Ныр цыппæрæм аз фæд-фæдыл Дзауы поселочы уагъд æрцыд РХИ-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир футболæй. Азæй-азмæ йæ хайадисджыты нымæц кæны фылдæр. Ныр сæйраг призтыл тох кодтой 13 командæйы. Уыдонæй финалмæ ахызтысты 1-æм æмæ 2-æм скъолаты командæтæ. Турниры сæйраг хъазты сæхи хуыздæр равдыстой 2-æм скъолайы футболисттæ, бантыст сын 7:2 хыгъдæй рамбулын æмæ систы турниры уæлахиздзаутæ. 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ та ацыдысты дыккаг бынатыл. Турниры æртыккаг бынат та бацахста гимназ «Альбион»-ы командæ.

Уæлахиздзаутæ æмæ Призертæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Тедеты Альберт æмæ Зелимы  фырт – Уацамонгæйы ордены кавалер Бежанты Алан.

Бæрæг ма æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ. Хуыздæр кул-дуаргæс ссис Къобесты Таймураз (12-æм скъола), хуыздæр хъахъхъæнæгыл банымадтой Чысиаты Александры («Альбион»), хуыздæр æрдæг-хъахъхъæнæджы приз лæвæрд æрцыд Джиоты Маратæн (2-æм скъола), хуыздæр размæбырсæг та разынд Хъуылымбегты Феликс (1-æм скъола). Иууыл фылдæр пуртитæ бакъуырдта æмæ хуыздæр бомбардиры приз райста Хуыбецты Дмитри (1-æм скъола) æмæ турниры иууыл хуыздæр хъазæгыл та банымадтой Æлборты Эдуарды (2-æм скъола).

АРМСПОРТ

Хуссарирыстойнаг спортсментæ тынг хорз сæхи равдыстой армспортæй Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг турнир «Кубок Балтии»-йы. 110 кг уæзы категорийы ерысты аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Гасситы Сосланæн. Уый йæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз дыууæ къухæй дæр. Финалы рамбылдта Санкт-Петербурджы минæвар Антон Куринныйы. Уый тыххæй хъусын кæны тренер Джиоты Валери. Дыууæ къухæй ма алкæмæй тыхджындæр разынд Хæбæлаты Арсен. Уый та архайдта 85 кг уæзы категорийы. Финалы Арсен дæр фæуæлахиз бынæттон спортсмен Алексей Прокофьевыл.

Нæ республикæйы командæйы минæвæрттæй ма бронзæйон призер та ссис Плиты Батрадз. Уый та йæ цæттæдзинад фæлвæрдта 90 кг.

 

БОКС

Абхазы уагъд æрцыд Леоны ордены кавалер Георгий Блабы номарæн турнир боксæй. Ерысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы минæвæрттæ. Турниры 75 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Тыбылты Александр. Уый акодта æртæ тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр йæ ныхмæлæуджыты арвыста нокдауны. Финалон тохы фембæлд Ростовы минæваримæ. Æмæ кæд уый дæр бахаудта нокдауны кæй арвыста, уыдоны номхыгъдмæ, уæддæр уымæ нæкæсгæйæ уый бафæрæзта æмæ тох ацыд кæронмæ. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ уæлахиздзауыл нымад æрцыд тренер Куымæридтаты Родионы хъомылгæнинаг у Тыбылты Александр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.