1989 азы гуырдзиаг-ирон хæсты райдианæй фæстæмæ дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг лæппутæ, сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, се ‘взонг уæнгты цас хъару разынд, уыдон царциаты диссагæн дзуринаг сты. Хуссарирыстойнаг лæппуты сæр куы бахъуыд, уæд сæ къухмæ фыццаг хатт райстой хæцæнгарз æмæ æцæг æхсарджын хæстонтæй басгуыхтысты.

Æрæджы нæм редакцимæ фæуазæг Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæй иу – Знауыры районы Бехъмары хъæуккаг Козаты Ушанг. Уый гуырдзиаг-ирон ныхмæлæудæй фæстæмæ æхсæвæй-бонæй лæууыд постыты йæ хæстон æмбæлттимæ. Ушанг нын  æфсæрмгæнгæйæ радзырдта йæ хæстон фæндаджы тыххæй. Райдианы уал уæ цыбыртæй базонгæ кæндзыстæм йæ биографиимæ.

Райгуырд Бехъмары хъæуы. Каст фæцис Хъорнисы астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Службæ кодта Лагодехы Уæлдæфон-десантон æфсæдты. Фæлæ цалынмæ æфсадмæ нæ ацыд, уæдмæ уал 1970 азы цалдæр мæйы бакуыста  сæ хъæуы совхозы. Æфсадæй куы æрцыд, уæд кусын райдыдта Бехъмары совхозы арæзтадон бригадæйы.

1973 азы Ушанг ахуыр кæнынмæ бацыд Барнаулы арæзтадон техникумы сæудæджерадон-æмбæстагон арæзтады факультетмæ, кæцыйы æнтыстджы-нæй каст фæцис 1976 азы. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта арæзтады фæдыл Грузталькы директоры хæдивæгæй  (директорæй дзы куыста Сиукъаты Вася). Бакуыста дзы æртæ азы. Уый фæстæ та куыста Цхинвалы ПМК-24. Йæ райгуы-рæн хъæу Бехъмары райдыдта сабидон æмæ Культурæйы хæ-дзар аразын, уыд ацы арæзтад-ты прораб. Куыста арæзтадон тресты дæр. Йæ хайбавæрд ба-хаста нæ горæты улæфæн парчы концертон залы арæзтадмæ. Æртæ азæй фылдæр та уыд Бехъмары совхозы директор, уый фæстæ та нысан æрцыд Хъорнисы совхозы сæрдарæй.

Уæдмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон хæст æмæ знауырæгты дæр бахъуыд сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæр. 1989 азы 23-æм ноябры гуырдзиаг тыхæй-исджытæ Цхинвалмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ куы цы-дысты, уæд знауырæгтæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты æмæ 450 адæймаджы бæрцæй, чи йæхи машинæйыл æмæ чи та автобустыл æрцыдысты Цхин-валмæ. Уыдон ссыдысты ТЭК-мæ æмæ балæууыдысты, уым зна-джы ныхмæ цы лæппутæ лæу-уыдысты, уыдоны фарсмæ. Уым фесты, цалынмæ митинггæн-джытæ фæстæмæ æгадæй нæ аздæхтысты, уæдмæ.

Уый фæстæ та 1991 азы 6-æм январы гуырдзиаг тыхæйисджы-тæ æхсæвыгон фынæй горæтмæ сау кæлмытау куы æрбахыл-дысты, уæд дæр знауырæгтæ уайтагъд æрцыдысты æххуысмæ Цхинвалмæ. Сæ фылдæр хай лæууыд Сталины уынджы бæ-гæныфыцæн заводмæ æввахс. Уыдонæй иутæ азылдысты хи-сæрмагонд хæдзæрттыл æмæ сын бакодтой сæ кæртыты дуæрт-тæ, цæмæй-иу лæппуты знæгты БТР-тæ куы æхстаиккой, уæд-иу амбæхстаиккой. Гуырдзиæгты сæ разæй сырдтой, афтæмæй схæц-цæ сты, Харебаты Исахъы æмæ Сталины уынгтæ кæм иу кæнынц, уырдæм. Ушангы ныхæстæм гæсгæ уыцы ран тыхстæй лæууыд зынгæ фыссæг Дзуццаты Хадзы-мурат дæр.

Хæстон лæппутæн штаб уыд Тасойты Иналы (Коммунист) хæдзары. Ушанг дæр арæх уыд уыдонмæ, уымæн æмæ уым скъуыддзаг кодтой, дарддæр сæ цы саразын хъуыд, уыдæттæ. Уырдыгæй цыдысты лæппутæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнын-мæ, постытæм.  «Иу рæстæджы Инал телефоны кæмæдæр фæдзырдта, зæгъгæ, дам, уæд-дæр хъуамæ спырх кæнон уыцы БТР-ы. 8-æм январы райсом 5 сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ мах уыдыстæм Тъбеты совхозы гаражы æмæ уым фехъуыстон Иналы амæлæты хабар. Ацы сау хабар фехъусгæйæ, иууылдæр фергъийау стæм.

«Адæмон ныхас»-ы уæнг Цоциты Алан уæд уыд РХИ-йы Уæлдæр Советы сæрдары хæди-вæг  æмæ уыцы рæстæджы бадт тæрхондоны бæстыхайы 3-æм уæладзыджы. Мах æм цалдæр лæппуйæ схызтыстæм æмæ йын загътам, зæгъгæ, мах дæр бирæ стæм æмæ нæ фæнды хицæнæй хæдхъахъхъæныны къорд сара-зын. Уый дæр сразы ис нæ фæн-дыл. Бехъмары совхозы къанто-рæйы æрæмбырд стæм æмæ сарæзтам нæхи къорд», – загъта Ушанг.

Къорды хистæрæй æвзæрст æрцыд Козайы фырт йæхæдæг. Къорды лæппутæ лæууыдысты, Знауыры район кæмдæриддæр гуырдзиаг хъæутимæ æмарæн кодта, уымыты. Сарæзтой взводтæ дæр. Иу взводы сконды уыд 30 лæппуйы. Уыдонæй алчи дæр зыдта, кæцы посты хъуамæ лæууа, уый. Суткæ-иу фæлæууыдысты постыты, стæй та-иу сæ æндæртæ раивтой. Сæхи ахъарм кæныны тыххæй сыгътой маши-нæйы цæлхытæ. Стæй самал кодтой вагон æмæ йæ сæвæрдтой Торманеулийы хъæуы хиды цур æмæ-иу уым чи лæууыд, уыдон-иу зымæгон уазал æхсæвты сæхи ахъарм кодтой. Афтæ ма-иу æхсæвыгæтты къорды лæппутæ хъæутыл арæзтой рейдтæ уавæр бабæрæг кæныны тыххæй. Бацыдысты-иу Самцхъаро, Калет, Балта æмæ æндæр хъæутæм.

1992 азы ноябры РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæд Знауыры дæр сарæзтой батальон. Ушанг уыд 8-æм батальоны 4-æм ротæйы командир æмæ Тыбылты Славик та – Дзагъинайы хъæуы 3-æм ротæйы командир.

Советон Цæдисы рæстæджы Бехъмары хъæуы уыд стыр дзулфыцæн. Хæстон лæппутæ афтæ сарæзтой, æмæ æндыгъд дæргъвæтин азты дæр дзулфыцæн йæ кусынæй не ‘рлæууыд æмæ цæрджыты ифтонг кодтой дзулæй. Чехойты Аскер, Цхуырбаты Вильям, Чехойты Артик, Цхуырбаты Людвиг Дзæуджыхъæуæй сæхи машинæтыл ластой ссад æмæ соляркæ æмæ сæ адæм райгонд уыдысты. Иу хатт сын Чъехы фæндагыл гуырдзиæгтæ байстой 2 машинæ ссад, кæцытæй иу уыд Цхуырбаты Людвигы КАМАЗ, афтæ ма сын байстой иу цистернæ та – соляркæ. 

Иу  зымæгон æхсæв гуырдзиаг тыхæйисджытæ æрбацыдысты Знауыры поселокмæ. Сæвзæргæ æндыгъд уавæры тыххæй поселокæй фехъусын кодтой Бехъмармæ. Уыцы рæстæджы нырма батальонтæ нæ уыд, фæлæ хæд-хъахъхъæныны къордтæ. «Уæд нæм хæцæнгæрзтæй уыд æр-мæстдæр æртæ автоматы. Иу автомат дзы уыд Шавердаты Виктормæ, дыккаг – Цхуырбаты Людвигмæ æмæ æртыккаг та уыд мæхимæ. Мах æххуысмæ ратагъд кодтам поселокмæ. Поселочы хъуамæ бацыдаиккам фондзуæладзыгон хæдзармæ, кæцыйы уæлхæдзары æд пулемет уыд Дзуццаты Арсен. Гуырдзиæгтæ нæ куы фæхатыдысты, уæд нæ æхсын райдыдтой,  бацайдагъ нын тох. Иу нæмыг дзы сæмбæлд мæ автоматы газы камерæйыл æмæ йе схъистæй фæцæф дæн цалдæр раны, уыцы нымæцы фæцæф сты мæ цæст æмæ мæ фындз. Уый фæстæ мæ зымæгон курткæмæ куы ‘ркас-тæн, уыд ыл уыд æртæ нæмыджы хуынчъы. Æхста нæ снайпер дæр», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы æндыгъд бонты цау-тæ Ушангæн.

Цхинвалы йæ куы базыдтой, Знауыры поселочы æхстытæ цæуы, уæд уырдыгæй ратагъд кодта медицинон бригадæ Зæ-гъойты Никъалайы сæргълæу-дæй. Уыцы бон ма фæцæф дза-гъинайаг Джиоты Вадик дæр, уымæн та нæмыг ахызт йæ къахы фæлмæны. Зæгъойты Никъала сын йæ бригадæимæ бынаты бакодта фыццаг медицинон æх-хуыс.

Уыдис ахæм цау дæр, æмæ-иу гуырдзиæгтæ æхсæвыгон вил-лисыл æрбацыдысты Арчънеты хъæумæ æмæ хъыгдардтой цæр-джыты. Уæд дын иу æхсæвы сæ размæ куы бабадиккой Джиоты Владик (Басмач) æмæ ноджы цалдæр хæстон лæппуйы, уыцы нымæцы Гæззаты Джони дæр. Амардтой æртæ гуырдзиаджы æмæ дзы иу та цæфæй аирвæзт. Райсомæй Ушангитæ бацыдысты гуырдзиаг мæрдты ласынмæ. Уыцы рæстæджы Нулы хъæуыл гуырдзиæгтæ æрбахызтысты æмæ сæ æхсын райдыдтой. Фæ-лæ уæддæр куыддæрты раластой мæрдты, кæцыты фæстæдæр баивтой ирон амынæттыл. Æцæг дзы дыууæ мугуттаг лæппуйы нæ радтой, кæцыты амардтой фæс-тæдæр.

«Постыты куы лæууыдыстæм, уæд-иу нæм æрбацыдысты 15-16-аздзыд лæппутæ – Чехойты Тимур, Джиоты Мераб, Шавердаты Марат æмæ æндæртæ æмæ-иу нæм бахатыдысты, цæмæй сæ бауадзæм нæ цуры лæууын. Фæ-лæ-иу сын тарстыстæм æмæ-иу сæ фæстæмæ рарвыстам», – загъта уый.

 Торманеулийы вагоны цур посты куы лæууыдысты, уæд Ко-заты Ушанг ацыд Дзæуджы-хъæумæ нæмгуытæ самал кæны-ны тыххæй. Уыцы рæстæджы æхсæвы гуырдзиæгтæ Арчънеты хъæуы ирон цæрджыты ракодтой сæ разæй поселокмæ, цæмæй сæ ирæттæ куы æхстаиккой, уæд сæ уыдон бамбæрзтаиккой. Лæппутæ сæ куы базыдтой, уæд сын аккаг ныхкъуырд радтой. Гуырдзиæгтæ фæтарстысты æмæ фæстæмæ лидзынмæ фесты. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд уал азы дæргъы, уыдон чи фæнымайдзæнис. Батальоны лæппутæ цыдысты, кæмдæрид-дæр-иу æндыгъд уавæр сæв-зæрд, уырдæм. Иу рæстæджы æхца æртымбыл кодтой æмæ Дзæуджыхъæуы балхæдтой ми-гæнæнтæ – 4 карабины сæ нæм-гуытимæ æмæ централтæ. Уыдис ма сæм ахуыргæнæн авто-маттæ дæр, кæцыты рахастой скъолатæй. Уыдонæй кæмæн йæ æх-гæнæн (затвор), кæмæн та йæ газы камерæ уыд лыг, фæлæ сæ кусгæ уавæрмæ æркодтой Ша-вердаты Виктор æмæ Дзуццаты Арсен.

«Ушанг у йæ радтæг адæмы æцæг патриот. Иумæ бирæ фы-дæбæттæ федтам. Знауыры районы Ушангæн чи нæ кад кæны, ахæм нæ разындзæн. Цæрджытæ дзы хорзæй дарддæр ницы зæгъдзысты. Æндыгъд рæстæджыты районы цæрджытæн уыд стыр ныфс. Йæ сæр-иу кæм бахъуыд, уым-иу уайтагъд февзæрд. Бирæ сты Ирыстоны раз Ушангы лæг-гæдтæ. Æгæрыстæмæй-иу мæ бафæдзæхста, зæгъгæ мыл уæд та ма исты æрцыд, уæд мæ хæ-дзары уыцы æмæ уыцы ран æвæрд сты нæмгуытæ, посты цы лæппутæ лæууынц, уыдоны хæл-цадон продукттæ æмæ-иу сæ рахæссут», – радзырдта Ушангы хæстон æмбал Цхуырбаты Людвиг.

Хæсты фæстæ Козаты Ушанг куыста «Дорэкспострой»-йы. Зна-уыры фæндаг у Ушангы къухдариуæгады бын арæзт. Уыд фа-дыджы хистæр.

Козаты Ушанг æмæ йæ цард-æмбал Дзæгъиаты Джунулийæн ис æртæ хъæбулы – иу чызг æмæ дыууæ лæппуйы æмæ æхсæз хъæбулы хъæбулы. Йæ чызг Козаты Джульеттæ у  журналист. Кусы информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы. Йæ лæппутæ та кусынц тыхон структурæты.

 Козаты Ушангæн арфæ кæнæм Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæ-джы боны цытæн. Бирæ азты æнæнизæй фæцæр дæ уарзон бинонтимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.