Бекъойты Гиуæрги (Дзипкæ) уыд, царды уæззау скъола  чи бакаст, йæ зондахаст иууылдæр карз классон тохты дуджы кæмæн сбæлвырд сты, æмæ фæсреволюци ног цард аразынмæ чи бавнæлдта æмæ дзы ирд фæд чи ныууагъта, уыцы раззагон интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу. Гиуæргийæн карз æфмæ вазыгджын разынд йæ хъысмæт. Куыд йæ цæргæ бонты, афтæ йæ амæлæты фæстæ дæр нæ фыццаг литературон критикæн. Пролетарион культурæ куы æрбиноныг, уæд дзы Гиуæрги баййæфта уæззау æфхæрд  æмæ йæ амæлæты фæстæ та бынтондæр рохы амæттаг фæци. Афтæ зæгъæн ис, æмæ йын абоны бон бирæтæ йæ ном хъусгæ дæр никуы фæкодтой.

Бекъойты Гиуæрги у ирон литературон уацмыстæн  зонады бындурыл аргъ кæныны фыццаг райдайæг, уый размæ æмбæлæм иугай уацхъуыдытыл, цыбыр фиппаинæгтыл. Адонæн цасфæнды ма аргъ кæнæм, куыдфæнды сæ ма барæм, уæддæр уыдзысты хицæн скъуыддзæгтæ æмæ сæ нæ бон нæу исты бæлвырд ныв равдисын.

Бекъойты фырт йæ зæрдæмæ тынг арф иста уырыссаг революцион-демократон литературæйы традицитæ, 19-æм æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдиан лæмбынæг зонгæ уыд уырыссаг литературæзонады, æппæт уырыссаг литературæйы алыгъуызон идейон-аивадон фæдыздæхтытæ æмæ скъолатимæ. Афтæмæй раззагдæр демократондæр цæстæнгасыл фидар хæцгæйæ, раиртæста ирон фыссынады истори, ивгъуыд æнусты йын цы разæууæлтæ уыд, уыдонæй райдайгæйæ, суангдæр XX-æм æнусы 20-æм азты райдианы онг æмæ ирон фыссынады равзæрдыл 125 азы сыххæсты бонмæ ныффыста куыст «Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт» (1923 аз).

Ирон литературæйы Гиуæргийы ацы куыст у фыццаг бафæлвæрд, ирон фыссынады цыдæриддæр фæзынд, уыдон иууон системæмæ æркæнынмæ, фæлæ ууыл нæ фæуд кæны йæ хæс: ирон литературæйы фæзындтæн фыццаг хатт ам æрцыд зонадон аргъ. Гиуæрги цы хъуыдытæ загъта ирон культурæйы зынгæдæр кусджыты тыххæй, стæй нæ классикон литературæйы хицæн уацмысты тыххæй, уыдон абон дæр ницы фæкайдтой сæ ахадындзинадæй. Уый нæ, фæлæ ма дзы бирæтæн бафтыд сæ объективон растдзинадыл.

Уый уыд уый тыххæй, æмæ Гиуæрги йæ иртасæн куыстыты æнцой кодта историзмы æнæсайд принципыл, æцæгæлон ын уыд субъективизм, объективон-историон хабæрттыл дзургæйæ.

Уæдæ Гиуæрги лæмбынæг иртæста æмæ æргом кодта нæ фыссынады, нæ литературæйы æхсæнадон-политикон уидæгтæ. Уый дзырдта, зæгъгæ, нæ культурæ, нæ фыссынад цы рæстæг рацыд, уый æмбæрц кæй нæ сырæзт, кæй нæ сахадыдта, уымæн йæ аххосаг уыны æхсæнады социалон цардæвæрды, ирон адæмæн сæ сæр сæ бар кæй нæ уыд, экономикон æгъдауæй фæстæзад æмæ мæгуыр кæй уыдысты, уый мидæг.

Фæлæ уæддæр, æппæт алыгъуызон ныхдуртæм нæ кæсгæйæ, рæзыд нæ фыссынад æмæ нын ныууагъта хорз традицитæ. Уыцы традицитыл хæст уыд Бекъойты Гиуæрги дæр æмæ сæ дæлæмæ нæ уагъта.

Гиуæргийыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы йæ куысты иу ахсджиаг миниуæджы тыххæй дæр, уый ирон фыссынады историйы афæлгæст аразгæйæ, куыд хорз критик, афтæ хæссы йæ тæрхон нæ литературæйы хицæн уацмыстæ æмæ архайджыты тыххæй, бæрæг ын кæны йæ дарддæры перспективæтæ æмæ зæгъы, зæгъгæ, нæ литературæмæ æнхъæлмæ кæсы стыр сомбон, нæ фысджытæ, зæгъгæ, фенын кæндзысты, нæ адæм йæ уæззау историон уавæрты æнæхъуаджы кæй нæ бавæрдта йæ цард, «уыцы цардæн кæй ис йæхи нысаниуæг адæймагады æппæт иумæйаг историйы».

Ирон адæммæ ахæм мисси кæй æнхъæлмæ каст, уымæ гæсгæ Гиуæрги иудадзыг дæр йе ‘ргом здæхта размæ, Ирыстоны арф уынгæг кæмттæй йæ уд хъардта уæрæх дунемæ, Ирыстоны хъысмæт баста дунейы хъысмæтимæ æмæ уый мидæг уыдта йæ фыдыбæстæйы сомбон.

Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады тыххæй Бекъойты Гиуæрги ныффыста уац «Поэт-æмбæстаг» æмæ йæ бакаст поэты амæлæтыл 15 азы сыххæсты сæраппонд мысæн изæры Дзæуджыхъæуы. Ацы уац у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадыл, номхуындæй – Къостайы лирикæйыл фыццаг бæстон куыст. Гиуæрги йæ уацы райдианы нысан кæны, зæгъгæ, Къоста у ахæм поэт, æмæ йын «йе сфæлдыстады нæй дзурæн йæхи уды индивидуалон миниуджытæй иппæрдæй…  Йæ аивадон сфæлдыстады алы къахдзæфæн мах æмбæлæм поэты гоймагыл, йæ алыгъуызон сагъæстимæ, зæрдæйы уагимæ, идеятæ æмæ идеалтимæ». Ацы рæнхъытæй бæрæг у Гиуæргийы уацы литературон-критикон тип, йæ мид- психологон здæхтдзинад.

Уац «Поэт-æмбæстаджы» литературæйы нæ фыццаг иртасæг аразы сфæлдыстадон анализ, фæлæ уæддæр фылдæр у поэт-адæймаг, поэт-æмбæстаджы тыххæй зæрдæйы судзгæ ныхас. Ам Гиуæрги равдыста йе ‘ппæт арæхстдзинад, поэт-субъекты удыхъæд æмæ уый объективонæй кæй разынд, уыцы поэтикон сфæлдыстады иууыл сусæггагдæр æлхынцъытæ райхалынмæ, æхсæнадон-литературон фарстытæ кæрæдзийыл бастæй æвзарынмæ, равдыста йæ уарзондзинад стыр поэтмæ, æмткæй – ирон литературæмæ, ирон адæм-мæ.

Ацы уац ма у критикæн йæхи сæрмагонд удыхъæды рæсугъд миниуджытæ æвдисæг дæр. Гиуæрги йæ литературон-критикон уацы æвдисы, куыд критик, афтæ йе сфæлдыстадон-дæсныйадон миниуджыты тæккæ сæйрагдæр – сфæлдыстадон анализ кæныны психологизм. Уый уыд, нæ литературæзонынады рæзты тæккæ райдианы сæрыстырæй кæй хъуамæ банысан кæнæм, ахæм æнтыст, æмткæй – ирон литерату  рæйы дарддæры рæзты зæрдылдаринаг фæзынд.

Хицæн рецензитæ ныммыхуыр кодта Æмбалаты Цоцкъойы чиныг  “Ирон адæмон таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ”, стæй Батымыраты Агуыбечыры “Ирон хъæлдзæг ныхæстæ æмæ фыдæлты æмбисæндты тыххæй”.

Гиуæрги уыд домаг, аивады хæрзхъæддзинадыл дзырд кæм цыдис, уым, æмæ нæ зыдта компромисстæ. Ууыл дзурæг сты йæ уацтæ: “Не ‘взонг тыхтæ” (альманах “Зиу”-ы фыццаг чиныджы тыххæй), “Ахуыр – фылдæр, фысгæ уал – къаддæр», “Фидиуæджы” 1929 азы №1 æмæ 2 “Прошинская-Шараповайы драмæ” Хæххон Ирыстоны дидинæг”  æмæ бирæ æндæртæ.

Гиуæрги йæ критикон уацты нæ фысджытæй домдта цард æмæ аивады рæстдзинад, уыдон хъуамæ царды фæзындтæ къамтау ма исой, фæлæ æвдисой адæймаджы мидпсихологи.

Ирон литературæйы-иу Гиуæрги хорз уацмыс куы федта, уæд-иу йæ цинæн кæрон нал уыд æмæ уый дæр уыд критикы æнæмæнгхъæуæг миниуджытæй сæ иу. «Зиу»-ы фыццаг номыры Дзадтиаты Алыксандры радзырд «Хæхты заман» куы бакаст, уæд æм уый сæвзæрын кодта стыр бузныджы æнкъарæнтæ æмæ фыссы: “Йæ уацары нæ бакодта психологон анализы арфдзинадæй, ирд фæлгæнцтæ æмæ реализмæй. Уымæн, Алыксандрæн, лæвæрд ис æппæт дæр, цæмæй суа стыр тыхы хицау».

20-æм азты Советон хицауад куы æрфидар, уæд Ирыстоны тынг рапарахат æмдзæвгæтæ фыссыны куыст дæр, фæлæ уыцы æмдзæвгæтæй бирæтæ уыдысты хъуаг поэтикон дæсныйадæй æмæ сын Гиуæрги амыдта: “Курдиат стыр куы нæ уа фыссæгмæ, афтæмæй теори хорз куы зона, уæд адæмæн пайда чи уа, ахæм уацмыстæ фыссын йæ бон бауыдзæн. Æнæ теори зонгæ та курдиатджын фыссæг дæр, уыдзæн кæддæриддæр æнахъом, æдых». Йæ ацы ныхæстæ абоны бон дæр сты тынг актуалон, сæ ахадындзинад бынтондæр нæ фесæфтой.

Уый йæ уды бæрц уарзта литературæ æмæ уыд йæ хуыздæр тыхтæн табугæнæг æмæ лæггад кодта нæ ивгъуыд культурон бынтæн раст аргъ скæныны хъуыддаджы.

Бекъойты Гиуæрги райгуырд 1878 азы, тæргæйтты мæйы 19-æм бон Дзæуджыхъæуы зылды, Хъахъхъæдуры хъæуы. Йæ фыдæлтæ раджы кæддæр алыгъдысты Джеры хъæуæй. Аргъуаны райдиан скъола 1891  азы æртындæсаздзыдæй каст фæци сæхимæ хъæуы, уый фæстæ фæлварæнтæ радта Æрыдоны дины семинаримæ.

1899 азы та радта бацæуæн фæлварæнтæ Хъазаны дины академимæ. Цыппар азы фæстæ йæ каст фæцис æмæ йæ рауагътой Хуыцауы ахуырады кандидаты степенимæ.

Академийæ рацæугæйæ, Гиуæрги йæ царды кæронмæ кæны рухстауæджы куыст. Райдианы дыууæ азы бакуыста г. Мстиславы дины ахуыргæнæндоны, стæй йæ ныууагъта æмæ райдианы куыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй Лабæйы гимназы, стæй та – Бакойы.

Уæрæсейы кусæг кълас 1905-1906 азты сæ бартыл куы сдзырдтой, уæд Гиуæрги дæр уыд Ирыстоны революцион растадонты ‘хсæн. Уый 1906 азы ирон адæмы съезды номæй Терчы областы наместникы минæвар инæлар Михайловмæ балæвæрдта петици, цыран домдта сæрибардзинады æппæт бартæ – мыхуыры, æмбырдтæ аразыны, куыстурæд кæныны æмæ æндæр хъуыддæгты.

1906 азы Гиуæргийы сæргълæудæй Даргъ-Къохы уыд æд гæрзтæ растад, революцийы зондахастыл фæсивæд ахсынмæ уырдæм цы полицæйæгты къорд фæзынд фæндзай лæджы скондæй, уыдоны ныхмæ. Растадонтæ уый бæрц хъæддых фæлæууыдысты, æмæ хотыхджын полицæйæгты лидзæг фæкодтой. Гиуæргийы сæргълæудæй, фæсивæд хорз революцион къорд скæнгæйæ, хъæутæй тардтой хицауады старшинæты æмæ уыдоны бынæтты урæдтой сæхи æвзæрст адæймæгты.

1917 азы 10-16 июлмæ Дзæуджыхъæуы куыста Æппæт Ирыстоны ахуыргæнджыты  съезд. Ацы съезды Гиуæрги бакаст сæйраг докладтæй иу: ”Ирон æвзаг æмæ литературæ астæуккаг скъолаты».

Ирон литературæйы уавæр æмæ астæуккаг скъолаты йæ амоныны фарст бахынцгæйæ, Гиуæрги дзырдта: «Ирон литературæ ахуыр кæнынæн ис æхсæ-надон нысаниуæг. Уый астæуккаг скъолаты куы амонай, уæд уымæй æмткæй литературæйы курс ницы зындзинад æвзардзæн, методикæйы ‘рдыгæй та уыдзæн хъуыддаг хуыздæр ифтонггæнæг».

Гиуæргийы докладмæ гæсгæ съезд округон ахуыргæнæндонон Советæн бахæс кодта, цæмæй тагъддæр аскъуыддзаг кæна фарст æмæ Дзæуджыхъæуы горæты астæуккаг скъолаты программæмæ ба-хæсса ирон æвзаг, литературæ æмæ историйы предмет.

1918 азы Терчы Адæмон Республикæйы Совадкомы декреты бындурыл Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты скъола рацарæзт æрцыд Ахуыргæнджыты ирон семинаримæ æмæ дзы директорæй баурæдтой Бекъойты Гиуæргийы, уый тыххæй йæ æрбахуыдтой Бакойæ æмæ дзы фæкуыста 1930 азмæ.

Гиуæрги уыд ЦИАС-ы уæнг æмæ 1919 азæй та – йæ сæрдар.

Тынг стыр æмæ вазыгджын куыст бакодта Гиуæрги Ирон историон филологон æхсæнад саразыны хъуыддагæн. Йæ сывзæрдæй (1918 азы) фæстæмæ уыд уыцы æхсæнады правленийы уæнг, æртæ азы та – 1921-1923 азты директор. Æхсæнад 1925 азты апрелы мæйы ссис Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн зонад-иртасæн институт æмæ дзы лæууыд культурон-историон хайады сæргъ.

1930-æм азты Бекъойты Гиуæрги Цæгат Ирыстонæй рацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ цард Чъребайы. Куыста ам, библиотекæйы, стæй – педтехникумы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1936-1937 азты пединституты æвзаг æмæ литературæйы факультеты каст лекцитæ уырыссаг литературæйæ.

1937 азы уый дæр бирæтау гоймаджы  культы азарæй бабын, рахастой йын мæлæты тæрхон.

Бекъойты Гиуæрги алыварсонæй зыдта канд аив литературæйы фарстытæ нæ, фæлæ уыд гуманитарон зонынæдты уæрæх профилы ахуыргонд, цардвæлтæрд, куырыхон зонды хицау адæймаг. Уый нын æвдисынц йæ уацтæ истори, этнографи æмæ æвзагзонынады фарстыты фæдыл. Уыдонæй алкæцыйы  дæр Гиуæрги у компетентон авторитет. Фæлæ уæддæр йæ удæн иууыл адджын дæр уыд аивадон литературæ, йæхæдæг йæ иу уацы цæйау загъта, зæгъгæ, «Æз мæ царды мидæг аив литературæйæ зынаргъдæрыл ницы нымайын, уæлдайдæр та – нæхи æвзагыл фыст». 

БЕКЪОЙТЫ Майя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.