Ацы бӕрӕгбон фӕзынд рагон Италийы. Бынӕттон знӕмтӕ 1-ӕм майы кад кодтой зайӕнады дауӕг Майяйӕн. Майы мӕй дӕр схуыдтой йӕ номы тыххӕй. Афтӕ нымадӕуыд, ома, зӕгъгӕ, цас хъӕрдӕр ӕмӕ бӕрӕгбонгъуыздӕр банысан кӕнай 1-ӕм май, уыйас фылдӕр райсдзынӕ тыллӕг.

Муртатдзинад аивды фӕстӕ ацы бӕрӕгбон рохуаты аззад, фӕлӕ, уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ та йӕ сног кодтой ӕмӕ та йӕ райдыдтой нысан кӕнын XIX-ӕм ӕнусы. 1886 азы америкӕйаг горӕт Чикагойы бынӕттон кусджытӕ рацыдысты митингмӕ ӕмӕ домдтой, цӕмӕй сын сӕ куысты бон фӕкъаддӕр кодтаиккой 8 сахаты онг. Хъуыддаг уый мидӕг уыдис, ӕмӕ Аме-рикӕйы Иугонд Штатты уӕды рӕстӕджы хуымӕтӕджы зӕхкусджыты нымадтой цагъайрӕгтыл: адӕм куыстой маамӕлайы къӕбӕрыл ӕхсӕвӕй-бонӕй, ницы сӕрмагонд бартӕ сын уыд, афтӕмӕй. Раст зӕгъгӕйӕ, демонстраци уӕд фӕцис, адӕмы карзӕй бафхӕргӕйӕ… Чидӕриддӕр рахызтис уӕд митингмӕ, уыдоны бынӕттон хицауад уым ныццагътой… Ӕртӕ азы фӕстӕ, ацы тугӕйдзаг цауты мысыны тыххӕй Парижаг конгрессы II интернационал схуыдта 1-ӕм май кусӕг къласы ӕхсӕндунеон ӕмуддзинады бон.

Советон 1-ӕм май. Куыд уыдис. Советон дуджы ацы бӕрӕгбон фӕзынд 1917 азы Октябры революцийы фӕстӕ. Большевиктӕ адӕмӕн бахӕс кодтой 1-ӕм майы демонстрацитӕм хизын. Демонстрациты-иу хайад чи нӕ иста, уыдоны-иу ивар кодтой ӕмӕ ма сӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, ӕрвыстой сӕ куыстытӕй дӕр. Трансляци сӕ кодтой алы цент-ралон телеканалты дӕр. Уыцы демонстрациты хайад истой милуан адӕмы онг. Бӕрӕгбонмӕ-иу цӕттӕ кодтой мӕйы бӕрц. Стыр плакаттыл лозунгтимӕ фыст уыдис: «Сабырдзинад! Фӕллой! Май!», «Уӕлахиз уӕд 1-ӕм май!». Мыхуыры ма цыдысты зынгӕ по-литикон архайджыты къамтӕ ӕмӕ уӕлдӕфон тымбылӕгтӕ.

1-ӕм майы парад фыццаг хатт уагъд ӕрцыд Мӕскуыйы 1918 азы. Кусӕг кълас рацыдысты парады Сырх фӕзуаты, арфӕ та сын кодтой КПСС-ы партийы уӕнгтӕ. Му-зыкӕ цагъта ӕмӕ ӕхцондзинад хаста, адӕм зарыдысты ӕмӕ кафыдысты. Парадмӕ-иу ра-кодтой чысыл сабиты дӕр. Азтӕ цыдысты ӕмӕ  ССР Цæдисы ныппырхы фӕстӕ бӕрӕгбон фесӕфта йӕ поли-тикон хуыз ӕмӕ актуалондзинад. Фӕстӕдӕр, 1990 азы ацы бӕрӕгбон схуыдтой уалдзӕг ӕмӕ фӕллойы бӕрӕгбон. 1-ӕм майы бӕрӕгбон ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты кӕд ӕмӕ раздӕр 1-ӕм май нысан кодтой алы бӕс-тӕты дӕр, куыд кусӕг къласы ӕхсӕндунеон ӕмуддзинады бон, уӕд ын фӕстӕдӕр фӕ-ивтой йӕ нысаниуӕг.

Финляндийы 1-ӕм майы нысан кӕнынц студентты бӕрӕгбон. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы паддзахады ахуырадон уаг-дӕтты ахуыр фӕвӕййы уыцы бон ӕмӕ ахуырдзаутӕ, студенттӕ фӕнысан кӕнынц ацы бон. Сӕйрагдӕр бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ фӕнысан кӕнынц Хельсинкийы бӕгънӕг чызг Хавис Амандайы цырты цур. Студенттӕ уым ӕртымбыл вӕййынц ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй арвитынц сӕ рӕстӕг.

Английы та фӕкафынц националон дарӕсы мидӕг цӕджындзты алыварс, кӕцыты стухынц алыгъуызон ӕрттиваг лентӕты.

Германы 1-ӕм майы нысан кӕнынц сӕхи «Хэллоуин». Бынӕттон цӕрджытӕ скӕнынц хӕйрӕджыты дарӕс ӕмӕ ӕхсӕвы рахизынц куырысы. Нымадӕуы, зӕгъгӕ, ахӕм хуызы адӕм сӕхимӕ ӕлвасынц ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ сурынц сӕхицӕй ӕвзӕр удты.

Гавайты, немыцӕгтимӕ абаргӕйӕ, 1-ӕм май у зӕрдӕхӕлар бӕрӕгбон. Ацы бон сын баст у дидинджытимӕ: бийынц сӕ веноктӕ, хъуырфӕрдгуытӕ. Уымӕй бынӕттон цӕрджытӕ арфӕ кӕнынц ӕмӕ бузныг зӕгъынц ӕрдзӕн, ахӕм рӕсугъддзинад сын кӕй хӕлар кӕны, уый. Фӕлӕ Фӕллой кӕныны бӕрӕгбонӕн ныр дӕр кад кӕнынц бирӕ бӕстӕты. Ӕрмӕст ӕй нысан кӕнынц 1-ӕм майы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бонты.

Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты йӕ нысан кӕнынц сентябры мӕйы фыццаг къуырисӕр боны, Австралийы та – мартъы мӕйы фыццаг къуырисӕр боны.

* * *

* Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, гаккук 1-ӕм майы райдайы гакк-гукк кӕнын хъӕды.

* Кӕд ӕмӕ гаккук тӕхы ӕмӕ хъӕр кӕны хъӕуы мидӕг, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕс зынгсивӕрзт кӕнӕ донивылдмӕ.

* Кӕд-иу 1-ӕм майы уарыд къӕвда, уӕд-иу дзы ӕхсадтой сӕ сӕрыхъуынтӕ, цӕмӕй сын тагъддӕр ӕрцыдаиккой.

* Кӕд-иу фӕрв дидинӕг ракалдта, уӕд-иу зӕхкусджытӕ байтыдтой сауфагӕ.

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта

ДЫГЪУЫЗТЫ Зӕринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.