Æрæджы Хуссар Ирыстоны рауагъд æрцыд фотоальбом «Сцена сквозь столетия», зæгъгæ, ахæм номимæ. Фотоальбом рауагътой зынгæ актрисæ, поэтессæ æмæ æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, афтæ ма Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артисткæ Галуанты Людмилæ Графы чызджы 80 азы юбилейы цытæн.

Информацион агентад «Рес»-æн рауагъды редактор Хъоцыты Андрей куыд радзырдта, уымæ гæсгæ фотоальбомæн æрмæг æртымбыл кодтой мургай. «Ацы фотоальбом уыд проекты, кæцыйы бацæттæ  кодтам Галуанты Людмилæйы 80-азы юбилейы цытæн. Уый æддейæ ма проекты ноджыдæр ис дыууæ рауагъды. Фыццаг – йæ æмдзæвгæты дыууæтомон чиныг, кæцы уагъд æрцыд ивгъуыд аз РХИ-йы Инфоромаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты æххуысæй. Уый фæстæ та йын рауагътам йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджыты диск.

Ныр та уагъд æрцыдис ацы фотоальбом дæр, фæлæ дзы, стыр хъыгагæн, хайгай æвдыст æрцыд йе сфæлдыстадон фæндаг. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы Галуанты Людмилæйæн басыгъд йæ хæдзар æмæ уый аххосæй фесæфта йæхи сæрмагонд зынаргъ архив дæр. Уымæ гæсгæ, уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтон, афтæмæй фотоальбомæн æрмæджытæ тымбыл кодтам мургай», – загъта Хъоцыты Андрей. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй сын æрмæг æртымбыл кæныны хъуыддаджы стыр æххуыс бакодтой Цхуырбаты Татьянæ, Дзудцаты Тамерлан æмæ Гугкаты Эвелинæ.

Рауагъды редактор ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фотоальбом рауадзыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста РХИ-йы Культурæйы министрад.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.