Горæт Цхинвалы 11-æм фадыгон æвзарæн къамис баконд æрцыд нæ горæты Хетæгкаты Къостайы уынджы 2-æм хæдзары (раздæры горæтон поликлиникæйы бæстыхайы). Фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæ Битеты Фа-тимæйы сæргълæудæй æвзæрстытæм сæхи бацæттæ кодтой æмбæлон æгъдауæй.

9-æм июны райсомы авд сахатыл æвзарæн къамисы уæнгтæ уыдысты сæ куысты уæлхъус. Уæдмæ уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы Парламентмæ депутаттæм кандидатты минæвæрттæ, цæстдарджытæ. Къамисы уæнгтæ кандидатты минæвæртты æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджыты раз банымадтой бюллетенты нымæц, цæмæй сын фæстæдæр мацы фау æрхастаиккой сæ куыстмæ, уый тыххæй.

8 сахатыл æвзарæн фадыг йæ дуæрттæ бакодта æвзарджытæн. Цалдæр минутмæ фæзындысты фыццаг æвзарджытæ дæр. Æвзарæн фадыгмæ кæрæдзийыл фæдыл цæуын райдыдтой фæсарæйнаг делегацитæ. Куыд, зæгъæм, Луганскы æмæ Донецкы Адæмон Республикæты делегацитæ,  УФ-йы Паддзахадон Думæйы делегаци Тайсауты Хъазбеджы сæргълæудæй, Приднестровьейы, Никарагуа, Итали, Герман, Япон, Финлянди, Республикæ Арцахы, Бельгийы минæвæрттæ æмæ уацхæсджытæ.  Уазджытыл райзæрдæйæ æмбæлд æмæ сын æгас-цу дзырдта фадыгон æзарæн къамисы сæрдар Битеты Фатимæ. Уый ма-иу уазджытыл сæмбæлд ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливыхимæ дæр æмæ уыдон дæр фæстæмæ здæхтысты райгондæй, афтæ хъармæй сыл кæй æмбæлдыстæм, уый тыххæй. Уазджытæ цымыдис кодтой æвзарæн процесс куыд цыд, уымæ. Уыдон ницы цухдзинæдтæ рахатыдысты æвзарæн фадыджы куысты.

Æвзарæн фадыгмæ æрбацыд пенсиисæг, нæ горæты 87-аздзыд цæрæг Уанеты Зауыр. Уый загъта: «Æз абон фыццаг хатт æвзæрстытæм хъæлæс кæнынмæ æрбацыдтæн Хъайтарты уынджы кæрон мæ ног фатерæй. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, мæ бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы къухдариуæгадæн, цæрæнуатон къамисæн, мæ хуызæн ацæргæ адæймаджы уавæры кæй бацыдысты æмæ мын æрæджы фатер кæй рахицæн кодтой, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон иуæй-иу кандидаттæ рамбулдзысты, иннæтæ та фембылды уыдзысты. Фæлæ чи фембылды уа, уыдонæн мæ цæст уарзы, цæмæй сæ чи кæм кусы æмæ архайы, уым сæ куыст афтæ фæхуыздæр кæной, афтæ хорз сæхи равдисой æмæ сæ иннæ æвзæрстыты депутаттæй цы сæвзарой», – загъта уый.

Æвзарджыты ‘хсæн уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ фыццаг хатт лæвæрдтой хъæлæс. Уыдон та уыдысты нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ Джуссойты Дианæ æмæ Сиукъаты Виктория. Уадз, уыдон нырæй фæстæмæ алыхатт дæр хъæлæс кæнæд Ирыстоны рæсугъд фидæны тыххæй. Æвзарæн фадыджы æрбамбырдуæвджыты раз ирон æмдзæгæ «Æз ирон чызг дæн, ирон чызг» бакаст чысыл Хъотайты Мария, кæцы уырдæм æрбацыд йæ фыд Хъотайты Аланимæ. Марияйыл фадыджы уæвæг адæм сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Иумиагæй сисгæйæ, æвзæрстытæ ацыдысты сабыр æгъдауæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.