ÆРТÆ ÆРТÆДЗЫХОНЫ – НЕ СТЪАЛЫ

 

Адæмы истори азтæ æмæ æнустæй баргæ нæу. Адæм царды цыды йæ фæстæ цы фæд ныууагъта æмæ абон цæмæй цæры, уый у сæйрагдæр. Бирæ адæмтæн æгæрмæгуыр сæ бон нæ баци се ‘взаг, сæ дин бахъахъхъæнын дæр. Ирон адæмыл, Хуыцауæй разы, уыдоны хъысмæт не скодта, уыдоны хал нæ ахордтой. Ирон адæмæн цыфыддæр зын уавæрты дæр бантыст сæ ариаг фыдæлты æвзаг æмæ дин бахъахъхъæнын. Æмæ абон скифты, сæрмæтты, аланты æвзаг дæр зæлы дунейы эфиры, ис ын йæхи фыссынад æмæ мыхуыры фæрæзтæ. Не ‘взагимæ нæ дин æмæ не ‘гъдæуттæ цардхъом разындысты. Æрхæццæ сты махмæ дæр. Не ‘гъдæуттыл бирæ дзурæм, фыссæм. Афтæ нæ фыдæлты диныл дæр. Æмæ не ‘гъдæутты кæд хаттæй-хатт ныссуйтæ вæййæм, уæд нæм нæ фыдæлты дин та æрхæццæ бынтон хæццæ-мæццæйæ. Æндæр динты тæфаг ын фæивы йæ хуыз, æрмæст нæ тых кæны йæ мидисыл. Уый аххосæй Уастырджийы хонын райдыдтам Уасгеорги (Уасджерджи, Уасгерги), Мадызæды Мады-Майрæм æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ сын ирон адæм сæ миниуджытæ æмæ хæстæ нæ аивтой, цы хъуыддæгтимæ баст уыдысты, цæмæ сæм куывтой, цы сæ куырдтой, куыд сæ аргъуц кодтой, куыд бæрзонд сæм æвæрд уыдысты, уыдон сæ зæрдæйы нæ аивтой. Æмæ æрмæст уыдон нæ, фæлæ нæ фыдæлты динæн йæ бирæ æгъдæуттæ æмæ фæткон хъуыддæгтæ рæстæг æмæ иннæ динтæн басæттын нæ бакуымдтой. Æрхæццæ сты махмæ дæр, æххæст сæ кæнынц, ирæттæй чырыстон, пысылмон динтæ чи райста, стæй диныл чи не ‘ууæнды, уыдон дæр. Хатт сын сæ мидис нæ фембарынц, уæддæр сæ æххæст кæнынц, раст сыл цыма сæ фыдæлты фарн бафтыд, уыйау. Æмæ уый иуæй хорз у, иннæмæй та адæймаджы фæфæнды, æгъдау афтæ цæмæн амоны, уый базонын, «куырмæджы мийы» бæсты йын йæ бындуртæ зонгæйæ æгъдау кæнын. Гъе, уый тыххæй иу кæнæ иннæ динон æгъдауы фæдыл фæзыны алыхуызон ногæрхъуыдыгонд таурæгътæ. Зæгъæм, Джеор-гуыбайы тыххæй иу аргъауы ацы бæрæгбоны номæй йе ‘нæзондæй чидæр ацарæзта лæг æмæ усы нæмттæ Джеор æмæ Гуыба. Афтæмæй та хорз зындгонд у, Джеорг-Георги кæй у чырыстон дины сыгъ-дæг удтæй иу, уыба (оба) та гуырдзиаг æвзагыл амоны бæрæгбон. Зæгъæм, Тылисоба. Ацы бæрæгбоныл чырыстон дины тæваг тынг кæй фæзынд, йæ ном та гуырдзиаг кæй у, уый дызæрдыггаг нæу. Хуымæтæджы Джеоргуыбайы фынгтыл ирон æцæг кувæг лæг дыккаг сидт нæ рауадзы Уастырджийы тыххæй, æртыккаг та вæййы Джеоргуыбайы фæдыл сидт. Джеоргуыба райдайы къуырисæры бæрæгбоны изæрæй, уæд вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв. Дыццæджы æхсæв. Къуырийы бонтæй дыццæг та у Уастырджийы бон. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ацы бæрæгбонæн чырыстон дины тæваджы аххосæй кæд йæ ном ивд æр-цыд, уæддæр иронæн йæ туджы баззад йе ‘цæг мидис æмæ фæтк. Æмæ цæмæн афтæ кæны, уымæн фылдæр хатт йæхæдæг дæр дзуапп раттын нæ фæзоны. Ирон адæмæй бæлвырд ничи зæгъдзæн, дзуары бынмæ æртæдзыхонтæ цæмæн хæссынц, стæй æртæдзыхон цы амоны, уый. Нымæц «æртæйæн»” динон нысаниуæг кæй ис, уый зындгонд у. Æмæ æрмæст ирон адæммæ нæ, фæлæ бирæ адæмтæн. «Бог троицу любит» – арæх фæзæгъынц уырыс. Уæдæ чырыстон дин дæр æртæйыл – Хуыцау-фыд, Хуыцауы-фырт æмæ Сыгъдæг Удыл – кæй æнцой кæны, уый дæр бæлвырд у. Троица иронау та хонынц æртæ иуоны. Æртæ диссаджы нымæц у ироны царды. Йæ фынг дæр æртæкъахыг у. Æртæ кæрдзыны. Æртæ нуазæны. Æртæ фынджы. Æртæ Нарты. Хуыцау дæр Батрадзыл æртæ цæссыджы æрæпæрста. Нарты сыгъзæрин фæткъуы давынмæ дæр æртæ æхсинæджы тахтысты. Æртæ мыдадзын цырагъы. Æртæдзыхон. Æртæ æртæдзыхоны. Цы амонынц æртæ æр- тæдзыхоны? Æртæ чъирийæ, стæй, дыууæ чъирийæ дæр Хуыцауы ном арæм. Фæлæ уæ искуы исчи фехъуыста, фынгыл федта дыууæ æртæдзыхоны. Дзыхы бадгæ дæр нæ кæны. Чъири хурæнгæс кæй у, хурыл æй кæй барæм, уый бæлвырд у. Æртæдзыхон та? Геометрион æми-асфæрсджын æртæкъуымоны хуызæн. Ахæм дыууæ æртæкъуымонæй конд у дзуттæгты æхсæзтигъон стъалы. Æхсæзтигъон. Æхсæз у къайон нымæц. Къайон нымæц та ирон адæммæ кадджын нæу. Дыууæ сæм баст у мæрдтимæ. Рухсаггаг æй хонынц. Дыууæ чъирийы, дыууæ мыдадзын цырагъы, дыууæ дидинæджы… –  марды ном арынæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: иу – æлгъыст, дыууæ – фæлдыст, æртæ – æнтыст. Гъе, уымæ гæсгæ æртæдзыхонтæ дæр сты æртæ. Фынгыл сæ кувгæ-кувын кæрæдзийæ нæ хицæн кæнæм, фæлæ сæ æрзилæм, сæ æппæт тигътæ дæр куыд разыной, афтæ. Æмæ нæ цæстыты раз саразынц фарасттигъон стъалы. Кæд, мыййаг, уый нæ фыдæлты стъалы у, æмæ уый æвдисæг фæрæз сты æртæ æртæдзыхоны. Йæ тигътыл æй лыг кæнын дæр уымæн нæ фæтчы. Æркæсут-ма (нывы) æртæ æртæдзыхонæй цы рæсугъд стъалы рауайы. Фарасттигъон уæларвон стъалыйы æнгæс. Сæрджын саджы дæр нæ адæмон сфæлдыстады æстдæссион хонынц. Иуæрдыгæй йыл ис фараст сыкъайы æмæ – иннæрдыгæй дæр. Фарасттигъон стъалытæ ис Тибеты кувæндæттыл дæр.

Цгъойты Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.