Хæдзардзин æмæ куыстуарзаг хъæууон фæллойгæнæджы аудинæгтæн рафтæн нæй, уый йæ куыстытæм сæумæцъæхæй бавналы æмæ суанг изæрдалынгтæм фæархайы сæ сæххæст кæныныл. Ноджы ма, хисæрмагонд хæдзарадты фæллой кæнынæй дарддæр иутæ æхсæнадон хæдзарадтæй зæххы фадгуытæ райстой арендæйы, æндæртæ та зæхкусæгон-фермерон хæдзарадты куыстыл лæуд сты. Афтæмæй сæ хайбавæрд хæссынц зæхкуысты культурæ сырæзын æмæ фосдарды къабаз райтынг кæнынмæ.

Хъæууон царды фыдæбæттæй уды æхцондзинад чи исы, йæ бирæ фыдæбæттæ йын мурмæ дæр чи нæ дары, ахæм фæллойуарзаг æмбæстæгтæ дзæвгар ис Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр. Ахæм раззагон фермерон хæдзарадтыл нымад сты «Цъунар», «Алан», «Цъунар» «Лохы фырт», фосдард æмæ æфси-рон культурæтæй хъæздыг тыллæг æрзайын кæныныл бакусынц ахæм арендатортæ, куыд Хъабанты Хъазбег, Мæлдзыгаты Ирбег æмæ æндæртæ. Зæрдæйæн уæлдай æхсызгондæр та уый у, æмæ азæй азмæ ахæм арендатортæ æмæ хæдзарадты нымæц кæй фылдæр кæны, стæй сæ къухты раппæлинаг фæстиуджытæ кæй æфты. Уыдон æнкъарынц бæрндзинад, цы зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг куысты æрлæууыдысты, уым кæддæриддæр кæй хъæуы æнæзæрдæхудт фæллой, агротехникæ æмæ зоотехникæйы æппæт домæнтæ дæр дырысæй æххæст кæнын.

Зæхмæ куыд базилын хъæуы æмæ дзы уый фæстиуæгæн хорз тыллæг райсæн куыд ис, уыдонимæ зонгæ у ацы хъæуы цæрæг æвзонг адæймаг Хуыбиаты Батрадз дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ разы æнцон хæс не ‘рывæрдта, фæлæ зындзинæдтæй та тæрсын нæ хъæуы, уымæ гæсгæ уал ын ис фыццаг æнтыст. Уый ацы аз хæдзарадæй бакусынмæ райста 16 гектары зæххы фадыг, развæлгъау æрцыд хуымгонд æмæ дзы уый фæстæ та агротехникæйы амындтæм гæсгæ тыд æрцыд хъæбæрхор. Æрбалæууыд тыллæг æфснайыны рæстæг æмæ йæ кæрдынмæ бавнæлдта раззагон комбайнер Бибылты Вова. Зæгъын хъæуы, тыллæгæрзад уыдаид хуыздæр, дæргъвæтин хус рæстæг куынæ ахастаид, уæд. Фæлæ уæддæр йæ тыллæгæрзадæй разы у – æдæппæт дзы бафснайдта 12 тоннæйы хæрзгъæд хойраг. Уыцы æнтыст æй ноджы тынгдæр сразæнгард кодта æмæ йæ фидæн хæдзарадон азы  ныфс ис фылдæр тыллæг æркæнынæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.