Ирыстоны æмæ уымæй æддейæ дæр хъуыстгонд у Хетæгкаты Къостайы номыл пад-дзахадон премийы лауреат, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор, Ирыстоны адæмон поэт Дзасохты Музафер. Уый балцы уыдис Фæса-рæйнаг Европæйы – Венгрийы сæйраг горæт Будапешты. Йæ балцы нысан уыд уый, æмæ йын уым кæй саккаг кодтой венгриаг литерату-рæйы классик, поэт æмæ хæстон Балинта Балашшийы дунеон хорзæх – зæрдылдарæн æхсаргард. Радтой ын æй цытджын уавæры.

Музафер 40 азы размæ базонгæ æмæ схæлар венгриаг Геза Сабоимæ. Советон паддзахады æнæзæгъинæгтæ куы фехæлд-той, уæд сæ бастдзинæдтæ дæр зæрдæйы фæндиаг нал уыдысты.

Æмæ ныр Геза Сабо куы фехъуыста, Музафер Венгримæ æрцæудзæн æхсаргард райсынмæ, Балинта Балашшийы номыл премийы лауреат ссис, уæд ын æхсызгон куыннæ уыд! Æрцагуырдта йæ. Рагон, нырыккон хæлæрттæ та сæ кæрæдзийыл фембæлдысты. Геза Сабойæн чызг куы райгуырд, уæд ыл сæвæрдта ном Фатимæ, афтæ хуыйны Музаферы цардæмбал дæр.

Гезайы фырт дæр Сабо хуыйны, у архео-логийы доктор Мора Ворсинскийы Музейы кусæг, æмæ тынг архайы йæ фыдæлтæ – Ясаг – аланты фæдтæ бæстондæр раиртасыныл.

Дзасохты Музафер йæ хæлары фырты фæхуыдта Иры зæхмæ æмæ кæстæр Сабо уыд Ирыстоны уазæг. Уый зæгъы: «…Æз æрцыдтæн мæ райгуырæн бæстæмæ! Кæд æрæгмæ, уæддæр дæн мæ фыдæлты зæххыл. Зонгæ уыдтæн æрмæстдæр дыууæ иронимæ, ныр та бирæ хæлæрттæ ссардтон».

Ахуыргонды фæнд уыд Ирыстоны йæхицæн стыр зонадон-иртасæн программæйыл бакусын. Уыцы программæйы сæйраг уыд аланты фæдонты æгъдæуттæ лæмбынæг сахуыр кæнын. Уыдон та сты: нарты эпос хуыздæр базонын, ирон бæгæны уадзыны сусæг-дзинæдтæ рафæлгъауын, кавказаг архео-логион экспедициты бæлвырд бæрæггæнæнтæ сахуыр кæнын, бронзæйон æнусæй скифтæм рæстæджы цардимæ базонгæ уæвын.

Дунейы зынгæ археолог, венгриаг Мор Ворсинский 1895 азы уыд Ирыстонмæ Зичийы экспедицийы уæнг, бындур æрæвæрдта Сексарды музейæн. Геза Сабо бацымыдис кодта уыцы экспедицийы фæдтæм дæр. Цалдæр боны уыд горæт Тбилисы æмæ уыцы балцæй æрæмбырд кодта цымыдисаг зонæнтæ.

Ахуыргонд Дзæуджыхъæуы æппæты фыццаг бацыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Нац-ион музеймæ æмæ паддзахадон универ-ситеты незаманты музеймæ.

«Музейты федтон диссаджы æрмæг, скодтон уыдонæй хатдзæгтæ æмæ сæ тагъд рæстæджы спайда кæндзынæн мæ зонадон куыстыты. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ахæм æнгæс предметтæ Венгрийы нæ экспедицийы рæстæджы скъахтам мах дæр æмæ нын уыдон фадат дæттынц тынг цымы-дисон абарстытæ скæнынæн», – зæгъы археолог. Уый зоны йæ райгуырæн æвзагæй фæстæмæ уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæ дæр.

Уазæг æхсæвиуат кодта Красногоры хъæуы, Музаферы райгуырæн хъæуы. Ам цæры Дунеон фестиваль-конкурс «Ирон бæгæны-2015»-ы уæлахиздзау Кобесты-Хапсаты Азæ. Уазæг бацымыдис кодта, Азæ ирон бæгæны куыд аразы, уымæ дæр æмæ сæм Музаферимæ бацыд. Адæмон сфæлдыстадæй ирон бæгæныимæ цы баст ис, уыдон дæр сахуыр кодта Геза Сабо. Азæйы æфсымæр Кобесты  Æхсар Стыр Хуыцаумæ скуывта бæгæныйæ æмæ уый базыртæ басагъта Сабойыл.

Цалдæр боны фæстæ та Геза Сабо ногæй бацыд ацы хъæумæ æмæ камерæйæ систа ирон цыхт цæттæ кæныны процесс.

«Венгриаг Ястæ мæ бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ ахуыр кæндзысты ирон бæгæны аразын, – худгæйæ зæгъы Сабо. – Æз сараздзынæн бындурон зонадон иртæстыты æрмæг æмбырд кæнынæн радон къахдзæф».

Йæ фыдæлты зæхмæ Сабойы балц бæркад-джын кæй уыд, нысанмæздæхт, хъæлдзæг, уый банысан кодта йæхæдæг æмæ ма йæ фæнды ирон чындзæхсæвы дæр архайын.

Бантысæд ын!

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.