Хорз у, ирон адæмы фыдæлтæ æвæджиау бынтæ æмæ хæзнатæ кæй сфæлдыстой æмæ сæ дарддæр сæ кæстæртæм кæй фæхæццæ кодтой. Уыимæ иумæ раппæлинаг уыдзысты, нæ куырыхон хистæрты диссаджы æвæрæнтæ куы хæццæ кæной фæлтæрæй фæлтæрмæ, куы сæ хъахъхъæной æмæ семæ куы зонгæ кæной æндæр адæмты минæвæртты дæр. Фыдæлтæ кæд зын уавæрты æрвыстой сæ цард, æвзæрстой бирæ зындзинæдтæ, уæддæр сæ рох нæ уыд, æдзухдæр хъуыды кодтой, цард цæмæй рæсугъд æмæ хъæздыг кæны, æндæр адæмты ‘хсæн размæдзыд цы æрдхæрæны фæллæйтты фæрцы ис рацæуæн, уыдон тыххæй дæр. Æмæ сын æнтыст, рæстæджы цыдимæ иу зæрдæмæдзæугæ фæтк, æгъдау æмæ уагахаст ивтой иннæйы æмæ сæ афтæмæй рауад, нацийы цæсгом абоны бон дæр рæсугъд æмæ аивæй чи уынын кæны царды алы фадгуыты дæр, ахæм æрдхæрæны фæллæйттæ.

Ирон адæмы этнографи хъæздыг æмæ алыварсон у, уыдон не ‘рвылбонон куыст æмæ архайды сты размæ цæуыны ахсджиаг фæрæз, зындзинæдтæ сæттын, хистæртæн аргъ æмæ кад кæнын, кæстæрты раст зондыл æфтауын æмæ æн-дæр ахсджиаг хъуыддæгтæн. Ахæм стыр ахадындзинад сын кæй ис, уымæн сæ рахæссæм рæгъмæ, цæмæй адæмты ‘хсæн ноджыдæр биноныг цæуой, уыцы фæллæйттæ рæзой æмæ уадзой арф уидæгтæ. Æмæ та ахæм этнографион бæрæгбон «Фыдæлты бынтæ», зæгъгæ, ахæм номимæ Республи-кæйы боны цытæн уагъд æрцыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы. Бæрæгбон циндзинадæй фидауы æмæ уымæн уыдысты ардæм æрбацæуджытæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ, хицæн куыстуæттæ æмæ хæдзарадтæ та сæ  рауадзгæ фæллæйттæй – хъæздыг æмæ бæркадджын. Фысымтæ æрбацæуæг уазджытыл, ирон æгъдаумæ гæсгæ, сæмбæлдысты æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ. Арфæйы ныхæстæ Республикæйы боны цытæн, Ирыстон æмæ не ‘мбæстæгтæн ракодтой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, РЦИ-Аланийы Сæргъ-лæууæг Битарты Вячеслав, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов æмæ æндæртæ. Азылдысты æмæ базонгæ сты, иуæй-иу раззагон куыстуæттæ цы армукъа бацæттæ кодтой, уыдонимæ. Нæ адæм буц сты Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты намысджын æмæ куыстуарзаг коллективæй, уыдон сæ архайд зын рæстæджы дæр никуы ныууагътой æмæ цæрджыты ифтонг кодтой хæрзгъæд дзулæй. Æдæппæт продукци уадзынц 70 хуызы æмæ уым та дзæвгар тыхтæ хъæуы хардз кæнын. Хъæздыг у Хуссар Ирыстон йæ диссаджы суæрттæй, уыдонæй та не ‘мбæстæгты зæрдæтæ рухс кæны Бæгъиаты суары завод, уый уадзы цыппар хуызы суары дæттæ. Нæ фынг иууыл дзаджджындæр æмæ бæркадджындæр рауайы хъæууонхæдзарадон, уæлдайдæр та фосдарды, къабазы æркæнгæ продукцийæ. Ацы ахсджиаг куыстмæ йæ хъус лæмбынæг дары фермерон хæдзарад «Елтъура» (йæ сæргълæууæг Сиукъаты Роберт) æмæ æрбацæуæг адæмы хъусдард сæхимæ аздæхтой йæ хæдзарады æркæнгæ продукци. Кæд нырма æрæджы райдыдта кусын чысыл куыстуат «Растдон», уæддæр ныридæгæн йæ хæрзгъæд рауадзгæ продукттæ фæндаг ссардтой фæлхасгæнджыты зæрдæмæ, уадзгæ та кæны 18 хуызы продукци. Уыдонæн сæ рауадзгæ продукциимæ базонгæ уæвæн уыд  армукъайы.

Дарддæр уазджытæ æмæ æмбæстæгтæ æх-сызгонæй æмæ цины æнкъарæнтимæ зонгæ кодтой, ам цы нывты равдыстытæ уыд, уыдонимæ. Æвзонг нывгæнæг Дыгъуызты Марияйы куыстытæ цæсты тигътæ истой, сæ иу уыд нæ Президент Бибылты Анатолийы портрет æмæ йын æй балæвар кодта. Дзæвгар уыдысты, Къостайыхъæуы нывгæнæн скъола-студийы (сæ ахуыргæнæг Хуыбиаты Р.) ахуыргæнинæгтæ цы нывтæ сфæлдыстой, уыдон. Скъола нырма æрæджы байгом, фæлæ сын ныридæгæн ис зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ, аивады дунемæ кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ. Адæймаджы йæхимæ тынгдæр фелвасынц хæдахуыр сфæлдыстадон куыстытæ. Ахæмтæ уыдысты, нæ газеты культурæйы хайады сæргълæууæг Гæззаты Иваны цымыдисон арæзт бæстыхæйттæ æмæ кусæнгæрзтæ. Уымæн йæ хæрзгъæд уацтæ раджы ссардтой фæндаг кæсæгмæ, фæлæ хъæды куыстмæ кæй рæхсы, уымæн дæр æвдисæн сæхæдæг уыдысты бæрæгбоны адæм. Хуымæтæджы хъæды тæнæг уаццæгтæй ахæм диссаджы «арæзтæдтæ» бакодта, æмæ æрбацæуджыты сæ цурæй бирæ рæстæджы сæ къах хæсгæ дæр нал кодта. Уæдæ алыгъуызон хæдзæрттæ, дзоныгъ, уæрдон, æгæрыстæмæй, нæ паддзахадон телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ æндæртыл бакуыста тынг лæмбынæг.

Республикæйæн йæ къабæзтæ цас фылдæр æмæ уæрæхдæр уой, уый бæрц ын æнцондæр у размæ цæуын. Мах буц стæм нæ районты цæрæг куыстуарзаг æмæ хъару-джын фæллойгæнджытæй, уыдонæн кæд сæ авналæнтæ нырма зæрдæйы фæндиаг не сты, уæд-дæр сын æнтысы. Уазджытæ æмæ æмбæстæгтыл сæ алчи дæр æмбæлд, ирон æгъдаумæ гæсгæ, дзаджджын фынг, зард æмæ кафтимæ, хъæлдзæг зæрдæйы æнкъарæнтимæ. Мæнæ Цхинвалы районы минæвар Гуыцмæзты Альфиозæйы конд дзыкка, цахæм уыд адæй, уый та бæрæг уыд, хæрдмæ ивазгæйæ йæхицæй бæрзонддæр кæй фæци. Къаддæр цымыдисон нæ уыдысты Дзауы районы минæвар Козаты Димитры хъæдæй арæзт алыгъуызон дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ дæр. Уæдæ иу зиллаччы æртæ сыкъайы, нуазæнтæ, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ конд ныв, стæй , æртæ метр æмæ æрдæг йæ дæргъ кæмæн у, ахæм рæхыс æмæ æндæртæ. Этнографийы æвæрæнтæй хъæздыг уыд Знауыры район дæр. Бадынц сылгоймæгтæ æмæ тагъд кæнынц сæ фæсмыны куыстытыл, чи æлвисгæ кæны, чи – пиргæ, къæрæбины уæ-лæ та царвцæгъдæн. Мæнæ авдæны чысыл сывæллон, нæ сомбоны ныфсытæй иу , ныййарæг мад æм узæлгæ каст кæны. Зæрдæмæдзæугæ рауадысты, ацы районы сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары ахуырдзауты конд нывтæ дæр.

Бæрæгбон ноджы фæхъæлдзæгдæр, республикæ æмæ æрхонгæ уазджыты аивадон коллективтæ цы концерт равдыстой, уымæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.