24-æм февралæй фæстæмæ бирæбæрцæй фæмæгуыраудæр дунейы сабыруарзаг адæмты зæрдæты уаг. Уæрæсейы æфсæдтонтæ балæууыдысты Донецк æмæ Луганскы республикæты адæмты фарсмæ æмæ сæ хъахъхъæнын райдыдтой украинаг фыдгæнджытæй. Ацы фарсты фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта Советон Цæдисы æфсады ветеран, булкъон Уалыты Гайозимæ:

– Зæгъ-ма, цахæм нысаниуæг дæттыс Украинæйы Уæрæсейы æфсады сæрмагонд операцийæн?

– Дæттын ын стыр нысаниуæг. Уымæн æмæ ахæм операци арæзт куы нæ ‘рцыдаид, уæд, фæстæдæр, цы æндыгъд уавæр сæвзæрд, уый рараст кæнын уыдаид бирæ зындæр. Афтæ уымæн зæгъын, æмæ кæд Уæрæсейы разамынд фæстаг аст азы æппынæдзух дзырдта æмæ архайдта уавæр сабырадон ахастытæй æрбæстон æмæ аскъуыддзаг кæныныл, уæддæр украинаг фыдгæнджытæ уавæр кодтой карзæй карздæр. Цасдæрбæрцæй ма мæм афтæ дæр кæсы, æмæ ахæм операци аразын хъуыд 2014 азы, уæд уавæр æрбæстон уыдаид тагъддæр æмæ æнцондæрæй.

– Уæрæсейы æфсæддонты архайд æмæ арæхстдзинадæн та цахæм нысаниуæг дæттыс?

– Вьетнамы хæсты рæстæджы ахæм операциты мæхæдæг хайад райстон цалдæр хатты. Æфсæддонты  Вьетнаммæ кодтам æрмæст хорз бацæттæ кæнгæйæ. Ныр дæр афтæ кæй у, уый бæрæг у. Уый тыххæй Уæрæсейы президент Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, Украинæмæ æрвыст цæуынц, хорз хæстон цæттæдзинад кæмæ ис, æрмæстдæр ахæм æфсæддонтæ. Уыимæ ма Путин банысан кодта, зæгъгæ, абон æфсады йе ‘мбæстагон хæс чи фиды, уыдон уырдæм бакæныны сæр нæ бахъæудзæнис.

– Фæсарæнтæй Украинæмæ цы æххуырст хæстонтæ æрбацыд, уыдон бон у Уæрæсейы æфсадæн ныхкъуырд радтын?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, ракæндзысты зиæнттæ, фæлæ афтæ зæгъæм, æмæ æппæтдæр уыдон фæрцы æрцæудзæнис скъуыддзаг, уый раст нæ уыдзæнис. Хæстонæн тохы быдыры йæ хъуыдыйы йæ бæстæ, йæ адæм æмæ бинонтæ куы нæ уой, æрмæст æхцайыл куы хъуыды кæна, уæд куыддæр тас банкъара, афтæ лидзын æмæ йæхи æмбæхсынмæ фæуыдзæнис. Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы дæр гуырдзиæгты фарсмæ цы æххуырст хæстонтæ уыдис, уыдон куыддæр федтой зындзинæдтæ, афтæ фесты лидзынмæ. Уæд гуырдзиаг хæстонтæн дæр асаст сæ хъару æмæ уыдонæн дæр сæ мæт ссис, сæхи кæм бааууон кæной, уый.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ цы бауыдзæнис Зеленский æмæ йæ хæстонты хъысмæт?

– Зеленскийæн стыр политикæйы æнтыст нæ уыдзæнис. Уымæн æмæ бæрнон бынаты никуы куыста, у юморист, йæ хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ уыдысты æрмæстдæр йæ куысты алыварс, уым ын уыдаид æнтыстытæ дæр, фæлæ… М. Саакашвили дæр США, НАТО æмæ Европæйы бæстæтæй æвæрдта стыр ныфс, фæлæ нæ хатыд, сайгæ йæ кæй кодтой. Уыдæттæ фенгæ æмæ фехъусгæйæ Владимир Зеленский мауал хъуамæ фæрæдыдаид, хъуамæ йæ сæ ныхæстæ мауал бауырныдтаиккой, фæлæ бакаст алцæмæй дæр сæ коммæ æмæ мæ уырны, Зеленскийы хъысмæт Саакашвилийы хъысмæтæй мæгуыраудæр кæй рауайдзæнис.

Украинæйы æфсæддонты тыххæй та зæгъдзынæн, хæстмондаг кæй не сты. Степан Бандерайы фæдонтæ куы нæ суыдаиккой, уæд Уæрæсейы никуы бахъуыдаид Украи-нæйы уавæр тохы быдыры иуварс кæныны сæр.

– Цы зæгъдзынæ Уæрæсемæ иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæты ахасты тыххæй та?

– Иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæтæн абон Уæрæсемæ ис мæгуырау ахаст, фæлæ уый рæстæгмæ афтæ уыдзæн. Уымæн æмæ æнусты се ‘хсæн уыдис фидар æмæ æндон бастдзинæдтæ. Уæрæсе алы бæстæйæн стыр æххуыс æмæ ныфс кæй у, уый алчи дæр зоны æмæ абон уа æви – райсом, се ‘ргом  Уæрæсемæ æнæраздахгæ нæ фæуыдзысты.

Уæрæсе дардыл бæстæ у, цы бирæ хъæздыгдзинæдтæ йæм ис, уыдонæй дзæвгар пайда кæнынц Ныгуылæны бæстæтæ. Гæнæн ис, æмæ æнæ уыцы хъæздыгдзинæдтæй рацæрой, фæлæ иуæй уый нæ уыдзæнис рæстмæ цард, аннæмæй та æнæ Уæрæсейы хъæздыгдзинæдтæй бирæ рæстæг нæ бафæраздзысты.

– Америкæ æмæ европæйаг бæстæты санкцитæ цасбæрцæй бандавдзысты  Уæрæсейы размæцыдыл, йæ адæмты цардуагыл?

– Афтæ зæгъон, æмæ нæ бандавдзысты, уый раст нæ уыдзæнис. Уымæн æмæ уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй, се ‘хсæн бирæ бастдзинæдтæ ис, æмæ уыцы бадзырдтæй кæцыфæнды ма фехалай, алкæцыйæн дæр дзы разындзæнис мæгуырау фæстиуæг. Уыимæ ма мæ уырны санкцитæ бирæ рæстæг кæй нæ ахæсдзысты. Фылдæр та разиан кæндзысты чи сæ æвæры, уыдонæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван