Ирон адæм бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой сæ царды фæндагыл, – уый дын цалдæр хатты геноцид, хæст, зæххæнкъуыст, зæйластытæ æмæ ма, хъыгагæн, абоны бон дæр стæм дихгонд наци. Фæдзурынц, фæразын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ та нæ хъæдгæмттæ нæма байгас вæййынц, афтæмæй та ныл ногæй бæллæх сæмбæлы. Афтæ рауад 20 сентябры 2002 азы дæр.

Ирыстоны хуссарварсы 20 сентябры 2002 азы бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд куы цыдысты, уæд нæм нæ цæгаттаг æфсымæртæй æрыхъуыст фыдхабар, – Хъæрмыдоны комы зæйласты  бабын сты 125 адæймаджы. Зæйы бынæй скъахтой 19 адæймаджы марды, 106 адæймаджы та нырма дæр сты æбæрæг сæфт – сæ мæрдтæ сын не ссардтой. Иутӕ дзы уыдысты зынгæ режисер Сергей Бодровы киноисæн къордæй.

Абоны бон дæр нырма бирæ фарстатæ баззад ацы трагеди æрцæуыны фæдыл. Зæгъæм, æмбæлон службæтæ цæмæннæ зыдтой ацы цъитийы тæссагдзинад? Цæмæн бауагътой киноисæн къорды ацы комы срæмыгъдтытæ аразын?

Хъæрмыдоны ком рагæй фæстæмæ нымад цæуы курортон зонæйыл, уымæн æмæ дзы ис бирæ хосгæнæн суадæттæ, арæзт дзы æрцыд санаторитæ æмæ йæм улæфынмæ цыдысты æгæрыстæмæй фæсарæнтæй дæр. Ком хæрдмæ цæуы Джимарайы хохмæ, кæцыйы бæрзæнд хæццæ кæны 4780 метрмæ. Ам хохы тæккæ бæрзонды ис дыууæ цъитийы – Хъола æмæ Майли. Рагæй фæстæмæ адæмæн æнцойад кæй нæ лæвæрдтой ацы цъититæ, уый бæрæг у историон афыстыты руаджы. 18-æм æнусы дæр ма ацы хохрæбын æрцыд трагеди æмæ аст хъæуы фесты зæйы бын.

20-æм сентябры Хъолайы цъитийæ раскъуыд, йæ бæзн 100 метры кæмæн уыд æмæ йæ дæргъ та 200 метры, ахæм къæртт æмæ рахауд 4350 метры бæрзæндæй. Æгасæй мит æмæ дурты уæз уыд 130 милуан кубометрмæ ‘ввахс æмæ асхуыста комы, 150-200 километры сахатмæ тагъдадæй, суанг 20-30 километры дæрддзæгмæ. Бынæттон цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй сыстад тыхдымгæ  æмæ йæ хъæлæба та уыд поезды цыды хуызæн, фæлæ тынг хъæрæй. Иу уысммæ зæй йæ быны фæкодта цалдæр хъæуы æмæ цалдæр улæфæн базæйы.

Фыдбылызхæссæг цъити Хъолайы цъитийæн йæ дæргъ вæййы алыгъуызон – 3 километрæй 8 километрмæ. Ахуыргæндтæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Хъола хауы «удæгас» цъититæм. Ома, ацы цъити митæй æгæр куы байдзаг вæййы, уæд та ралæбыры. Историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ алы 70 азы дæр цъитийы фарс раскъуыйы æмæ рахауы коммæ. Алы 100-150 азы та Джимарайы хох дæлзæххæй ракалы газ, кæцыйы æлхъывдад вæййы тынг бæрзонд æмæ базмæлын кæны æнæхъæн комбæсты. Уый фæстиуæгæн ралæбырынц æрмæст цъититæ нæ, фæлæ ма кæдзæхтæ дæр. Фæлæ 2002 азы нырма йæ афон не ‘рцыд. Уымæн æмæ ахуыргæндты æмæ сейсмологты нымадмæ гæсгæ йæ ралæбырыны рæстæг, æввахс нымадæй, цыд 2020-2030 азтæм. Уæдæ цæмæн ралæбырд ацы цъити афонæй раздæр?

Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ацы ситуацийыл æндавынц тынг бирæ фактортæ. Зæгъæм, зымæгон бирæ мит куы ныууара, кæнæ уалдзæджы æмæ сæрдыгон та къæвдаджын рæстæджытæ куы уой, уæд уыдон æндавынц цъитийы стабилондзинадыл. Стæй ма зæххы бын цы процестæ цæуы, уыдон мах нæ зонæм æмæ уыцы рæстæджы гæнæн ис æмæ та зæххы бынæй газ срæмыгъта æмæ та цъититæ дæр базмæлыдысты.

Фæлæ ма ис афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр, ома, Сергей Бодровы исæн къорд хæстон кино исынæн спайда кодтой рæмудзæн æрмæджытæй æмæ уый фæстиуæгæн æрцыд фыдбылыз. Ныр аххосаг ничиуал рабæрæг кæндзæнис, фæлæ ацы цъити нырæй фæстæмæ дæр бирæ хæттыты кæй ралæбырдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Уый тыххæй та ацы комы цæрджытæ сæхи хъуамæ бахизой фыдбылызæй æмæ сæ цæрæнуæттæ аразой æдас бынæтты, цæмæй фидæны мауал æрцæуа уды зиæнттæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.