РХИ-йы Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центр æрæджы Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы ауагъта къамты конкурс «Хуссар Ирыстон  – 2017».

Ацы конкурс нæ горæты уагъд æрцыдис æртыккаг хатт æмæ ныр дæр фæбæрæг сты йæ уæлахиздзаутæ. Конкурс «Хуссар Ирыстон – 2017»-ы уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой грамотæтæй æмæ æхцайы премитæй.

26-æм августы бæрæгбоны цытæн фотоконкурсы  хайадисджытæй  жюрийы уæнгтæ фыццаг бынат радтой Цоциты Ирэнæ æмæ Гæбæраты Неллийæн. Дыккаг бынат бацахстой Габаты Владимир æмæ Наниты Дианæ æмæ æртыккаг бынат та æрхаудта Бестауты Аннæ æмæ Гæззаты Тимурмæ.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй конкурс уагъд цыдис цыппар номинацийы: «пейзаж», «хуызист» (портрет), «фауна» æмæ «Цхинвал абон».

Фоторавдысты ма конкурсы организатортæ равдыстой фарон æмæ æндæразы конкурсты уæлахиздзауты куыстытæ дæр.

Конкурс «Хуссар Ирыстон – 2017»-ы хайадисджытæй сæ иу – Хъодалаты Дзерассæ  куыд радзырдта, афтæмæй йæ, фыццаджыдæр стыр бузныг зæгъын фæнды ацы цымыдисон мадзалы организатортæн, кæй йæ срæвдз кодтой æмæ дзы стыр æхсызгонæй хайад кæй райста, уый тыххæй.

Конкурсы хайадисæг ма бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта нæ республикæйы æппæт цæрджытæн.

«Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг цæуы къамтæ исын, райсын дзы стыр æхцондзинад. Ацы фотоконкурсы хайад исын фыццаг хатт æмæ дарддæр дæр тырндзынæн, цæмæй дзы суон уæлахиздзау», – загъта Хъодалаты Дзерассæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.