Æнусон хъæдгом

… Историйы уæззау цалх тулы æмæ нын хæссы куы æхсызгон, куы та уæззау мысинæгтæ. Уый æнæбын денджызæй хъауджы нæу – йемыдзаг у рæстдзинадæй, æнæрæстдзинадæй, хæстæй æмæ фидыдадæй дæр. Нæ Фыдыбæстæйы историмæ лæмбынæг куы æркæсæм, уæд дзы фылдæр туг æмæ цæссыг ис.

– Дунейы бирæ тæригъæдтæ æрцыд, уыдоны ‘хсæн ис, 25 азы размæ ацы бынаты цы трагеди æрцыд, уый дæр. Ацы бынаты æрцæугæ трагеди базмæлын кодта дуне – уымæн æмæ ам лæсæнтæ кодта, æнæаххос æмæ знаджы нæмыгæй цы адæймæгтæ лыгъд, уыдон туг.

Махæн абон нæ хæс у нæ Фыдыбæстæ уарзын, мах туг исынмæ нæ сидæм, фæлæ знагмæ знаджы цæстæй хъуамæ кæсæм, хионмæ та – хионы цæстæй. Махæн не знаг кæд нымæцæй фылдæр уыд, хотыхæй – хотыхджындæр, уæддæр махæй æдыхдæр уыд  æмæ йыл уæлахиз дæр уымæн фестæм. Зæронд ус æмæ сывæллæтты къутæрты бынæй чи æхсы сусæгæй, уый тæппуд æмæ æдых у.

Ирон лæг йæ сæрмæ сылгоймагмæ къух исын никуы бахаста, сывæллоны никуы фæхъыг кодта. Æмæ уыдон сусæгæй чи æхсы, уый у æдых.

Дунескæнæгæн фæндон фæуæт æмæ Ирыстоны зæхх цы туг æмæ цæссыгæй æхсад у, уыцы зæххыл дарддæр цæрынхъом куыд уæм… – ахæм ныхæстæй номарæн митинг Зары трагедийы амæттæгты номыл цырты раз байгом кодта Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

«Мысæн æмæ хъынцъымы» митинджы бакастысты трагедийы бабынуæвджыты нæмттæ.

Трагедийы амæттæгты ном арынæн цырты раз веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал, Хицауады бæрнон кусджытæ, тыхон структурæты службæгæнджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, трагедийы амæттæгты бинонтæ æмæ хиуæттæ.

Ныхасы рацыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли:

– 25 азы размæ ацы бон ныккалд туг, ныццагътой нын нæ ацæргæ нæлгоймæгты, сылгоймæгты æмæ нæ кæстæрты. 25 азы дæргъы Ирыстоны адæм хуссарæй цæгатæй – æрæмбырд вæййæм ацы бынатмæ, цæмæй ссарæм ацы бынаты фæмардуæвджыты ном,  цæссыг æркалæм, æрымысæм, цы уæззау бонтæ ӕрвыстой Ирыстоны адæм æмæ та кæрæдзийыл баузæлæм æмæ кæрæдзийæн ныфс раттæм.

Гуырдзыстоны неофашисттæ куы бамбæрстой, Ирыстоны хъæбатыр фæсивæды ныхмæ сæ бон аразын ницы у, зоныгуыл сæ не ‘рлæууын кæндзысты, горæтмæ æрбахизын сæ бон нæу, уæд æрымысыдысты, ахæм уавæрты цæгъдын ирон адæмы, цӕмӕй нӕ тас бауадзой, нæ ныфс нын асæттой æмæ уæлæмæ мауал скæсӕм. Фæлæ сын нæ бантыст – æнгом, æмзондæй нæ фæсивæд сæ риуæмбæрц рацыдысты æмæ загътой – цыфæнды нæ цæгъдой, уæддæр Ирыстоны сомбон уыдзæн, мах куыд фæнды, афтæ. Гуырдзиаг лæгмартæ фæтарстысты ирон адæмы хъæбатырдзинадæй, 11-аздзыд Батрадзы хъæбатырдзинадæй, кæцы уæд йæ хъæбатырдзинадæй бахъахъхъæдта, фæстийæ цы бæлццæттæ цыд, уыдоны. Уыцы чысыл лæппуйы ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинад гуырдзиаг лæгмарты бауагъта тас æмæ нæ бацауæрстой ууыл дæр.

Президент бахатыд, цæмæй ацы бынаты трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æмырæй алæугæйæ ссарой.

Дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддагæн рохгæнæн æмæ ныххатыргæнæн нæй, цалынмæдæриддæр ирон лæг зæххыл уа, уæдмæ.

«Уæдмæ йыл дзурдзыстæм, уæдмæ сæ мысдзыстæм, уæдмæ сын кад æмæ аргъ кæндзы-стæм. Дунескæнæг нын ахæм арфæ ракæнæт, æмæ Ирыстоны зæххыл, дунейыл ахæм цаутæ мауал æрцæуæд», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

25 азы размæ ӕрцӕугӕ æбуалгъ трагеди нæ алкæй зæрдæйы дæр ныууагъта уæз-зау фæд. Стырæй, чысылæй алчи дæр, уыцы хабар фехъусгæйæ, лыгъдыстæм рынчындонмæ. Фæдис… фæдис… бынтон нæ кæцæй уырныдта тæппуд знаг ахæм хуызы дæр равдыста йӕхи…

– Алы мыггагæн, алы нацийæн ис йæхи мысæн бонтæ, фæлæ, хъыгагæн, уыдон махæн æгæр сты. Ацы бынаты нæ цыфыддæр знæгтæ, тугмондаг сырдтæ нæ бацауæрстой нæ рæзгæ хъæбултыл, сылгоймæгтыл æмæ зæрæдтыл. Нæ сæм разынд чысыл Батрадзы æрхъуыдыдзинад æмæ лæгдзинад, кæцы уыд мæлæты къæсæрыл, фӕлӕ уæддæр хъуыды кодта, сæ фæстæ чи цыд, уыдон уæддæр мауал бауой знаджы нæмыджы амæттаг, – дзырдта Хуссар Ирыстоны адæмон артист Уанеты Æхсар.

Уый карз тæрхон скодта Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æнæадæймагон ахастытæн. Банысан кодта, ирон адæмы уыцы уæззау бонты æнгомдзинад, зæгъгæ, уый руаджы уæлахиз кодтам цыфæнды хъуыддæгтыл дæр.

Æфсымæр æфсымæрæй тыхджын æмæ ныфсджын у, нæ хъыджы дæр æмæ нæ цины дæр нæ фарсмæ сты нæ цæгаттаг æфсымæртæ. Цæгат Ирыстоны делегацийы номæй номарæн митинджы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауад æмæ Парламенты номæй хъыджы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан.

«20 май нæ иумæйаг трагеди, нæ иумæйаг рис у. Ирыстоны ног историйы ахæм тæссаг циникон æмæ сырдон фыдракæнд, ӕрмæстдæр Беслæны скъолайы трагеди æвзарын кæны уæззау рис. 25 азы размæ Зары фæндагыл цы æбуалгъ цау æрцыд, уый Гуырдзыстоны къухдариуæгад хъуамæ банымадтаиккой æфсæддон фыдракæндыл, фæлæ ныры онг дæр ницы мадзæлттæ ист æрцыд, цæмæй аххосджынтæ æфхæрд æрцыдаиккой», – банысан кодта уый.

Нæ горæты “Мæскуыйаг” микрорайоны фыццæгæм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цхуырбаты Изæ радзырдта, зæгъгæ, 25 азы размæ ацы бон ууыл цыд 10 азы. Хорз хъуыды кæны, уыцы бон уынджы йе ‘мкарæнтимæ хъазгæйæ, адæм рынчындонмæ куыд лыгъдысты. Мах, зæгъгæ, не ‘мбæрстам, цы ‘рцыд, уый. Фæлæ тугæрхæм мард буæрттæ куы федтам, уæд дисы бахаудтам, тæрсгæ нæ фæкодтам.

«Гуырдзиæгтæ дæргъвæтин рæстæг архайдтой, цæмæй мах фæтæрсæм æмæ нæ Райгуырæн бæстæ ныууадзæм. Фæлæ мах уыцы адæмы нымæцмæ нæ хауæм, кæцытæ тæрсаг сты æмæ сæ бæстæ ныууадзой. Ныртæккæ мах кусæм ууыл, цæмæй ахæм цау-тæн бынат мауал уа ирон зæххыл. Кæстæр фæлтæрæн та амонæм  ахæм трагедитæ ма рох кæной», – дзырдта Цхуырбаты Изæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæ Джиоты Альбинæ радзырдта ацы æбуалгъ трагедийы тыххæй æмæ банысан кодта, рæзгæ фæлтæр кӕй никуы ферох кæндзысты ацы цаутæ.

Фæсивæды номæй Дзæгъиаты Ланæ бакаст «Сабырадмӕ сидт», геноциды акттæ банымайын. Уый хицауады бæрнон кусджы-тыл байуӕрста сабырдзинады темæйыл конд сывæллæтты нывтæ.

Митинджы ма бафарстæуыд Донецк æмæ Луганскы къухдариуæгад æмæ адæмы но-мæй хъынцъымы телтæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ адæмы номыл.

Зары трагедийы амæттæгты рухс ном арынæн айхъуыст хæдæхсты къæр-къæр… Цал амæттаджы сты, уал сау къорийы аныгъуылдысты арвы малы… Æрдз дæр хъыг кодта ацы уæззау бон… куы къæвда æртæхтæ кодта, куы мигътæ æхгæдтой Зары æфцæджы…

Хуссар Ирыстон ацы бон мысы 20-æм азы трагеди, Беслæны, Зары, Ереды æмæ æндæр бынæтты трагедиты амæттæгты.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.