27-æм ноябры дзæнæттаг Гаглойты Зинаидæ Дауыты чызджы райгуырдыл сæххæст уыдаид 100 азы æмæ уый цытæн 1-æм декабры Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уагъд æрцыдис æхсæнадæмон конференци. Æрбацыдысты йæм нæ Республикæ къухдариуæгады минæвæрттæ, нæхи æмæ Цæгат Ирыстоны зонадон кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ журналисттæ.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уымæн Зинæ уыдис йæ хæрз фыды хо, фæлæ куыд ахуыргонд, афтæ тынг хорз зоны Зинаидæйы лæггæдтæ зонады. Гаглойты Роберт куыд банысан кодта, афтæмæй фæнд кæнынц Зинæ кæм цардис, уыцы хæдзары къулыл бакæнын мемориалон фæйнæг. «Уыцы хæдзары ма цардысты Уанеты Захар, Тъехты Баграт æмæ Плиты Баграт, уымæ гæсгæ нæм ныр фæзынд ахæм хъуыды, цæ-мæй сын бакæнæм иумæйаг фæйнæг. Ацы зындгонд ахуыргæндтæ æвæджиауы лæггæдтæ бакодтой зонадæн, Ирыстоны ном уыдон дардыл айхъуысын кодтой æмæ сты нæ абоны фæлтæр дæнцæг кæмæй исой, ахæм гоймæгтæ», — банысан кодта Гаглойты Роберт. Уый ма бæстонæй æрдзырдта Зинæйы зонадон куыст æмæ архайды тыххæй. Арф æмæ фундаменталон иртасæн куыстытæ бакодта номдзыд ахуыргонд хæдзарадон æмæ материалон культурæйы, æхсæнадон, бинонты цардуаджы тыххæй æмæ бирæ æндæртыл.

Номарæн конференцийы бакастысты ахæм цымыдисон докладтæ: «Гаглоева З. Д. — первая женщина доктор исторических наук в Осетии» — историон зонæдты кандидат, ХИЗИИ-йы истори æмæ этнологийы хайады хистæр зонадон кусæг Кокойты Азæ, «Нарты эпос — нæ рагфыдæлты цардуаджы æвдисæнда» — ХИЗИИ-йы этнологийы хайады сæргълæууæг, историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт, «Деятельность М. С. Туганова и Б. А. Галаева, как ученых-этнографов» (По материалам публикаций З. Д. Гаглоевой) — РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, аивадзонынады кандидат Плиты М., «Западно-иберийская традиция о геральдическом знаке древних аланских королей» — ХИЗИИ-йы этнологийы хайады зонадон кусæг Коцты Къ., «Хуссар Ирыстоны цыртдзæвæнты реставрацийы проблемон фарстатæ» — ХИЗИИ-йы этнологийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег, «З. Д. Гаглоева о Б. А. Галаеве-фольклористе» — экономикон зонæдты кандидат, Галаты Барисы номыл фонды аразæг Гæбæраты А.

Ирыстоны номдзыд ахуыргонды тыххæй сæ мысинæгтæ дзырдтой институты зонадон кусджытæ. Уыдон банысан кодтой Зинæйæн бирæ кæй бантыст æмæ йæ фæстæ стыр ахуыргонды ном æмæ фарн ныууадзын зонады.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ актон залы зонгæ кодтой Гаглойты Зинæйы куыстытæй цы равдыст равæрдтой, уыимæ.

Цхуырбаты Ларисæ