Нæ фыццаг литературон критикæн карз æмæ вазыгджын ра зынд йæ хъысмæт, куыд йæ царды бонты, афтæ йæ амæлæты фæстæ дæр.

Бекъойты Григорийы фырт Гиуæрги (Дзипкæ) уыд, царды уæззау скъола чи бакаст, йæ зондахаст иууылдæр карз классон тохты заман кæмæн сбæлвырд ис æмæ фæсреволюци ног цард аразынмæ чи бавнæлдта æмæ дзы ирд фæд чи ныууагъдта, уыцы раззагон интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу.

Пролетарион культурæйæ Гиуæрги баййæфта уæззау æфхæрд — мæлæты фæстæ та бынтон рохы амæттаг фæцис. Афтæ зæгъæн ис, æмæ абоны бон бирæтæ никуы дæр фехъуыстой Бекъойты Гиуæргийы (Дзипкæйы) ном. Афтæмæй та уый уыдис ирон литературæ зонадон æгъдауæй иртасыны фæндаг лæгæрдæг.

Бекъойты фырт йæ зæрдæмæ тынг арф иста уырыссаг революцион-демократон литературæйы традицитæ. Лæмбынæг зонгæ уыд уырыссаг литературæ зонады, æппæт уырыссаг литературæйы алыгъуызон идейон-аивадон фæдзæхстытæ æмæ скъолатимæ. Афтæмæй раззагдæр, демократондæр цæстæнгасæй рафæлгæсыд ирон фыссынады историйыл, ивгъуыд æнусты йын цы разæууæлтæ уыд, уыдонæй райдайгæйæ, суангдæр 20-æм æнусы 20-æм азты райдианы онг æмæ ирон фыссынады равзæрдыл 125 азы сæххæсты бонмæ ныффыста куыст «Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт» (1923 аз). Ирон литературæйы Гиуæргийы ацы куыст у ирон фыссынады хицæндзинæдтæ иууон системæмæ æркæныны фыццаг фæлтæрд, уыимæ ма у ирон литературæйы фыццаг зонадон иртасæн куыст. Гиуæрги цы хъуыдытæ загъта ирон культурæйы зынгæдæр кусджытæ æмæ нæ классикон литературæйы хицæн уацмысты тыххæй, уыдон абон дæр ницы фæкайдтой сæ ахадындзинадæй. Уымæн æмæ йæ иртасæн куыстыты æнцой кодта историзмы æнæсайд принциптыл, æцæгæлон ын уыд субъективизм объективон-историон хабæрттыл дзургæйæ. Ноджы ма йын йæ къух арæзта йæ диссаджы адæмæмбарынад. Уый руаджы-иу литературон уацмысы тыххæй йæ фиппаинæгтæ уыдысты кæддæриддæр раст æмæ аив, лæмбынæг иртæста æмæ æргом кодта нæ фыссынады, нæ литературæйы æхсæнадон-политикон уидæгтæ.

Уый дзырдта, зæгъгæ, нæ культурæ, нæ фыссынад цы рæстæг рацыд, уый æмбæрц нæ сырæзт, нæ сахадыдта. Уыцы фæзынды аххосаг та уыны æхсæнады социалон цардæвæрды, ирон адæмæн сæ сæр сæ бар кæй нæ уыд, экономикон æгъдауæй фæстæзад æмæ мæгуыр кæй уыдысты, уый мидæг. Фæлæ уæддæр, алыгъуызон ныхдуртæм нæ кæсгæйæ, рæзыд нæ фыссынад æмæ нын ныууагъдта зæрдæмæхъаргæ традицитæ. Уыцы традицитыл хæст уыд Бекъойты Гиуæрги дæр æмæ сын лæггад кодта, дæлæмæ сæ нæ уагъта.

Гиуæргийы куыстæн ма ис иу ахсджиаг миниуæг — куыд хорз критик, афтæ хæссы йæ тæрхон нæ литературæйы хицæн уацмыстæ æмæ архайджыты тыххæй, бæрæг ын кæны йæ дарддæры перспективæтæ æмæ зæгъы, зæгъгæ, нæ литературæмæ æнхъæлмæ кæсы стыр сомбон æмæ, зæгъгæ, нæ фысджытæ фенын кæндзысты, нæ адæмы «цардæн кæй ис йæхи нысаниуæг адæймагады иумæйаг историйы».

Ирон адæммæ ахæм мисси кæй æнхъæлмæ каст, уымæ гæсгæ Гиуæрги иудадзыг дæр йе ’ргом здæхта размæ, Ирыстоны арф уынгæг кæмттæй йæ уд хъардта уæрæх дунемæ, Ирыстоны хъысмæт баста дунейы хъысмæтимæ æмæ уый мидæг уыдта йæ фыдыбæстæйы сомбон.

Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады тыххæй Бекъойты Гиуæрги ныффыста уац «Поэт-æмбæстаг» æмæ йæ бакаст поэты амæлæтыл 15 азы сæххæсты мысæн изæры, Дзæуæджыхъæуы. Ацы уац у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадыл, номхуындæй, Къостайы лирикæйыл фыццаг бæстон куыст. Гиуæрги йæ уацы райдианы нысан кæны, зæгъгæ, Къоста у ахæм поэт, æмæ йын «йе сфæлдыстады нæй дзурæн йæхи уды индивидуалон миниуджытæй иппæрдæй… Йæ аивадон сфæлдыстады алы къахдзæфæн мах æмбæлæм поэты гоймагыл, йæ алгъуызон сагъæстимæ, зæрдæйы уагимæ, идеятæ æмæ идеалтимæ». Ацы рæнхъытæй бæрæг у Гиуæргийы уацы литературон-критикон тип, йæ мидпсихологон здæхтдзинад.

Уац «Поэт-æмбæстаджы» нæ фыццаг литературæ иртасæг аразы сфæлдыстадон анализ, фæлæ уæддæр фылдæр у поэт-адæймаг, поэт-æмбæстаджы тыххæй судзгæ зæрдæйы ныхас. Ацы уац ма у критикæн йæхи сæрмагонд удыхъæды рæсугъд миниуджытæ æвдисæг дæр. Гиуæрги йæ литературон-критикон уацы æвдисы, куыд критик, афтæ йе сфæлдыстадон-дæсныйадон миниуджыты тæккæ сæйрагдæр-сфæлдыстадон анализ кæныны психологизм. Уый уыд, нæ литературæзонынады рæзты тæккæ райдианы сæрыстырæй кæй хъуамæ банысан кæнæм, ахæм æнтыст, æмткæй, ирон литературæйы дарддæры рæзты зæрдылдаринаг фæзынд.

20-æм азты Ирыстоны периодикон мыхуыры цыдæриддæр цыд, уыдонмæ Гиуæрги йæ хъус дардта æмæ сыл фыста сæрмагонд уацтæ. Хицæн рецензитæ ныммыхуыр кодта Æмбалты Цоцкойы чиныг «Ирон адæмон таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ», стæй Батымыраты Агуыбечыры” Ирон хъæлдзæг ныхæстæ æмæ фыдæлты æмбисæндты тыххæй«.

Гиуæрги уыдис домаг аивады хæрзгъæддзинадыл дзырд кæм цыдис, уым, æмæ нæ зыдта компромисстæ. Ууыл дзурæг сты йæ уацтæ: «Не ‘взонг тыхтæ» (альманах «Зиу»-ы фыццаг чиныджы тыххæй), «Ахуыр фылдæр — фысгæ уал къаддæр», «Фидиуæджы» 1929 азы № 1 æмæ бирæ æндæртæ. Гиуæрги йæ критикон уацты нæ фысджытæй домдта цард æмæ аивады рæстдзинад, ома, царды фæзындты къамист нæ, фæлæ адæймаджы мидпсихологи æвдисæг.

Ирон литературæйы-иу Гиуæрги хорз уацмыс куы федта, уæд-иу йæ цинæн кæрон нал уыд æмæ уый дæр уыд критикы æнæмæнгхъæуæг миниуджытæй сæ иу. «Зиу»-ы фыццаг номыры Дзаттиаты Алыксандры радзырд «Хæхты заман» куы бакаст, уæд æм уый сæвзæрын кодта стыр бузныджы æнкъарæнтæ æмæ фыста: «Йæ уацары нæ бакодта психологон анализы арфдзинадæй, ирд фæлгæнцтæ æмæ реализмæй. Уымæн Алыксандрæн, лæвæрд ис æппæт дæр, цæмæй суа стыр тыхы хицау».

Бекъойты Гиуæрги йæ уды бæрц уарзта литературæ æмæ уыд йæ хуыздæр тыхтæн табугæнæг æмæ лæггад кодта нæ ивгъуыд культурон бынтæн раст саргъ кæныны хъуыддаджы.

Бекъойты Гиуæрги райгуырд 1878 азы, тæргæйтты мæйы 19-æм боны Дзæуæджыхъæуы зылды, Хъахъхъæдуры хъæуы. Йæ фыдæлтæ раджы алыгъдысты Джеры хъæуæй Цæгат Ирыстонмæ. Райдайæн аргъуаны скъола 1891азы æртындæсаздзыдæй каст фæци сæхи хъæуы, 1893 азы экзаментæ радта Æрыдоны дины ахуыргæнæндонмæ. 1899 азы дины семинар æнтысгæйæ каст куы фæцис, уæд æй скъолайы ахуыргæнджытæ бахастой фыццаг къæпхæны хъомылгæнинæгты хыгъдмæ. Семинары авд азы стипенди кæй фæиста, уый тыххæй иумæйаг фæткмæ гæсгæ, фараст азы хъуамæ æххæст кодтаид дины æхсæнады хæстæ, хъуамæ бафыстаид семинары правленийæн, цы йыл бахардз кодта, уый — 480сомы. Фæлæ, æвзонг уæвгæйæ, Гиуæрги фæцарæхст æмæ 1899 азы радта бацæуæн фæлварæнтæ Хъазаны дины академимæ. Цыппар азы фæстæ йæ каст фæцис æмæ йæ рауагътой Хуыцаудзырд зонады кандидатæй. Академийæ рацæугæйæ Гиуæрги йæ царды кæронмæ кодта рухстауæджы куыст.

1917 азы сусæны мæйы Дзæуджыхъæуы куыста Æппæт Ирыстоны ахуыргæнджыты съезд. Ацы съезды Гиуæрги бакаст сæйраг докладтæй иу: «Ирон æвзаг æмæ литературæ астæуккаг скъолаты». Ирон литературæйы уавæрмæ астæуккаг скъолаты йæ амоныны фарст бахынцгæйæ, Гиуæрги дзырдта: «Ирон литературæ ахуыр кæнынæн ис æхсæнадон нысаниуæг. Уый астæуккаг скъолаты куы амонай, уæд уымæй, æмткæй, литературæйы курс ницы зындзинад æвзардзæн, методикæйы æрдыгæй та уыдзæн хъуыддаг хуыздæр ифтонггæнæг». Гиуæргийы докладмæ гæсгæ съезд зылдон ахуыргæнæндон Советæн бахæс кодта, цæмæй тагъддæр аскъуыддзаг кæна фарста æмæ Дзæуджыхъæуы горæты астæуккаг скъолаты программæмæ бахæсса ирон æвзаг, литературæ æмæ историйы предмет.

1918 азы Терчы Адæмон Республикæйы Совадкомы декреты бындурыл Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты скъола рацарæзт æрцыд Ахуыргæнджыты ирон семинаримæ æмæ дзы директорæй баурæдтой Бекъойты Гиуæргийы, уый тыххæй йæ æрбахуыдтой Бакуйæ æмæ дзы фæкуыста 1930 азмæ. Гиуæрги уыд ЦИАС-ы уæнг, æмæ Уырыймæгты Харитоны амæлæтæй фæстæмæ та — йæ сæрдар.

Тынг стыр æмæ вазыгджын куыст бакодта Гиуæрги Ирон историон филологон æхсæнад саразыны хъуыддагæн. Йæ сывзæрдæй фæстæмæ (1918а.) уыдис уыцы æхсæнады правленийы уæнг, 1921-1923 азты та — йæ директор. Æхсæнад 1925 азты апрелы мæйы сси Цæгат Ирыстоны бæстæзонæг зонад-иртасæг институт æмæ дзы Гиуæргийы сæвæрдтой культурон историон хайады сæргълæууæгæй.

1930-æм азты Бекъойты Гиуæрги (Дзипкæ) Цæгат Ирыстонæй рацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ цардис Чъребайы. Куыста библиотекæйы (1933-1934), стæй педтехникумы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1936-1937 азты педагогон институты æвзаг æмæ литературæйы факультеты кастис лекцитæ уырыссаг литературæйæ. 1937 аз æй афтæмæй æрæййæфта, æмæ уый дæр, иннæтау, культы азарæй бабын ис, рахастой йын карз тæрхон — мæлæт.

Уæдæ Бекъойты Гиуæрги (Дзипкæ) алывæрсонæй зыдта, канд аив литературæйы фарстытæ нæ, фæлæ ма уыдис гуманитарон зонынæдты уæрæх профилы ахуыргонд, цардвæлтæрд, куырыхон зонды хицау адæймаг. Уый нын æвдисынц йæ уацтæ: истори, этнографи æмæ æвзагзонынады фарстаты фæдыл. Уыдонæй алкæйы мидæг дæр Гиуæрги у компетентон авторитет. Фæлæ уæддæр йæ удæн иууыл адджындæр уыдис аивадон литературæ, йæхæдæг йæ иу уацы цæйау загъта, зæгъгæ: «Æз мæ царды мидæг аив литературæйæ зынаргъдæрыл ницы нымайын, уæлдайдæр та нæхи æвзагыл фыст».

Бекъойты Майя, ХИЗИИ-йы ирон литературæйы историйы хайады кусæг