд нæ баззайдзысты.

Путин хицæнтæй фембæлд фыццаг Сомихстоны прези-дент Никол Пашинянимæ, стæй та Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ. Семæ аныхас кæнгæйæ сын бамбæрста сæ хъуыдытæ æмæ стæй иумæ æрныхас кодтой сомбоныл. Фембæлд ахаста æхсæз сахаты бæрц æмæ иууылдæр æрцыдысты иу хъуыдымæ — провокацитæн кæрон скæнын хъæуы, æдасдзинад æмæ æнæхъæн Хуссар Кавказы экономикон райрæзтæн уавæртæ саразын хъæуы. Уæлдай хъусдард аздæхтой æдасдзинадмæ, цæмæй нырæй фæстæмæ мачиуал пайда кæна тыхæй æмæ æппæт проблемон фарстатæ та скъуыддзаг цæуой бадзырдты руаджы. Уымæй уæлдай ма фембæлды хайадисджытæ ныфс бавæрдтой, ома, ацы азы кæронмæ бацæттæ кæндзысты æмæ бафысдзысты фидыды бадзырд дæр. Фæлæ цæмæй уыцы хъуыддаг æххæст æрцæуа, уый тыххæй ныридæгæн цы бадзырдтæ сфидар кодтой, уыдоны фæлгæттæй мачи хъуамæ ахиза.

Уæрæсейы æвзæрмæбæлджытæн ацы фембæлд тынг зын уыд, ома, уæддæр та Путин хъомысджындæр разынд иннæтæй æмæ та æнæ уый хъуыддæгтæ скъуыддзаг нæ цæуынц. Ӕрæджы Пашинян æмæ Алиевæн фембæлд сарæзтой горæт Прагайы хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтæ АИШ æмæ Францы сæргълæудæй, фæлæ ницы хатдзæгтæм æрцыдысты, ницæуыл бадзырдтой. Тынг сæ фæндыд, цæмæй Уæрæсейы «фæсдуар» фæуадзой æмæ Фæскавказы хъуыддæгтæ, сæхи куыд фæнды, афтæ аразой. Фæлæ сын нæ рауад. Уæрæсейы æндæвдад ацы регионы егъау у æмæ вазыгджын фарстатæн æнæ Путины бафæрсгæйæ аскъуыддзаггæнæн нæй. Уый бамбæрста АИШ-ы «фæсдзæуин» Пашинян дæр æмæ, бар-æнæбары, æрцыд Сочимæ.

Бирæ азты дæргъы хурныгуылæйнаг бæстæтæ барæй æндыгъддзинад аразынц æгас Кавказы регионы, ардауынц дыууæ бæстæйы цæрджыты, ома, уын Уæрæсе уæ бæстæты хæдбардзинадæн нæ кад кæны, дæлдзиныг уæ кæны, пайда йын у, цæмæй сымах уæ кæрæдзиимæ хæцат. Афтæмæй та Евроцæдисы бæстæты къахдзæфты ирдæй зыны, Азербайджаны пайдайæн кæй сты. Уымæн æмæ Азербайджан хъæздыг сты нефтæй æмæ æрдзон газæй, кæцыты уæй кæнынц Европæмæ. Стæй ма йæ территорийыл цæуынц цалдæр нефты æмæ æрдзон газы егъау хæтæлтæ, æмæ уыдон дæр Европæйы пайдайæн арæзт сты. Ӕмæ Сомихстон та кæй хъæуы — гæвзыкк бæстæ, æрмæстдæр Уæрæсейы æххуысы фæрцы цæрæг æмæ ма афтæмæй йæхицæй АИШ-æн «искæйон» аразæг бæстæ. Ныр-тæккæйы уавæрты Евроцæдисæн æмæ Сомихстоны сыхаг бæстæтæн пайда уаид, сæ паддзахады фесæфт. Йæ хæд-бардзинады гарант ма у æрмæстдæр Уæрæсе.

Претензитæ ис дыууæ фарсмæ дæр, фæлæ иууыл рæгъ-мæ хæссинаг не сты. Сомихæгты æмæ азербайджайнæгты ‘хсæн хъаугъайы истори сæдæазон у. Уымæ гæсгæ фембæлды фæстæ сабырдзинад ныллæудзæнис æмæ нацитæ, зæгъгæ, хæларæй цæрдзысты, ууыл йæ ныфс ничи дары.

Кæцыдæр политиктæ æмæ «экспертгæндтæ» фембæлды фæстæ дзырдтой, ома фидыды бадзырд кæй не ‘рфыстой, уый, ома, Путины лæмæгъдзинадыл дзурæг у. Зæгъгæ, Уæрæсейæн уыйбæрц æндæвдад нал ис ацы республикæтыл, Путинæн йæ авналæнтæ фæкъуындæгдæр сты æмæ йæ бон вазыгджын хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнын нал у. Путины æмæ Уæрæсейы æфхæрыны ад сын ницы кæны!

Алиев фембæлдмæ æрцыдис цæттæйæ — йæ позици бындуриуæг кæны фондз принципыл: кæрæдзийы хæдбардзинад банымайой, территориалон претензитæ сæм мауал уа, кæрæдзимæ тыхы фæрцы мауал æртхъирæнтæ кæной, арæнтæн саразой делимитаци æмæ гом æрцæуой æппæт коммуникацитæ, ома фæндæгтæ. Пашинян бар-æнæбары хъуамæ сразы уа ацы фæндиæгтыл, æндæр гæнæн ын нæй. Уымæн æмæ дыууæ азы фæстæ фæуд кæны уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхты мандаты рæстæг Хæххон Карабахы, æмæ Азербайджаны куы нæ бафæнда, уæд æй нал адарддæр кæндзæнис. Уæрæсейаг æфсæддонтæ та уым куы нæ уал уой, уæд Азербайджаны æфсад сæри-барæй бацæудзысты Карабахы территоримæ æмæ сомихæгтæн сæ бон сæ ныхмæ фæлæууын нæ бауыдзæнис.

Сæвзæргæ уавæр хорз æмбары Паши-нян æмæ ныры онг дæр уымæн архайдта, цæмæй Уæрæсейæ сараза конфликты ха-йадисæг. Уымæн æмæ Азербайджаны фæстæ лæууы хъомысджын бæстæ — Турк æмæ уæд конфликт уаид Уæрæсе æмæ Турчы ‘хсæн. Путин афтæ æнцон фæсайæн нæу æмæ сомихæгты фæндтæй ницы рауад. Уымæ гæсгæ æрæджы Пашинян куы загъта, зæгъгæ, мах фæнды, цæмæй уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхты мандат адарддæр кæнæм 10-20 азы бæрц, уæд алкæмæ дæр диссаг фæкастис. Ома АИШ-ы «фæсдзæуины» цæмæн бахъуыдис Уæрæсейы æххуыс. Фæлæ ам бамбарын хъæуы уый æмæ Пашинян кæй бахаудта цъысымы æмæ ныр фæндæгтæ агуры, цæмæй къаддæр зиæнттимæ рахиза уавæрæй.

Лæмбынæг куы æркæсæм, уæд Фæскавказы цæуæг процесстæ комкоммæ баст сты глобалон политикæимæ. Уæрæсейæн санкцитæ рахæссыны фæстиуæгæн бирæ фæндæгтæ æмæ бастдзинæдтæ æхгæд æрцыдысты æмæ агуры æндæр амæлттæ дунейы базарадмæ рахизынæн. Ныридæгæн Уæрæсейæн хуссарварс бæстæтимæ бæрæг фæфылдæр ис товарты æрзылды гуырахст. Европæимæ сын цы экономикон бастдзинæдтæ фехæлдысты, уыдон æм-бæрзын райдыдтой æндæр рæтты, базарады хъуыддаг фæхуыздæр кодтой Африкæ, Ази æмæ Ӕввахс Скæсæн бæстæтимæ. Ӕмæ сын ам стыр æххуыс сты Турк æмæ Иран, кæцыты фæрцы Уæрæсе товартæ уæй кæны æмæ æлхæны. Англо-саксты та фæнды, цæмæй Уæрæсейæн йæ фæндæгтæ хуссарварсы æрæхгæной хæстон архæйдтытæ сцырен кæныны фæрцы.

Бирæ политиктæ дис кæнынц, ома Пашинян куыд æнцонтæй разы кæны Хæххон Карабах радтыныл, рохуаты цæмæн уадзынц ацы республикæйы цæрджыты. Фæлæ бамбарын хъæуы уый, æмæ ныры онг дунейы æхсæнадæн дзырдтой æрмæстдæр сомихæгты хъуыдытæ, афтæ никуы ничи ахъуыды кодта, азербайджайнæгтæ та цы фæуой. Æцæгæй та хъуыддаг афтæ рауад æмæ 1992 азы сомихæгтæ байстой æрмæст Хæххон Карабах нæ, фæлæ ма йæ алыварс территоритæ дæр. Хъуыды кодтой, ома сæ стæй Азербайджанæн баивдзыстæм Хæххон Карабахы хæдбардзинад банымайыны ныхмæ. Рæстæг цыд æмæ ацы ссæрибаргонд территориты æрцардысты сомихæгтæ, пайда кæнын райдыдтой азербайджайнæгты фыдæлты зæххытæй æмæ сæ искуыдæм ацæуын нал фæндыд. Афтæмæй та Азербайджан нæдæр Хæххон Карабахы хæдбардзинад банымадта, нæдæр сомихæгты хинæйдзаг пълæнттыл сразы ис. Ӕмæ йын фадат куы фæцис, уæд бабырста æмæ байста йæ территоритæ уæлдайджынтæй.

Сомихæгтæ Хæххон Карабахы кой кæнгæйæ, сæ риутæ фæхойынц æмæ æгас ду-нейыл фæхъæр кæнынц, ома иу туг, иу адæм стæм. Фæлæ абоны онг дæр Сомихстон йæхæдæг Хæххон Карабахы хæдбар паддзахадыл нæ банымадта æмæ афтæмæй æндæр искæмæйты домы цыдæртæ. Афтæ сæ фæнды, цæмæй сæхæдæг мацæуыл батыхсой, мацы уæз сыл æрцæуа, афтæмæй уырыссаг хæстонтæ ныццæуой æмæ сæ туг калой Сомихстоны «уæйгæнджыты» сæрыл. Ныридæгæн цæуыл бадзырдтой Путин, Алиев æмæ Пашинян, уыдон иумийагæй сисгæйæ, пайда не сты Сомихстонæн. Фæлæ Путины ныхæстæй æмбæрстгонд у, ома сомихæгтæ цæуыл сразы уой, ууыл Уæрæсе дæр «нæ» нал зæгъдзæнис. Цыбырдзырдæй, Уæрæсе разы у дыууæ фарсимæ дæр æмæ цæуыл бадзурой, уый бафидар кæндзысты сæ дарддæры æмархайды.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.