Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон зынаргъ бæрæгбон у, æрмæст нæлгоймæгтæн нæ, фæлæ Ирыстоны æппæт адæмæн дæр, кæцытæ зонынц нæ зæххыл цы сабырдзинад ис, уымæн йæ аргъ. Ацы бон ма у, хъайтардзинад æмæ æхсардзинад чи æвдыстой, алы рæстæджыты дæр бæстæмæ уарзондзинад æмæ æнувыддзинад, чи æвдыста сæрыстырæй æцæг ирон хæстоны сæйраг æууæлтæ чи хаста, уыдоны.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы кадджын бæрæгбон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 26 азы сæххæсты цытæн знон нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Æмбырды хайад райстой нæ Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, бæстæйы Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ, æфсæддон службæйы ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ, Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ йæ министр Мираб Кишмарияйы сæргълæудæй.

Мадзалы райдианы Цытджын хъарагъул сценæмæ рахастой РХИ-йы Паддзахадон æмæ Гарзджын тыхты Хæстон тырысатæ. Мадзал байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæй.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр инæлар  лейтенант Гассеты Ибрагим арфæйы ныхæстæ загъта бæрæгбоны цытæн, банысан кодта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты бæрæгбон дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у алкæй цытджын æмæ æвæджиаг хæс æмæ йæ алы æвзонг хъахъхъæнæг дæр хъуамæ æххæст кæна. Уыдонæй алчи дæр йе стыр хайбавæрд бахаста æддагон æфсæддон агрессийы рæстæджы фыдызнаджы ныхмæ.

Хъахъхъæнынады министр дарддæр дзырдта, æндæр æмæ æндæр хæстон архайдтыты бæстæйы бахъахъхъæныны хъуыддагмæ не фсæддон службæгæнджытæ æмæ ветеранты стыр хайбавæрды тыххæй. Зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Сырх Æфсад цы хъайтардзинад æмæ патриотизм æвдыстой, уый абоны фæлтæртæн у фæзминаг. Цытджын ветеранты тыххæй дзургæйæ ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, сымах фæрцы советон адæм æрмæст сæ Райгуырæн зæхх не ссæрибар кодтой, фæлæ æгас Европæ сæрибар æрцыд морæгъуыз емынæйæ.

«Кæд уыцы хæстæй бирæ азтæ нæ рацыд, уæддæр уый фæстæ Ирыстоны бахъуыд фашизмы ног хуызы ныхмæ тох кæнын. Нæ сыхæгтæ тынг архайдтой, цæмæй нын бауырнын кодтаиккой, нæ зæххыл уазджытæ кæй стæм æмæ нын расидтысты цалдæр геноциды. Нæ Республикæйы алы фæлтæртæ сæ царды хуыздæр азтæ радтой Республикæйы æнæфæцудгæ рæзтæн. Хуссар Ирыстоны адæм кад æмæ намысджынæй лæууыдысты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ уæззау фæндагыл. Кад æмæ цыт Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн!»,- дзырдта ныхасгæнæг.

Министр сæрмагондæй æрдзырдта, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæууынады рæстæджы нæ Гарзджын тыхты дæлхæйтты службæгæнджытæ æмæ бархионтæ æнæмсæр тох кæй кодтой знаджы ныхмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æфсæддон дæлхæйтты æххуысы руаджы махæн бантыст нæ адæмы бахъахъхъæнын. Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ нæ къухы бафтыд æрмæст æфсæддон нæ, фæлæ ма политикон уæлахиз дæр. Уæрæсейаг æфсадимæ сразыдзинæдты бындурыл нæ зæххыл ис сабырад æмæ æдасдзинад.

Хъахъхъæнынады министр ма æрдзырдта не мбæстæгты хъайтардзинæдтыл æфсымæрон бæстæты хæстон тохты рæстæджыты æмæ интернационалистты хъæбатырдзинæдтыл. Банысан кодта Фидауынгæнæг тыхты егъау мисси, нæ зæххыл сабырад бæстон кæныны хъуыддагмæ цы стыр хайбавæрд бахастой, уый.

Гассеты Ибрагим ма æрдзырдта Гарзджын тыхты ныры службæйы  фæдыл  кæй хуыздæр кæнынц службæйы уавæртæ, фæбæрзонддæр материалон-техникон ифтонгад æмæ социалон æгъдауæй кæй фæхуыздæр сты сæ уавæртæ. Æмæ æппæт уыцы хорз хъуыддæгтæ сты Республикæйы Уæлдæр къухдариуæгады руаджы, уымæн æмæ æмбæлон хъусдард ис æфсадмæ.

Министрæй æнæхъусдард нæ баззадысты Фыдыбæстæйы сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ. Бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ,  ссарой уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Цытджын мадзалы дарддæр раныхас кодта Республикæйы Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Президент Бибылты Анатоли.

– Уæ бон хорз, æмбæлттæ инæлæрттæ, афицертæ æмæ салдаттæ! Арфæ кæнын уе ‘ппæтæн дæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн! Ацы бон иу кæны алыгъуызон фæлтæрты æфсæддон службæгæнджыты: уыдоны, кæцытæ абон æххæст кæнынц се ‘фсæддон хæс Фыдыбæстæйы раз, æмæ уыдоны дæр, кæцытæ бæстæйы хъахъ-хъæдтой аивгъуыйгæ азты.

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын æцæг æппæтадæмон бæрæгбоны сæраппонд. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд алкæйы дæр, æфсæддон пагæттæ чи хаста кæнæ хæссы, æфсæддон службæ цы у, уый чи зоны æмæ йыл кæронмæ æнувыд чи у, æппæт уыдоны!

23 февраль у уыдоны профессионалон бæрæгбон, кæцытæ сæхи снывонд кодтой æфсæддон службæйæн. Фæлæ æппæт рæстæджыты дæр Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын уыд æмæ ныр дæр у алкæйы хæрзæгъдаудзинады хæс дæр. Æфсæддон службæйæн алыхатт дæр адæмы ‘хсæн уыд уæлдай кад, æмæ нæ райгуырæн бæстæйæн тæссаг рæстæджы сахаты та, кармæ нæ кæсгæйæ, йæ бон хæцæнгарз райсын  кæмæн уыд, уыдон æй хъахъхъæдтой.

Рагон традицитæ хъахъхъæнгæйæ, ацы бон мах кад кæнæм, Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй ард чи бахордта, уыдонæй алкæмæндæр, нæ сæртæй ныллæг кувæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты, хæстонтæ-интернационалистты раз, кæцытæ хъæбатырæй сæххæст кодтой се службæйон æмæ æфсæддон хæс æндæр паддзахадты территоритыл, не ‘мфыды-бæстæйонты раз, кæцытæ сæ къухты хæцæнгарз афтæмæй бахъахъхъæдтой Райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæн-джытæ!Æппæт рæстæджыты дæр, æппæт тохты дæр Ирыстоны хæстонтæ, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, æвдыстой æхсардзинад, хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад, уæлахизы тыххæй нæдæр знагыл æмæ нæдæр сæхиуыл ауæрдгæйæ. Уы-донæй бирæтæ нал æрæздæхтысты хæсты быдыртæй. Нæ хæс у сæ цард Райгуырæн бæстæйы тыххæй чи радта, уыдоны хъуыды кæнын.

Курæг уæ дæн, цæмæй сын иу уысм æмырæй алæууынæй ссарæм сæ рухс нæмттæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Абон Хуссар Ирыстон нысан кæны ноджы иу нысаниуæгджын бон – Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сырæзты бон. Ирыстоны хæстонты ног фæлтæртæ аккагæй дарддæр кæнынц кадджын традицитæ, кадимæ хæссынц службæ æмæ æххæст кæнынц сæ хæс Райгуырæн бæстæйы раз. Райгуырæн Ирыстоны хъахъхъæнгæйæ,  сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, уыдон сты сæ фыдæлты стыр æфсæддон кады аккаг бындартæ. Ирон хæстонты лæгдзинад, хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад систы Райгуырæн бæстæйы ныфсджын уарт сæ гæрзифтонгдзинадæй æмæ нымæцæй бирæ хатты фылдæр чи уыд, уыцы агрессоры ныхмæ.

Уыимæ иумæ мах зонæм, Гуырдзыстоны дарддæр дæр кæй хъуыды кæнынц реванш райсыны тыххæй. Уымæ гæсгæ мах хæсджын стæм республикæйы хъахъхъæнынадон потенциал фæбæрзонддæр кæнын къухты бафтын кæнын, Гарзджын тыхты рæзтмæ хъусдард здахын, Уæрæсейы Федерациимæ æфсæддон æмгуыстад уæрæхдæр кæнын, Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæд-донтимæ æмархайд рæзын кæнын. Уырны мæ, Уæрæсеимæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады тыгъдадтæ æрбаиу кæнын фадат кæй ратдзæн кæцыфæнды агрессорæн дæр ныхкъуырд радтынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæнджы боны размæ бæрæгбоны сæраппонд зæрдæбынæй арфæ кæнын нæ зынаргъ уазджытæн, кæцытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ цытджын мадзæлттæм. Арфæ кæнын нæ адресыл хуссарирыстойнаг адæммæ, нæ республикæмæ арфæтæ чи æрæрвыста, уыдонæн. Ноджы дæр уын арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны сæраппонд! Уæлдай арфæйы ныхæстæ зæгъын уыдонæн, кæцытæ абон сты се службæйы, Республикæйы Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ службæ кæнынц Хуссар Ирыстоны.

Уадз, алыхатт дæр уын æххуысгæнæг уæд Уастырджи  Сыгъдæг Георги! Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ уæ хæстæ æххæст кæныны, æнæниздзинад, амонд æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Уадз, службæ кæнут сабыр арвы бын! Уадз, уæ хæдзæртты уæм æнхъæлмæ кæсæт уæ бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ!

Бæрæгбоны, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны хорзæх уæ уæд, зынаргъ хæлæрттæ!

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Хъахъхъæнынады министрадыл 26 азы сæххæсты боны цытæн Бибылты Анатоли йæ барамындæй майдантæ æмæ Кады грамотатæй схорзæхджын кодта æфсæддон ведомствойы къорд службæгæнæджы.

Бæстæйы Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгады номæй Республикæ Абхазы хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар Мираб Кишмарияйы арфæйы фыстæгимæ мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта йæ фыццаг хæдивæг инæлар-булкъон Беслан Цвижба.

Мираб Кишмария майдантæ «За воинскую доблесть» æмæ «За боевое содружество» -йæ схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады хуыздæр службæгæнджыты. Йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Гассеты Ибрагимæн та бæрæгбоны цытæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Цытджын бæрæгбонон мадзал адарддæр концертон программæйæ, цыран сæ арæхстдзинад æвдыстой Хуссар æмæ Цæгаты Ирыстоны аивæдты дæснытæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.