Æвæццæгæн, адæймаджы сконд ахæм у, æмæ цы комбæсты, цы къуымы райгуыры, уым йæ сабийы бонтæй фæстæмæ цы царды нывтæ фæуыны, уыдон мæгуырауæй æмæ хорзæй дæр зæрыбонтæм фæуайынц йæ цæстытыл, фæуыны сæ йæ фынты дæр. Кæдæмфæнды дæ хъысмæт ма ахæсса, уæддæр адæймагæн йæ райгуырæн къуымы ад никуы скæндзæн.

Цхинвалы районы Медзыдагомы Громы хъæуæй мидæмæ цы бирæ хъæутæ уыдис, уыдо-нæй се ‘гасæй стырдæр уыд Бендеры хъæу. Уыдис дзы хицæн колхоз, цардысты дзы 52 хæдзары бинонтæ. Зæххы куыстæй дарддæр ма кодтой фосдарды куыст дæр. Дзæвгар дартдой, куыд лыстæгкъах, афтæ ставдкъах фос дæр. Уыдис сын хуыты æмæ кæрчыты фермæтæ, дардтой мыдыбындзытæ дæр.

Нæргæ уыд Бендеры хъæу, фæлæ цæрджытæ сæ царды уавæртæй райгонд кæй нæ уыдысты, уый аххосæн, цадæггай цыдысты æндæр бынæттæм, хуыздæр цардагур. Абон ма раздæры цæрджытæй хъæуы цæрынц æрмæстдæр иу хæдзары бинонтæ. Хъæуы кувæндæттæй се ‘гасæй бæрзонддæр бынаты лæууы Санибайы кувæндон. Æфцæг у стыр пирамидæйы æнгæс. Санибайы рагъæй æмуырдыг æмæ дардыл фæз бынатæй райдыдта Коппы фæзы тар хъæд æмæ Лекъуан. Бендеры колхоз ма йæ тыхы куы уыд, хъæумæ хæстæг уыгæрдæнтæ-иу карст куы фесты,  уæд та-иу хъæуы нæлгоймæгтæ ацыдысты Саниба æмæ Сындзджыны уыгæрдæнтæ кæрдынмæ æмæ-иу сæ цалынмæ карст нæ фесты, уæдмæ-иу цалдæргай бонтæ баззадысты уым.

Иу ахæм та хъæуы нæлгой-мæгтæ араст сты Саниба æмæ Сындзджыны уыгæрдæнтæ кæрдынмæ. Семæ, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр аластой  кувинæгтæ, кусæрттаг. Ссыдысты æрбынат кодтой, раздæр уым цы дыууæ халагъуды сарæзтой, уыдоны. Сæхи бафæдзæхстой æмæ куы ‘рталынг, уæд арт скодтой иу тæрс бæласмæ хæстæг. Стыр арт бæрзонд тæрс бæласы зæнгмæ кæй æндæвта, уый ничи рахатыд.  Адæм сæ халагъудты куы бафынæй сты, уæд тæрс бæлас рафæлдæхт сæ уæлæ. Кæд адæм фæтарстысты тынг, нæ банкъардтой, цы æрцыдис уый, уæддæр дзы удзиан кæй нæ уыд, уый тыххæй сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Дыккаг бон ногæй акодтой кусæрттаг æмæ Хуыцаумæ  скуывтой, фыдбылызæй сæ кæй бахъахъхъæдта, уый тых-хæй. Кæд уыцы æмæ уый фæстæ изæрты дæр арт кодтой, уæддæр бæлæстæм хæстæг никуыдуал. Санибайы кувæндон Бендеры хъæумæ дæрддзæф кæй уыд, уый тыххæй хъæуы ацæргæ нæлгоймæгтæ аскъуыддзаг кодтой: кувæндонæй æрласын дуртæ æмæ ног кувæндон саразын Бендеры хъæуы сæрмæ, рæбыны. Саниба дурджын бынат нæу, фæлæ кувæндоны дурты ‘хсæн ис, йæ дæргъ дыууæ æмæ йæ уæрх та иу метрæй фылдæр кæмæн у, ахæм дуртæ. Хъæуы ацæргæдæр нæлгоймæгтæй сæ иуы ныхæстæм гæсгæ дуртæ ардæм ласт æрцыдысты сыфцæуæй.

Хуссар Ирыстоны тугмондаг сыхæгтæ ирон хъæутыл арт куы æндзæрстой, ирон хъæу-тæм фæндæгтæ куы бацахстой, азмæлыны фадат куы никæмæнуал лæвæрдтой, уæд нæ кувæндæттæ баззадысты гуырдзиаг фыдгæнджыты æвджид æмæ сæ раафтид кодтой. Цы фæндæгтæ сæм уыд, уыдон та хъæд систы. Ацы фарстытæ æрбæстон кæныныл ныр цалдæр азы кусынц Къудухты Феликс, Анзор, Таймураз, Славик, Уано, Адзиаты Алик æмæ æндæртæ.

Нæ кувæндæттæй иууыл дæрддзæфдæр у Църиайы дзуар. Бæрзонд мæсыг дурæй амад галуан фæлгæсы дардыл. Æнусты дæргъы йыл рæстæг æмæ æрдзон фæзындтæ кæд сæ тыхтæ фæлвæрдтой, уæддæр ын ницы ракодтой.  Хъыгагæн, абон ын йæ фæндаг бацахста пыхс хъæд. Ацы кувæндонмæ бендерæгтæ цыдысты Дауджытæ æмæ Джеоргуыбайы бонты. Цыфæнды хъызт бонты-иу хъæуы цæрджытæ ссыдысты сæ кувинæгтимæ æмæ-иу бафæдзæхстой сæ бинонты.

Църиайы дзуары тыххæй ма зæгъдзынæн, мæхæдæг цы федтон, уый. Иу рæстæджы Къудухты Жора æмæ цалдæр фыййауы фос фæцæйтардтой сæрдыгон хизæнуæттæм. Æхсæв сæ æрæййæфта Църиайы дзуармæ хæстæг. Жора фыййæуттæн бахæс кодта, цæмæй фос батæрой кувæндонмæ мидæмæ. Фыййæудтæ Жорайы фæндыл разы нæ уыдысты, нæ кастысты йæ ком-мæ, фæлæ сæм йæ партион билет куы фелвæста, куы сыл схъæртæ кодта, зæгъгæ, цæй дзуары кæйттæ кæнут, уæд сын нал уыд æндæр гæнæн æмæ йын сæххæст кодтой йæ до-мæн. Дыккаг бон фыййæуттæ æд фос бахæццæ сты сæрвæттæм æмæ æрбынат кодтой, развæлгъау сын цы агъуыст æрцæттæ кодтой, уым. Агъуысты сæр æмбæрзт уыд сыджытæй. Æхсæвы къæвдайæ суæззау æмæ цар æртыдта. Жора хуыссыд артмæ æввахс, æмæ цар куы æркалд, уæд æй ноджы ассыдта æмæ йæ бон фезмæ-лыны нал уыд. Цалынмæ фыййæуттæ хабар фехъуыстой, агъуыстмæ фæдисы лыгъдысты, уæдмæ арт бакодта йæ кæнон. Жора удæгасæй баззад, фæлæ йын йæ къæхты бахъуыд сæ рæбыныл ралыг кæнын.

Бендеры Дзæгъиаты къуылдымы фæндаджы былыл уыд æртæ бæласы. Ардæм комком-мæ кæсы Ломисы кувæндон. Ацы кувæндоны бæлццæттæ сæхи фæдзæхстой Фæндагсæры Уастырджийæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ цæу-гæйæ алчи дæр йæ бæлццоны раст кодта ацы кувæндонæй.

Дзæгъиаты Хазби 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.