Фæзæгъынц, зæгъгæ, алы нацийæн дæр æндæр адæмтæ  фæаргъ кæнынц йæ культурæйы æмвæзадмæ гæсгæ.

Ирон адæмæй ивгъуыд æнусы нæ культурæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд чи бахаста æмæ дзы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ чи ныууагъта, уыдонæй сæ иу уыд фыццаг ирон композитор, этнолог, фольклорист, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон ахуыргæнæндон æмæ нæ республикæйы кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг Галаты Барис. Уый егъау куыст бакодта ирон адæмон зарджыты мелодитæ ныффыссын æмæ сæ нотæтыл сæвæрыныл. Галаты Барисы стыр куысты руаджы ирæттæм ССР Цæдисы бирæ æндæр адæмтæй раздæр фæзындысты зарджыты æмбырдгæндтæ, ансамбльтæ æмæ оркестртæ. Уый райста профессионалон  æмæ алыварсон музыкалон ахуырад æмæ йæ адæмæн та ныууагъта  аргъ  кæмæн  нæй,  ахæм егъау культурон бынтæ. Уыцы культурон бынтæ сахуыр кæнын, бахъахъхъæнын æмæ сæ сомбоны фæлтæртæм адæттыны парахат кæныны тыххæй арæзт æрцыдис Галаты Барисы номыл культурон фонд æмæ йæ сырæзтæй ныры онг архайы зындгонд композиторы ном æмæ йе сфæлдыстад популяризаци кæныныл. Фонды сæргъ лæууынц Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы   сгуыхт кусæг Гаглойты Лианæ æмæ йе ‘мкъай, центр «Содействие»-йы генералон директор Гæбæраты Андрей. Уыдон архайынц ирон культурæ бахъахъхъæнын, райтынг æмæ базонгæ кæныныл канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы бирæ рæтты дæр.

Ивгъуыд аз декабры райдианы Санкт-Петербурджы Аивæдты историйы институты уагъд æрцыдис 9 Æхсæнадæмон зонадон конференци «Петербург æмæ националон музыкалон культурæтæ: Кавказы адæмты музыкалон традицитæ. Галаты Барисы райгуырды 130 азы боны цытæн», зæгъгæ, ахæм номимæ. Конференцийы докладтæ кастысты зындгонд ирон композиторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æмæ куыд фæбæрæг, афтæмæй Кавказы тематикæйыл ахæм масштабы мадзал уагъд æрцыдис фыццаг хатт. Ахуыргæндтæ стыр цымыдисдзинад равдыстой зонадон конференцимæ æмæ йæм æрцыдысты куыд Уæрæсейæ, афтæ æндæр бæстæтæй дæр.

Ацы зонадон конференцийы фæстиуджыты тыххæй 15-æм январы Цхинвалы Пушкины уынгыл Галаты Барисы хæдзар-музейы уагъд æрцыдис тымбыл фынг. Ардæм æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой, конференцийы хайадисæг, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты доцент, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, РХИ-йы Культурæйы министрады минæвар Æлборты Фатимæ æмæ Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Гулиты Владимир.

Мадзалы райдианы уал Гаглойты Лианæ тымбыл фынджы хайадисджытæн сарæзта экскурси хæдзар-музейы, фенын сын кодта Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг æрмæджытæ. Ацы ран фенæн уыдис Галаты Барисы музыкалон инструменттæ, йæ бинонты, йæ хиуæтты къамтæ, дзаумæттæ, йæ сынтæг, æмæ æндæр ахæмтæ. Хицæн къуымы та æфснайд сты йæ рæстæджы цы музыкалон литературæйæ пайда кодта, уыцы библиотекæ. Иудзырдæй, абон нæ адæмæн æмæ нæ фæсивæдæн дæр цымыдисон чи уыдзысты, уыцы æрмæджытæ æфснайд сты ацы хæдзар-музейы. Гæбæраты Андрей æмæ  Гаглойты  Лианæ  радзырдтой уыцы историон-архивон æрмæджытыл, афтæ ма цы куыст бакодтой æмæ кæнынц Галаты Барисы сфæлдыстад  парахат  кæныны  хъуыддагыл, æппæт уыдæтты фæдыл.

Санкт-Петербурджы цы зонадон конференци уагъд æрцыдис, уый фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Дзугаты Къоста. Уый банысан кодта фонды куысты стыр нысаниуæг. «Мах ныртæккæ цы хæдзар-музейы стæм, уый у нæ культурон объекты ахсджиагдæртæй сæ иу, кæцыйæн ис йæхи диссаджы зындгонд истори. Мæнмæ гæсгæ æмбæрстгонд у уый, æмæ дзы ныридæгæн фæстæмæ кæй гуыры культурон цард. Уый та фыццаджыдæр, у Гæбæраты Андрей æмæ Гаглойты Лианæйы стыр куысты фæрцы, æмæ сын зæгъæм стыр бузныг. Ацы хъуыддагæн ахъазгæнæг у нæ хицауады иузæрдион æххуыс æмæ лæмбы-нæгдæр хъусдард та сæрмагондæй ацы хъуыддагмæ аздæхта  Президент Бибылты Анатоли. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы хæдзар-музеймæ хъæуы лæмбынæг хъусдард здахын æмæ сын сæ хъуыддаг размæ кæныны хъуыддаджы баххуыс кæнын. Фæнды ма мæ зæгъын уый æмæ конференци кæй уыдис масштабон. Ардæм ахуыргæндтæ æрбавдыстой 60 доклады бæрц, цыран банысан кодтой Галаты Барисы стыр куыст æмæ профессионалондзинад.  Зæгъын хъæуы уый æмæ уагъд кæй æрцыдис бæрзонд æмвæзадыл. Галаты Барис цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдон сты уникалон æмæ сыл дарддæр дæр хъæуы кусын. Гæбæраты Андрей сыл кусы техникон æгъдауæй, фæлæ уый нæма у йæ райдиан этап», – банысан кодта Дзугаты Къоста.

Гæбæраты Андрей йæхæдæг куыд загъта, уымæ гæсгæ, цæмæй бахъахъхъæнæм ирон национ культурæйы æргъадтæ, уый тыххæй хъæуы стыр куыст кæнын. «Зарджыты иу хай рагтехникон музыкалон фæрæзтæй райсын нын фæзын ис, уымæн æмæ дзæвгар рæстæг рацыдис. Фæлæ мах ныфс ис æмæ сæ лазерон ифтонгарзы руаджы кæй базондзыстæм æмæ сæ райхалдзыстæм. Уый та, сæйраджыдæр, баст у финанстимæ æмæ кадртимæ», – загъта Гæбæрайы фырт. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Галаты Барисы сфæлдыстадон бынтæ пайда æрхæссиккой нæ музыканттæн, культурæ æмæ аивад иртасджытæн. Уый уыд тымбыл фынджы сæйраг нысан дæр.

Галаты Барисы номыл культурæйы фонды директор Гаглойты Лианæ дæр йæ рады банысан кодта, фонд активон æгъдауæй кæй кусы æмæ дарддæр дæр кæй популяризаци кæндзысты фыццаг ирон профессионалон композиторы сфæлдыстад. Уый ма загъта, зæгъгæ, Санкт-Петербургы конференци уагъд æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министрады Уæрæсейаг Аивæдты историйы институт æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы æххуысы руаджы. Фæсивæд бынтон хорз зонгæ кæй не сты Галаты Барисы сфæлдыстадимæ, уый тыххæй фæнд кæнынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæн æмæ студенттæн Галаты Барисы хæдзар-музейы уадзой эксурситæ дæр.

Респуликæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали дæр банысан кодта зындгонд композиторы культурон æргъадты ахадындзинад æмæ нысаниуæг æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта, ацы хъуыддаг чи популяризаци кæны, æппæт уыдонæн. Уый ма банысан кодта Ахуырады министрад кæддæриддæр цæттæ кæй у æмгуыстадмæ æмæ сын йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ сæ куысты мидæг.

Культурæйы министрады ‘рдыгæй дæр Галаты Барисы ном рох кæй никуы уыдзæнис, уый фæдыл та йæ хъуыдытæ загъта ацы министрады минæвар Æлборты Фатимæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.