Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд тыхон ведомствоты разамонджытимæ. Уыдон бæстæйы сæргълæууæгæн фехъусын кодтой, сæ дæлбар ведомствоты куыст куыд цæуы, уый.

Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд, фæстаг рæстæджыты давыны цаутæ кæй сарæх сты, уымæ.

«Уагъд цæуынц оперативон-агурæн мадзæлттæ Цхинвалы æрцæуæг иукъорд давыны цауты фæдыл. Лæвæрд æрцыд æмбæлон бацамындтытæ криминалон милици, горæты æмæ районты мидхъуыддæгты управленитæн. Фæлæ, хъыгагæн, нырма нæ къухы ницы бафтыд», – загъта Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Наниты Игорь.

Президент йæхи рады æрсидт æппæт органтæм дæр, цæмæй уой къæрцхъус, æмæ сын радта иу мæйы æмгъуыд фыдгæнджыты ссарынæн.

«Мидхъуыддæгты министрады оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы хъуамæ куысты архайой ведомствойы æппæт дæлхæйттæ дæр, уыцы нымæцы СОБР æмæ ОМОН. Фыдракæндты нымæц цæхгæр кæй фæфылдæр, уый у Мидхъуыддæгты министрады алы кусæджы, паддзахады æмæ республикæйы адæмы æхсæрфарс ныццæвæгау. Сымах уый куынæ æмбарат, уæд иу фыдгæнæг дæр ахст не ‘рцæудзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, Мидхъуыддæгты министрады кæй ис профессионалтæ, ацы фыдракæндтыл чи хъуамæ куса æмæ сæ чи райхала, ахæмтæ, æмæ къухдариуæгады ‘рдыгæй та уыдонæн уыдзæн æмбæлон æххуыс.

«Ис æппæт фадæттæ дæр Мидхъуыддæгты министрады ахадгæ куыстæн. Уыдон сты техникæ дæр æмæ хæцæнгæрзтæ дæр. Кæд ма уымæй уæлдай исты бахъæуа, уæд уыдон дæр самал кæндзыстæм», – загъта  Президент.

Уымæй дарддæр  уый фехъусын кодта, зæгъгæ, кæд куысты ахадындзинады тыххæй исты кадрон ивындзинæдтæ хъæуы, уæд уый дæр сараздзыстæм.

«Æз Мидхъуыддæгты министры куы снысан кодтон, уæд расидтæн карз тох, адæмы чи стъигъы, уыцы фыдгæнджытимæ. Ныр та афтæ рауад, цыма уыдон Мидхъуыддæгты министрады æмæ республикæйы къухдариуæгады ныхмæ расидтысты хæст. Кæд фыдракæндты ныхмæ тохы æмæ Мидхъуыддæгты министрады куыст фæрæвдздæр кæнынæн исты кадрон ивындзинæдтæ хъæуы, уæд сæ бахæссут. Сымах куынæ райсат мадзæлттæ, уæд сæ бахæсдзынæн æз», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли снысан кодта фыдракæндтæ райхалыны æмгъуыд.

«Дæттын уын иу мæй, цæмæй æрцахсат фыдгæнджыты. Уыйбæрц фыдæбæттæ цы адæм бавзæрстой, уыдон хъуамæ мауал тухæн кæной. Адæм хъуамæ тæрсгæ ма кæной, фæлæ уой æдас. Уый у махæн нæ куыст», – загъта уый.

Афтæ ма дзырд цыд, паддзахады исады стыр хæйттæ сæхи чи бакодта æмæ республикæйæ чи фæлыгъдысты, уыдоны тыххæй дæр.

«Мах уыдоны ныхмæ гом кæнæм уголовон хъуыд-дæгтæ æмæ уыдон зайынц гомæй. Арвитут сæ тæрхондонмæ, æмæ кæд фæсаууонмæ азымæвæрд у, уæд фæсаууонмæ рахæссут тæрхон. Æмæ уымæн уыдзæн ахадындзинад», – загъта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг ма байхъуыста тыхон ведомствоты æндæр къухдариуæггæнджыты докладтæм дæр.

 

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.