Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй стурвосдарды куыст æдæппæт кæнынц 13 хæдзарады æмæ сæм нымадæуы 455 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 189. Куыд амæйразмæ, афтæ ныр дæр фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад æмæ сæм иууыл иумæ ис 128 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 54. Фылдæр стуртæм ма чи зилы, уыдон нымæцмæ хауынц «Алан» — 70 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ — 30, «Тын» — 69 стуры, хъуццытæ та — 32, «Цъунар» Лохы фырт — 32, «Сидук» — 30, «Тъбет» — 29 стуры æмæ æндæртæ. Хæдзарадты уал родтæ æдæппæт ис 102, сæ нымæц хæдзарадты у афтæ: «Алан»-ы — 25, «Тын» — 23, «Арцеу»-ы −13, «Сидук»-ы −10, «Тъбет»-ы — 8 æмæ а. д. Районы хæдзарадтæй фысдарды куыст кæны æрмæстдæр «Алан», æмæ йæ къухы æфты зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ. Цæвиттон, амæйразмæ дæр йæ фысты нымæц уыд дзæвгар — 200, фæлæ куыстуарзаг фосдарджытæм уый фаг нæ фæкаст, тырнынц ноджы фылдæр æнтыстытæ къухты бафтын кæнынмæ. Уыдон ныртæккæ та зилынц 400 фысмæ. Хорз сæм у цот кæныны уавæр дæр, æмæ уал хъомыл кæнынц 100 уæрыккæй фылдæр. Хуыдарды куыст та районы кæнынц æртæ хæдзарады, æмæ сæм æдæппæт ис 26 хуыйы. Хицæнтæй сисгæйæ, сæ нымæц хæдзарадты у ахæм: «Сидук»-ы хуыдарджытæм ис 15 хуыйы, уыцы нымæцы дзæргъытæ сты 3, «Циндзинад»-мæ — 7, дзæргъы æмæ «Æфсати» та зилы 4 хуымæ. Абоны онг уал хæзарадтæ хъомыл кæнынц 12 хъыбылы.

Мæргътæ дарынц дыууæ хæдзарады æмæ хицæнтæй сисгæйæ, сæ фæстиуджытæ сты ахæм: «Циндзинад»-мæ ис 100 маргъы æмæ «Виктория»-мæ та — 60. Афтæ ма районы ис ахæм хæдзарадтæ, кæцытæ кæнынц мыддарды куыст, дарынц бæхтæ. Уыдон та сты «Дианæ», «Виктория», «Цъунар» æмæ «Алан».

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.