59 азы.  Уыдон сты абоны бонмæ ацы куыстуарзаг æмæ йæ хъуыддаджы дæсны кусæг Тыджыты Состикы фæллойадон азтæ. Уыцы рæстæджы дæргъы Тыджыйы фырт бирæ хæрзты бацыд æхсæнадон æмæ цæрджыты хисæрмагонд фосдарды продуктивондзинад сырæзын кæныны хъуыддаджы, уый тыххæй бузныджы ныхæстæ æмæ арфæтæ арæх иста. Уал азы дæргъы куысты хорз фæлтæрддзинад райста, зоны фосы æвæрццаг æмæ æппæрццаг хиæдтæ, цы вæййы сæ тыхстдзинад, стæй размæцыды нысæнттæ. Фæлтæрд зоотехникмæ бахатыдтæн, цæмæй бæстон æрдзура йæ дæсныйады фæдыл, стæй нæ республикæйы фосдарды дарддæры размæцыдыл.

– Зоотехник – афтæ хуынд райдианы, фæстæдæр ма йæм бафтыдтой ветеринари æмæ сæ сырæзт иу дзырд, зооветеринари, зæгъгæ. Сæ дыууæ дæр тынг ахсджиаг сты фосдарды къабаз райтынг кæныны. Ветеринар фосæн аразы вакцинаци, цæмæй стур ма фæрынчын уа, йæ хъус ын дары йе ‘нæниздзинадмæ, ома йын кæны профилактикон мадзæлттæ. Уый фæстæ фосы дохтыр, гæнæн ис, æмæ сæрибар уа цасдæр рæстæг. Фылдæр сты йæ хæстæ æмæ аудинæгтæ зоотехникæн æмæ сыл цыбыртæй æрдзурæм радгай. Фæлæ мæ ныхас афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ уыцы хæстæ радгай хъуамæ æххæст цæуой. Нæ, уыдоныл кусын фæхъæуы æрвылбон дæр. Фосæн æнæмæнг хъæуы алыгъуызон холлæгтæ æрцæттæ кæнын. Хынцын хъæуы, афæдзы дæргъы иу стурæн цас хъуамæ æрцæттæ кæнæм холлæгтæ, уый. Уымæй дарддæр холлаг хъуамæ уа гъæдджын, цæмæй хорзæрдæм фæзына йæ продуктивондзинадыл. Зоотехник развæлгъау цæттæ кæны нывæст, цас хъуамæ райстæуа азы дæргъы дзидза æмæ дзидзайы продукттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Фосдарды ацы специалистæн ма йæ хæс у, æмæ лæмбынæг йæ хъус дара, афæдзы дæргъы фосы уæз æмæ рæзт цас хъуамæ фæфылдæр уа, уымæ дæр. Зæгъæм, цæмæй стуры уæз суткæйы мидæг цалдæр граммы фæфылдæр уа, уымæн зоотехник хъуамæ бацæттæ кæна рацион. Дуцгæ хъуг афæдзы дæргъы хъуамæ æхсыр радта 3 тоннæйы. Цæмæй уыцы хæслæвæрд æххæст æрцæуа æнæкъуылымпыйæ, уымæн дæр развæлгъау аразы холладжы бæрцты  план.

Æнæмæнгхъæуæг у фосы мыггагмæ хъус дарын æмæ йæ хуыздæр кæнын, цæмæй рæза йæ продуктивондзинад. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс дæр æвæрцца-гæй хъуамæ скъуыддзаг кæна зоотехник. Тыджыйы фырт куыд загъта, афтæмæй раздæр азты уыцы хъуыддагмæ здæхтæуыд хорз хъусдард, нæ куысты авналæнтæ зæрдæйы фæндиаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Цæвиттон, дыууæ азы иу хатт куыртæ ластам Богдановкæйæ, саухъулæтты мыггаг куыр та – Латвийæ. Уыдон стыр ахъаз уыдысты стурты мыггаг фæхуыздæр кæнынæн. Афтæ куынæ кодтаиккам, уæд не стурты мыггаг кодтаид цауддæр, низæн дæр уыдаиккой лæмæгъдæр, стæй сæ родтæ та – къаннæгдæр.  Хорз мыггаг куыры фæрцы бынæттон хъуг род куы ныййара, уæд уый хуыйны сæудæджерадон мыггаджы раивд. Уый фæрцы мыггагджын куырæй родтæ райгуыры йæхиау хъомылтæ 70 проценты. Ацы хъуыддаг цæмæй республикæйы абоны бон дæр æнæкъуылымпыйæ æххæст цæуа, ууыл мæ уд хъарын, уый у мæ иууыл тыхстдзинад. Цæвиттон, Цхинвалы районы цы цалдæр хъæууон администрацийы ис, уал куыры сын куы самал кæниккам, уæд уый уаид стыр хæрзиуæгон архайд. Афтæмæй сæ дыууæ азмæ æввахс раивиккам, зæгъæм, шведаг хæрзмыггаг стуртæй. Хæрзмыггæгтæй ивд хъуамæ цæуой канд стуртæ нæ, фæлæ фыстæ, стæй хæдзарон мæргътæ дæр. Уыдон дæр хъуамæ ивæм дыууæ азæй дыууæ азмæ. Хъæуы ма, абон чи баззад æмæ дзы чи фæллой кæны, уыдон æцæг хъайтартæ сты æмæ сын æдзухдæр хъæуы æххуыс, се ‘нцой хъуамæ лæууæм. Сæ æркæнгæ продукци у сыгъдæг æмæ уымæ хъуамæ нæ фæлхасгæнджытæ дарой фылдæр хъусдард.

– Фæнды мæ банысан кæнын, – дарддæр зæгъы Тыджыйы фырт, – таугæ кæрдæджытæ эспарцет æмæ люцернæйы тыххæй дæр. Эспарцеты иу гектар, зæхх хъæздыг уа æви мæгуыр, уымæ нæ кæсгæйæ, дæтты тынг бирæ холлаг, стæй фосæн тынг ахъаз кæны, у тыхджындæр, мæры та кæны хъæздыг. Афтæ зæгъæн нæй люцернæйæ, уый мæры тынг мæгуыр кæны æмæ дзы нæ хъæуы арæх пайда кæнын. Иудзырдæй, дзуринæгтæ тынг бирæ ис, фæлæ цы фарстытыл æрдзырдтон, уыдон уал куы æххæст кæнæм, уæд нæ фосдарды къабаз тынг размæ ацæуид. Æцæгдæр, Тыджыты Состик у фосдарды æцæг специалист, 1968 азы каст фæци Дзæуджыхъæуы   хъæууонхæдзарадон институт æмæ йын лæвæрд æрцыд ахуыргонд зоотехникы ном. Куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты, ныртæккæ та йæ дæсныйады фæдыл кусы Цхинвалы районы зоотехникæй, кæддæрид-дæр йæ хайбавæрд хæссы фосдарды къабæзты рæзтмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.