Мысинаг

Хостыхъоты Зинæ. Лæджымсæр сылгоймаг. Уанеты Ладикы критикон хатдзæгмæ гæсгæ фыццаг ирон поэтессæ. Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у, кæд уымæйразмæ дæр чидæртæ фыста æмдзæвгæтæ, уæддæр. Цæвиттоны хъуыддагæн, фыццаг «зæрватыччытæн» уадиссаг нæ райхъуыст сæ уалдзыгон зарæг, растдæр зæгъгæйæ та  поэзи нæ басгуыхт сæ курдиаты æвидигæ ратæдзæн æмæ кæмдæр фæсвæд аззадысты дæргъвæтин рæстæджы, сæйраг сын ссис прозаикон уацмыстæ фæлдисын. Зинæйæн та сæрысуангæй æмдзæвгæ басгуыхтис йæ зæрдæйы æмдзæрин æмæ йæ уæгъд нал суагъта йæ мæлæты бонмæ. Рæзтис бонæй-бонмæ, арфæй-арфдæр кодта йæ аивадон хъуыды, ирдæй-ирддæр  йæ агургæ фæлгонц, тематикæ æмæ проблематикæйы хæрзиуджытыл та дзырд дæр нæй.

Цыбыр ныхасæй, сылгоймаг уæвгæйæ, парахат  зæрдæйы  хицау уыдис Зинæ, ныфсджын хъуыдытæ нывæндаг, Ирыстоныл кодта лæджыхъæдджын зарджытæ, йæхи йын æвæрдта сæрхъызойы бынаты æмæ йыл фидаугæ дæр кодта, уымæн æмæ былалгъæй ныхæстæй нæ амадта йæ зæрдæмæхъаргæ лирикон æмдзæвгæтæ. Курдиатджын поэтессæйы аивадон миниуджытæ æз фæхатыдтæн, сæйраджыдæр, йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Сæууон æртæх»-ы къухфыст ын куы бакастæн, уæд. Цæвиттон, Зинæ йæ цард куы баиу кодта курдиатджын актер Бекъойты Гогиимæ, уæд куыстам журнал «Фидиуæджы» редакцийы иу хайады: уый поэзийы хайады сæргълæууæг, æз та  литкусæг. Æмæ мæм иу хатт бахатыд, цæмæй йын йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд рагацау, цалынмæ йæ рауагъдадмæ нæ раттаид, уæдмæ æз бакастаин æмæ йын мæ хъуыдытæ загътаин фиппаинæгты хуызы, де ‘мдзæвгæты нывæзт, дам, мæ зæрдæмæ цæуы æмæ, дам, дæм уымæн баулæфыдтæн. Мæнæн уыцы ныхас хъыг кæм уыдаид æмæ йын сæ лæмбынæг бакастæн, мæ авналæнтæ мæ куыд амыдтой, афтæ сæм кæмдæрты фæныхылдтон, кæмдæрты та йын мæ фиппаинæгтæ схæлар кодтон. Æппæлгæ нæ кæнын, фæлæ сæ Зинæ æхсызгон æмæ разыйæ бахыгъта.

Хостыхъонимæ лæгæй-лæгмæ та фыццаг хатт базонгæ дæн афтæ: Мæскуыйы Горькийы номыл литинституты куы ахуыр кодта, раст уыцы рæстæджы та театралон студийы курсыты уыдис не ‘мзæххон, курдиатджын актер Бекъойты Гоги æмæ-иу арæх æмбæлдысты иумæ. Афтæмæй кæрæдзимæ уарзон зæрдæ бадардтой æмæ сæм æрцыдис сæ царды фæндæгтæ баиу кæныны фæнд. Гоги йæ ахуыр фæуыны фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Къостайы номыл Паддзахадон театры актерæй. Зинæ та бацагуырдта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæу, цы ранæй йæ ахуыры фæндаг ацыдис Мæскуымæ æмæ кусын райдыдта, кæд нæ рæдийын, уæд газет «Рæстдзинады» редакцийы. Уыцы рæстæджы æз куыстон Хуссар Ирыстоны областон радиокомитеты фæстаг хабæртты дикторæй. Уым куыста прозаик Букуылты Алыкси дæр, уый та  кæстæр редакторæй. Иу бон мын афтæ зæгъы: «Бекъойты Гоги мæ Дзæуджыхъæумæ хатæгæй минæвар кæны Хостыхъоты чызгмæ, сæ фæнд иу у, фæлæ сæ уæддæр фæнды æгъдауы сæрты ма ахизын æмæ ды дæр мемæ куы рацæуис, уæд хуыздæр уаид. Булкъаты Михал дæр та ам ис, знон æрцыдис Самтредиайæ, уый дæр фалæмæ цæуинаг у æмæ, æвæццæгæн, немæ фембал уыдзæн. Цæвиттон, Туркмæ цы ирон адæм алыгъд, уыдоныл роман фыссинаг у æмæ æрмæджытæ агуры. Дзагуырты Гуыбадыйы кой мын кодта, уымæ, дам, цыдæр чиныг ис æмæ, дам, мæм æй кæд рæстæгмæ авæрид.

Раст зæгъгæйæ, мæн дæр стыр æхсызгонæй бафæндыд дыууæ уæздан æмæ хæстæг хистæримæ абалц кæнын, уымæй дæр Дзæуджыхъæуы никуыма уыдтæн æмæ дзы, зæгъын, азылдтытæ кæнон. Цыбыр ныхасæй, æртыккаг бон автобусыл сбадтыстæм æмæ нæ фæндаг акодтам Арвыкомыл Дзæуджыхъæумæ. Æрбынат кодтам иу мæгуыргомау уазæгдоны æмæ дыккаг бон нæ хъуыддæгтæм бавдæлон стæм. Æрцагуырдтам Зинæйы æмæ йын не ‘рцыды аххосаг бамбарын кодтам. Уый нæм ракастис хæлар цæстæй æмæ нын «табуафси» дæр загъта йæ иухатæнон фатермæ. Цыбыркъух уæвгæйæ нын ахæм фæрныг æфсиниуæг бакодта, æмæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты Къостайы æмдзæв-гæйы рæнхъытæ:

«Хорз æфсин цынæ хæринаг

Авæрдзæн лæгæн йæ разы.

Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй

Бирæ кад дæттын фæразы.

Дыккаг бон та йæ мах фæхуыдтам, редакцийы бæстыхаймæ æввахс чи уыд, иу ахæм кафемæ æмæ уым дæр дзæбæх фæбадтыстæм, кæд нæ рæдийын, уæд Дзасохты Музафер дæр немæ уыдис, уыимæ дæр уæд базонгæ дæн. Музафер йæхæдæг дæр «Рæстдзинады» редакцийы куыста уæд æмæ йæм йæ кабинетмæ схызтыстæм, Гуыбадымæ нын фæдзырдта йæ телефонæй, бамбарын ын кодта, ахæм æмæ йæм ахæм лæг кæй æрцыдис Хуссар Ирыстонæй æмæ йæ де ‘ххуысы сæр кæй хъæуы. Уыйадыл Михалы хъуыддаг арæвдз и.

Æртыккаг бон Алыксы, Михал, Зинæ æмæ æз нæхи аирхæфстам Терчы былгæронмæ. Дуртыл æрбадтыстæм æмæ фæныхæстæ кодтам знæт фурды хъуырдухæнтæм хъусгæйæ. Михалы суинаг романæн дæр уым æрымысыдтæн ном «Теркæй  Туркмæ», зæгъгæ. Æмæ йын æй куы загътон, уæд йæ цæсгом сæуæхсидау фæрухс, исдуг ахъуыды кодта æмæ мын афтæ зæгъы: «Диссаг у, æвæдза, хатт лæгæн йæ цæсты раз цы вæййы, уый дæр куыднæ фены? Мæхæдæг æй куыд нæ æрхъуыды кодтон! Фыдæлты фарнæй хайджын у кæддæриддæр!» Уæлдай тынгдæр та йæ зæрдæмæ фæцыд Зинæйæн мæ номæвæрд. «Нырма Теркæн зæгъын хъæуы бузныг, стæй та Герсанæн, уый йын æрлæууын кодта йæ зæрдыл ацы колоритон фольклорон ном».

Цыппæрæм бон Зинæйы дæр нал федтам æмæ Музаферы дæр –  сбадтыстæм та, цы автобусыл æрцыдыстæм, ууыл æмæ Арвыкомы къæдз-мæдзытæ фæндагыл æрфардæг стæм Чъребамæ. Гогийæн хабар радзырдта Алыксы æмæ иу-дыууæ къуырийы фæстæ Хостыхъоты Зинæ чъребайаг баци… Дыууæ къуырийы бæрц уæгъдибарæй ацард, Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт куыд уыдтæн, афтæ уый та Цхинвалы æмæ йемæ зонгæ кодта, йæ сæрыхицауимæ-иу сыл куы кæм амбæлдтæн, куы та  кæм. Боныфæстагмæ куыст дæр æрцагуырдта æмæ кæрæдзийæн конкуренттæ куы разыниккам. Цæвиттон, уыцы рæстæджы журнал «Фидиуæджы» редакцийы фæзындис поэзийы хайады сæргълæууæджы бынат,  уæдмæ дзы Бестау куыста æмæ уый бæрнон нымæрдар куы ссис, уæд йæ бынат суæгъд æмæ Гафез æмæ Дзугаты Георги агуырдтой, къух сын чи радтаид, ахæм кадр. Гафезы фæндыд, цæмæй дзы баурæдтаиккой Нартыхты Михалы, кæцы уыцы рæстæджы тæргайгомауæй алыгъд Къахетмæ æмæ куыста гуырдзиаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Гъе, фæлæ йæм Обкомы æрдыгæй хъæрмуд зæрдæ ничи дардта æмæ уымæ гæсгæ Гафез бонахсадæн кодта. Æз æм иухатт бацыдтæн æмæ йын рахабар кодтон: «Куыд æй зоныс, афтæмæй æз æрæджыйы онг дикторæй куыстон, фæлæ мын мидæмæ зоб кæй разынди, уымæ гæсгæ мын мæ хъæлæсы уадындзты хъыгдарын байдыдта æмæ мæ бон нал вæййы фæстаг хабæртты æрмæджытæ кæсын, уæлдайдæр та газетæй æнæхъæн фæрстæ ранымайын куы бахъæуы, уæд тыхсын. Уыйадыл мæ бахъуыд уыцы дæсныйадæй мæхи иуварс ракæ-нын, дохтыртæ дæр мын афтæ бауынаффæ кодтой…»

Гафез мæм сæрæй хæлар зæрдæ дардта æмæ мæм ацы хатт дæр лæмбынæг байхъуыста, фæлæ мæ уыцы бынатмæ айсыныл не сразы. «Мæхи Герсан, тынг дæ æфсæрмы кæнын, дæ зын уавæр дæр дын æмбарын, фæлæ мæн нæ фæнды мæ дзырд фæмæнг кæнын. Хъуыддаг афтæ у, æмæ æз Михалмæ фыстæг арвыстон, курын дзы, цæмæй æрбаздæха æмæ журналы райдайа кусын. Уый дæуæй бирæ хистæр у, редакцийы куысты стаж дæр ам ис, чингуытæ ра-уагъта, Фысджыты цæдисы уæнг у æмæ уымæ æмбæлы алкæмæй раздæр ацы бынат. Æниу хицауады цæмæндæр нæ фæнды æмæ кæд мæ куырдиатыл не сразы уой, уæд та дæуæй раздæр никæй айсдзыстæм, уый тыххæй Георгиимæ дæр дзырдтон æмæ дыууæ нæ загъта мæ фæндыл.

Цалдæр боны фæстæ мыл 8-æм июны уынджы амбæлдысты Зинæ æмæ йæ сæрыхицау Гоги. Зæрдиаг салæмттæ радтам кæрæдзийæн, сæ къухтæ сын райстон æмæ дарддæр фæцæй-цыдтæн магазинмæ дзул æлхæнынмæ. Æмæ æваст мæ хъустыл ауад Зинæйы хъæр: «Герсан, хæдæгай, арфæ дын кæнын дæ ног куысты тых-хæй! Знон Гафезмæ уыдтæн æмæ мын уый загъта, Хицауад, дам, Михалы нæ уадзынц æмæ, дам, дзы хъуамæ Герсаны бауромæм».

Мæнæн æхсызгон кæм нæ уыдысты ахæм ныхæстæ фехъусын æмæ йын «Стыр бузныг» загътон… Ахæм æхцон равгимæ дыккаг бон Гафезы кабинеты къæсæрыл балæууыдтæн æмæ йæ æнкъардæй баййæфтон. Райсом, дам, мæм Обкомы фыццаг секретарь Чиаты Иосиф йæхæдæг æрбадзырдта телефоны, уыцы бынаты, дам, бауромут Хостыхъоты Зинæйы, уымæн, дам, бæрзонддæр ахуырад ис, суанг ма, дам, ын йе ‘мдзæвгæтæ уырыссаг æвзагмæ дæр ратæлмац кодтой æмæ чиныг дæр рауагъта… “Æз æй куыд базыдтон, афтæмæй раззаг бон Куаисамæ йæ машинæйыл ацыд Радиокомитеты хицау, Гогийы æрвад Бекъойты Раисæ æмæ йын уый диссаджы æппæлæн ныхæстæ фæкодта Хостыхъонæн æмæ йыл де ‘мчысайнаг секретарь баууæндыд. Æз Зинæйы ныхмæ дæр нæ дæн, фæлæ мын хициуад мæ ныхæстæ кæй ницæмæ æрдардта, уый мын æгæрон хъыг бафтыдта мæ зæрдæйыл… Цæй, ницы кæны, мæгуыр быхсаг вæййы. Кæд та исты фæзынид æмæ дæ фарст дæр аскъуыддзаг уаид» – йæ ныхас балхынцъ кодта Гафез…

«Æнахуыр диссаг у цард. Знон мын Зинæ раарфæ кодта «мæ ног бынаты» тыххæй, абон та йын æз хъуамæ раарфæ кæнон уыцы «ног бынаты» тыххæй  мæхимидæг хъуыдытæ гæнгæ рацыдтæн Гафезæй æмæ редакцийы бын цы чингуыты магазин уыд, уырдæм бахызтæн…

Рацыд рæстæг. Зинæ йæ фæрныг кабинеты бады æмæ редакци кæны кæйдæрты поэтикон уацмыстæ. Æз дæр æм рæстæггай бахизын æмæ аныхæстæ кæнæм, раст зæгъгæйæ, æууæндыд мыл æмæ мын-иу йæ хъæстытæ дæр акодта…

Иу райсом та цæрæн массивæй уæлæмæ фæцæуын горæты центры æрдæм. Бæгæныйы заводы цурмæ куы схæццæ дæн, уæд мыл хæрхæмбæлд фæцис Цхуырбаты Уасдже.

Галиу Уасдже. Бæрнон бынæтты кусджытæн цæлæнцой чи нæ лæвæрдта, иудадзыг хъасты гæххæттытæ чи фыста, уыцы автор. Чысыл пьесæтæ æмæ сатирикон миниатюрæтæ чи фыста æмæ сæ редакцитыл чи хъардта, уыцы адæймаг. Лæджы-иу худын дæр фæкодта, фæлæ йæм тадзгæ-баргæ дзурын хъуыдис, нæуæд дæм феххæлыдаид чысыл истæй тыххæй дæр. Æниу мæнмæ ацы хатт тынг хæларзæрдæйæ ракаст, фæрстытæ мæ кæны мæ царды хабæрттæй, кæм кусын, уымæй.

– Нырма æгуыст дæн, Уасдже, никæцæй ницыма зыны, фенæм, кæд нæ уынджы дæр искуы чындзæхсæв уаид,  ралæмæрстон цалдæр дзырды æмæ дарддæр куыд хъуамæ ацыдаин, афтæ мын мæ дысыл фæхæцыд Уасдже æмæ цыма йæ ныхæстæн искæмæй фехъусынæй тарстис, уыйау мын бынтон сабырæй афтæ зæгъы:

– Зоныс, цы, мæнæн сæрмагондæй хицауад радта иу штат «Фидиуæджы» редакцийы, поэзийы хайады литкусæг, фæлæ йæм æз ницæй тыххæй бацæудзынæн. Куыд ис уый гæнæн æмæ цæрæнбонты бæрнон бынæтты директорæй чи фæкуыста, уый ныр цумайы лæппу суа Хостыхъоты Зинæйæн. Мæнæй мацы зæгъ, фæлæ дæ фæндаг комкоммæ акæн Обкомы æртыккаг секретарь Тедеты Павелмæ, цæмæй йæм барвитой дæу æмæ дæ сывæллæттæ æххормагæй мацы кæной…

Афтæ Уасджемæ разындис адæймагдзинад дæр æмæ йын стыр бузныгтæ фæдзырдтон, мæхæдæг араст дæн æмæ мын куыд загъта, афтæ бакодтон. Уыйадыл дыккаг бон Зинæйы кабинеты мæнæн дæр стол разындис æмæ йæ фарсмæ фæбадтæн цалдæр азы, фæкуыстам кæрæдзи æмбаргæ æмæ хæларæй, цалынмæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ мæ хистæр Дзæу-джыхъæумæ нæ ацыд йæ сæрыхицаумæ цæ-рынмæ, уæдмæ.

***

Мæ мысинаджы кæрон ма мæ уый зæгъын фæнды, æмæ Зинæ цæрынхъуагæй ацыдис йе ‘нусон бынатмæ, бирæ лирикон фæндиæгтæ ахаста йемæ æмæ уымæй, фидарæй зæгъæн ис, стыр зиан æрцыд нæ дзырдаивадыл, фæлæ мæн æнкъард нотæйыл балхынцъ кæнын нæ фæнды мæ ацы æрмæг, уымæн æмæ Хостыхъон куысты мидæг кæд æнæкомпромисон уыдис, æрмæг-иу йæ зæрдæмæ куынæ цыдис, уæд ыл йæ къух нæ фыста æфсæрмæй æмæ-иу ын «фæндараст» нæ загъта типографмæ, уæддæр æм-иу разынд юморы равг дæр. Цæвиттон, иу бон мæм радта Цæгат Ирыстойнаг автор Кертанты Тахир, зæгъгæ, уый æмдзæвгæтæ æмæ мæ бафæдзæхста: «Æфсæрмытæй едтæ къух нæ дæттынц махæн, бакæс сæ æмæ кæд истæйаг сты, уæд сæ мыхуырмæ бацæттæ кæн. Кæд сæ дзыхыакæнинаг ницы ис, – дзуапп æм ныффысс æмæ йæ почтæйы арвит.

Æз базонгæ дæн семæ æмæ дзы мæ зæрдæ ницæмæй  барухс. Уыйадыл æм ныффыстон, зæгъын, нырма дæ дæхиуыл бирæ бакусын хъæуы, фылдæр кæс поэтикон чингуытæ, æвзар, реалистон бындур кæмæн ис, ахæм темæтæ…

Зинæ мæ куы бафарста, уыцы авторы æмдзæвгæты хъысмæты тыххæй, уæд ын радзырдтон мæ фыстæджы мидис. Уый мæм æваст фæххæлæгау кодта:

– Æй, æнæрай дзы куыд скодтай, гъе! Кертанты Тахир уæртæ Хацырты Сергейы цахъхъæн лæг куы у æмæ йæм ды та цумахъом лæппуйы фыстæг куы ныффыстай, сау худинаккаг фестæм, æндæр ницы…

– Йæ ном мæм чысыл лæппуйы номы хуызæн фæкастис æмæ… Æмдзæвгæтæ сæхæдæг дæр фæлварæнты хуызæн уыдысты æмæ æз цæмæй хæйрæг уыдтæн?  мæхи раст кодтон йæ разы, фæлæ мыл уый уæддæр йæ азымы зæлтæ згъæлста исдуг, стæй худынмæ фæци. Йæ худæг ахæцыд мæныл дæр…

Зинæ, ноджыдæр æй зæгъын, ме ‘мдзæвгæтæн хорз аргъ кодта, æвæрдта мæ, уыцы заманы ме ‘мкарæн поэттæ Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр (Хъодзаты Æхсар, Малиты Уасо, Дзасохты Музафер, Скифирон, Æлборты Хадзы-Умар, Джыккайты Шамил æмæ æнд.)  уыдон æмрæнхъ. Уыцы хаццæджы раст уыдис æви нæ, æз ныртæккæ уый бæлвырд кæнынмæ нæ хъавын. Фæлтау æрхæсдзынæн цæвиттонæн мæ фыццаг рецензенты (Зинæйы) ныхæстæ, кæцытæ мыхуыры уыдысты журнал «Фидиуæджы» фæрстыл 1965 азы: «Бафæлдæхтон чиныджы фæстаг сыф æмæ æхцондзинад, сæууон уæлдæфау, баулæфыд зæрдæмæ. Цыма мæ къухы чысыл чиныг нæ, фæлæ малусæг ис, уалдзæджы фидиуæг.

Æрдз балæвар кодта Герсанæн рæсугъд курдиат. Йе ‘мдзæгæты æвзаг у хуымæтæг, фæлæ поэтикон, нывджын. Æнæнхъæлæджы барæнтæ, эпитеттæ, метафорæтæ зæрдæйы ссудзын кæнынц цины арт».

Хъыгагæн, мæнæн никуы бантыстис Зинæйы сфæлдыстады тыххæй мæ хъуыдытæ ранывæндын, афтæмæй та нæ поэзийы рæвдздæр зиууонтыл нымад уыдис æмæ абон дæр у. Æниу йæ саударæн бонты, нæ поэттæй бирæтау, æз дæр мæ уынгæг хъынцъым равдыстон номарæн æмдзæвгæйы æмæ ма ууыл мæ зæрдæ дарын, кæд искæй æнкъарæнты базмæлын кодта, уæд.

Хъодалаты Герсан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.