Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы цытджын æгъдауæй байгом фыццаг  Уæрæсейаг-ирон фæсивæдон форум. Ардæм фæуазæг сты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик,  Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Мадзалы райдианы залы бадджытæ бакастысты форумы хайадисджытыл ист видеофильммæ, стæй та дзы уыд лазерон шоу, цыран æвдыст æрцыдис Хуссар Ирыстоны адæмы истори. Дарддæр паддзахадон ансамбль «Симд» сæххæст кодта концертон программæ, кæцыйæ тынг райгондæй баззадысты сценæмæкæсджытæ æмæ дзæвгар рæстæг æмдзæгъд  кодтой  артисттæн.

Форумы раныхас кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг æмæ ма форумы директор Гатыгкоты Валентинæ.

«Уадз æмæ ацы диссаджы бонты сымахæн æрхæссæм стыр æхцондзинад, бафтауой уæ бирæ хорз фæндтыл æмæ уын уæ цард хуыздæрырдæм фæивой. Сымах ацы форумы ссардзыстут бирæ хæлæрттæ, фехъусдзыстут бирæ цымыдисон хабæрттæ æмæ уæ дарддæры царды хъуамæ уæ зæрдыл дарат нæ тых кæй ис нæ иудзинады», – банысан кодта Гатыгкоты Валентинæ.

Зассеты Жаннæ дæр зæрдæбын ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ сын бакаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæ.

«Нæ бæстæтæн ныры онг дæр уыд æфсымæрон ахастытæ æмæ уæ зæрдиаг архайды, уæ курдиаты фæрцы но-джыдæр бангом уыдзыстæм. Уырны мæ, сымах ам кæй райсдзыстут хорз зонындзинæдтæ, кæцытæй спайда кæндзыстут уæ дарддæры царды æмæ уын цæрæнбонтæм кæй уыдзæнис æфсымæрон ахастытæ уæ кæрæдзимæ», – дзырдæуы президенты арфæйы фыстæджы.

Арфæйы ныхæстæ загътой Пухаты Эрик æмæ Марат Кулахметов дæр. Кæронбæттæны форумы хайадисджытæн концертон программæ равдыстой цæгатирыстойнаг зарæггæнджытæ «Jah-Far & МанТана».

Уый фæстæ киноконцертон зал «Чермен»-ы уазджытæ бакастысты режиссер Мамиты Григорийы фильмтæм «Ирон Вандея» æмæ «Фарастæй иумæ»-мæ.

Фыццаг Уæрæсейаг-ирыстойнаг форумы цæудзæнис 11-æм июнæй 14-æм июнмæ. Хайад дзы исынц фæсивæды минæвæрттæ  Уæрæсейæ, Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæй, Приднестровьейæ, Абхазæй, Хæххон Карабахæй æмæ Цæгат Ирыстонæй. Форумы программæйы ис семинартæ, тымбыл фынгтæ, мастер-класстæ, спортивон хъæзтытæ. Акæндзысты ма сæ экскурсийы дæр нæ республикæйы фендтаг бынæттæм. Ӕппæт ацы мадзæлтты æхсæнадон фæтк æмæ сабырад хъахъхъæндзысты Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.