Мæргъиты Къостайы райгуырдыл сæххæст 95 азы

                      

Зæрдæ уарзтæй дарддæр, уæлдайдæр, Фыдыбæстæйы уарзтæй дарддæр алцæмæй дæр зоны фæхауын. Райгуырæн уæзæджы хъарм, раттæг адæмы рæвдыд та йæ кæнынц цардбæллон, æвæджиаг хъаруйы хицау, хæхтæ афæлдахынмæ дæр фæхæссы йæ ныфс. Фыдыбæстæ куырмæй дæр уымæн ссары. Стыр хъыргъызаг фыссæг Чингиз Айтматовы загъдау: «… как узнать родину? Узнаешь, если изжаждался, истомился в разлуке с землей отцов, если грезил о ней в бреду и муках». Поэт та йæ фынты дæр, йæ сæнтты дæр æмæ царды æппынæдзух хъуамæ тырна, уарзон чызгау йæ Фыдыбæстæйы ног фарсæрдыгæй, стæй æппынæдзух уынынмæ.

Йæ Фыдыбæстæ æппынæдзух йæ зæрдыл кæмæн лæууы, йæ цæрайæ чи цæры, ахæм адæймаг æппынæдзух царды гуылфæны ма зила, зæрдæйы тæгтæй ма уа йемæ баст, уый гæнæн нæй. Нæ поэт, Мæргъиты Къоста, йæхи уый тыххæй никуы хатыд æмæ никуы хаты иунæг. Фидарæй йæ уымæн уырны, ингæнæй дарддæр ын иунæг уæвæн кæй никуы уыдзæнис.Уæлион царды йын – «адæм сты хæрзиуæг æмæ цардамонды сæр». Йæ зæрдæимæ баст сты «Хуры ныгуылд – сатæг арвыл. Йе скаст – райсомы цъæхыл», стæй зæххыл куы атулы, æмæ «Æрдз куы æрцæгъды йæ фæндыр, дымгæ куы асиры бæхыл». Уымæн æмæ, поэты зæрдæйы уыцы зæххон цинтæй æрфæнды «Маргъау базыртыл тæхын».

Адæймагæн йæ радтæг зæххы цин йæ цин куы уа, уæд ын æндæр гæнæн нæй. Уый йæ кæны цæрдхъом æмæ базырджын, ныфсхаст æмæ куыстхъом. Мæргъиты Къоста та, йæхæдæг фидарæй куыд зæгъы, афтæмæй ноджы дарддæр ацыдис:

Уыдон иууыл, царды алцы,-

Стыр цин уа, цыффыддæр маст,-

Уон хæдзары æви балцы –

Сты мæ зæрдæимæ баст.

 

Адæймаджы зын, йæ мæлæт

Æмæ ноггуырды цъæхахст,

Æз нæ тæрсын, уадз, æмбæлæнт

Риуыл топпы цæфау раст.

(«Иунæг»)

Поэт куыд хъуамæ тæрса адæймаджы зынæй, æнæрцæугæ кæмæн нæй, уыцы мæлæтæй, уæлдайдæр, ноггуырды цъæхахстæй, йæ риуыл топпы цæфау куы æмбæлой, уæддæр? Уæдæ, æмæ адæмæн йæ цæст стыр хæрзиуæг уарзы.

Ахæм адæймаг, æцæг, ингæнæй дарддæр иунæг никуы уыдзæнис. Къостайæн йæхийау, йæ лирикон хъайтар æппынæдзух уымæн ис царды бæстыастæу, уымæн ын нæй æрулæфт, уымæн нæ зоны æрæнцой.

Поэт йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æппынæдзух хъуыды кодта иу фарстыл – хæст куы фæуа, нæ хæстонтæ уæлахизимæ куы ‘рыздæхой, уæд, фæсчъылдым цы хæстхъомтæ уромынц сæхи, уыдон сын сæ цæстытæм цы цæсгомæй хъуамæ кæсой?

Скъола каст куы фæцис, сидтоны гæххæтт куы райста, уæд æнудæсаздзыд лæппу сæрыстырæй уый тыххæй араст Сырх Æфсады рæнхъытæм.

Афтæ нæ, æмæ Фæрнион Къоста йæ роман «Уады уынæр»-ы хъайтарты юмор куыд фæцæхджын кодта – хæцгæ паддзахтæ кæндзысты, мах та сæм кæсгæ кæндзыстæм, зæгъгæ, уыйау. Нæ зыдта, цæхæрмæ йæхи къахæй кæй цæуы. Уый йæ Фыдыбæстæйы, йæ адæмы, стæй йæхи раз уыдис йе ‘мбæстæгон хæс. Лæгау-лæгæн та хæс у афоныл фидгæ. Уыцы бæрндзинад æй нал бауагъта фæстæмæ фæкæсын. Илья Эренбург сæрыстырæй уымæн дзырдта: «Капитан Казиев бил немцев в 1915 году под Апршавой, в 1918 году у Режицы. Теперь осетин казиев бьет немцев. Его пули идут от самого сердца, он не промохнется. Он говорит: «Когда Родина в опасности, осетины – на седла!»

Хæсты быдыры адæймаг адæймагмæ топпы кæсæны куыд каст, йæ хурхмæ йын кард куыд дардта, йæ туг ын æнæвгъауæй куыд калдта, бæстæ, здыйау, куыд дон кодта, зæхх арты куыд сыгъдис, æмæ уд алы хъизæмæрттæ куыд æвзæрста, уыдон йæхи цæстæй кæй уыдта, йæхи зæрдæйы, хъамайау, сагъдæй кæй баззадысты, хæстæй æрдæг æнусы фæстæ дæр сæ уымæн нæ рох кæны:

Ам, мæнæ ам, дæ быгъдæг риуыл

Зæхх, хус къæцæлау, сыгъд.

Æфсæйнаг… туг… дзыхъмæрдтæ…иууыл

Кæд фæуыдзысты хыгъд?

 

Зæгъынц, зæгъгæ, зæххыл нæма уыд,

Гъе, ахæм тох уæдмæ.

Къæвдайау дыл нæмгуытæ уарыд,

Дæ пиллон калд хæрдмæ.

 

Æнкъуыстæ ды,

Нæрыдтæ дардыл.

Сыгъди дæ арв, дæ дур.

Нæ амардтæ.

Уый нæ, ызнагыл

Ам аныгуылд йæ хур.

(«Сапун-гора»)

Уыцы хъæбатырдзинады тыххæй Сапун-горайы тъæпæн къуылдымыл кæд цъититæ нæй, урсæй нæ зыны, уæддæр акаст Сæна æмæ Эльбрусы хæхты сæрты. Советон салдат ыл цы уæлахизы тырыса æрсагъта, уый фæйлауы дардыл æмæ зæххы алы кæрæттæй цæуынц йæ уынынмæ. Дунейы алы мыггаг адæм ын кæсынц йæ тохвæдтæм. Сæ сæры хъуынтæ, уыцы æгъатырдзинæдтæ уынгæйæ, слæууынц барц æмæ «советон сахъ хæстонты кадæн сæ сæртæ ‘ркъул кæнынц».

Истори зæгъы: «… на мем. стелах – имена 240 Героев Сов. Союза, удостоеных этого звания за освобождение города».

Хъæдгом куынæ схъауай, куы йыл аудай, уæд æгас кæны. Поэт уыцы æмдзæвгæ ныффыста 1966-æм азы. Уæд ма Советон Цæдис йæ тыхыл уыдис. Сталин сын цы бынтæ ныууагъта, уыдон нырау паплойгонд нæма фесты фæллойгæнæг адæмы знæгтæн. Ныртæккæйы Æртыккаг денейон политикон æмæ информацион хæсты раздæры Советон Цæдисы разамонджытæ НАТО-йы бæстæтæн «капитуляцийы тыххæй сæ къухтæ нæма ‘рфыстой» æмæ ‘ркаст уыдис Фыдыбæстæйон Стыр хæсты фæмардуæвæг хæстонты цыртдзæвæнтæм. Уый поэт уыдта йæхи цæстæй.

 

Кæм цыди туджы зæй, лæсæнтæ,

Уым дидинæг æрзад.

Сапун-гора!

Ныллæг, тъæпæн дæ,

Фæлæ ыстыр – дæ кад!

Æмæ нæ зыныс кæд хæнтурсæй,

Ды – ногарæзт хъæды,

Уæддæр Хъазбег æмæ Эльбрусæй

Бæрзонддæр дæ ныр ды!

 

Афтæ у адæймаг дæр. Афтæ уыд æмæ афтæ у. Цæрæнбонты йæм йе ‘мтуг, йе ‘мыстæг хæссы марæн хотых. Исчи зæгъдзæнис: «Сæ кæрæдзимæ хæссынц марæн кæрдтæ».

Нæ, адæм сæ кæрæдзимæ нæ фæхæссынц марæн кæрдтæ. Алчи лæбурæг, марæг нæ вæййы. Лæбурæг, маргæ фæкæны, искæй цардбон, искæй амонд байсынмæ чи фæхъавы, уый. Чырысти, цы дзуарыл æй ныххуыдтой, уый раз уымæн загъта: «Фыд, ныххатыр сын æй кæн, нæ зонынц, цы ми кæнынц, уый». Быцæутæ, хæстытæ фылдæр хатт уырнынадмæ, социалон дихдзинæдтæ, кæрæф уæвынимæ баст кæй вæййынц, афтæмæй милуангай адæймæгты раздзогтæ бынсæфтмæ кæй æртæрынц, уырыссаг зынгæ философ А. Герцен афтæ уымæн сагъæс кодта: «… палач гораздо ближе к священнику, нежели думают…». Хæстрасидæг æнæмæнг лæгмар у. Уымæй дæр æнæаххос адæмы иугæйттæй нæ цæгъды, фæлæ дæсгай милуантæй. Хуыцау бахизæд, фæлæ ныртæккæ стыр паддзахадтæ куы фæхъуырæй хъуырмæ уой, уæд та ныццæгъддзысты сæдæгай милуан адæймæгтæ.

Мæргъиты Къостайы хæстон лæбурæг, марæг нæу. Уый хъахъхъæны йæхи, йæ бинонты, йæ адæмы, йæ фыдызæхх, йæ хъæдтæ, йæ дæттæ – суанг фæстаг кæрдæджы халы онг.

К. Симонов æндæр уырыссаг поэт А. Твардовскийы хæстон хъайтар Теркины æрдæг æцæг, æрдæг æрымысæггаг хабæрттыл дзургæйæ, фыста: «… за всем этим стоит такая истинная и такая жестокая картина войны, какую мог создать только поэт, сам прошежший через нее». Къостайы ныхас нæ тынгдæр уымæн уырнæ, кæй йын æууæндæм йæ рæстдзинадыл.

Хи удау, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын æнцон хъуыддаг нæу, æмæ поэты лирикъон хъайтар, царды цы зынтæ федта, уыдон куы нымайы: йæ гыццылæй фæстæмæ фос хызта, йæ фæсонтæй-иу йæ хид куыд калд, афтæмæй нæлгоймаджы зындæр куыстытæй иу куыд æххæст кодта – хос карста, «ыстæй куыд райдыдта зын хæст» æмæ уырдæм куыд ацыд стæсаздзыд лæппуйæ, фыццаг хатт адæймаджы мæлæт куы федта, уæд удæнцой куынæуал ардта, уый тыххæй уымæн зæгъы:

Æмæ фыдхæсты сау зынтæй

Цы бавзæрстой, нымæц сын нæй.

Æппæт дæр уыд.

Уыд цин,

уыд хъыг,

Æмбалы мардыл хъарм цæссыг.

Уыд тугкалд –

хæст хæст у уæддæр –

Фæдис æмæ æххуысы хъæр.

Уыд алцы…

‘рмæст нæ уыд æнцон, –

Нæ кæнын ууыл æз фæсмон.

(«Цард»)

Уæд ахæм дуг уыд. Адæмы хуыздæрты, уæлахизыл тохгæнæг хæстонты сæхи удты æхцон хабæрттыл хъуыды кæнынмæ не ‘вдæлд. Мæлæтæй алчи дæр тæрсы, фæлæ… «уый лæууыд знаджы ныхмæ уартау раст»; «Æмæ ‘фтыд фыдгулыл дис: У цы адæймаг, цы лæг?»

Поэты хъуыдымæ гæсгæ: «Кæд зæххыл хуыцауттæ ис, Уыдон дæр ын уæд ныллæг хъуамæ кувиккой».

Хуыцæуттæ зæххыл не сты, Хуыцæуттæ уæлæрвты тæхынц, – табу сæхицæн, – зæххыл йæхи Хуыцау чи фенхъæлы, уыдон та-иу царды фыдæвзарæнтæн исты куы ‘мбариккой, чысыл арфдæр хъуыды кæнын куы уаид сæ бон, уæд, иугæр Советон Цæдис ныппырх, æмткæй иу паддзахад, иу Фыдыбæстæ нал стæм, уæддæр уый тыххæй – уæлахизы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи радта æмæ уæлахиз чи ‘рхаста, уыдоныл балысчъилтæ нæ кæниккой, кæй сæрыл тох кодтой, зæгъгæ.

Уæд дæр æмæ ныр дæр Ирыстоны уыдис æмæ ис, кæй сæрыл æмæ цæй сæрыл тох кодтаиккой æмæ тох кæнæм, уыдæттæ. Фæлæ былысчъилæй дзурджыты алы хатт дæр сæхи лыскъ удтæ тынгдæр фендавынц. Цæмæй сæ койгæнæг ма уа, уый тыххæй адæмы хъуыды фæхæццæ кæнынц. Мæргъиты Къоста сæ зоны, йæхи сæрыл бавзæрста уыцы  фыдбонтæ æмæ, лæгæй-лæгмæ демæ куыд ныхас кæна, – уый йæ фысты хиад у, йæ поэтикæмæ хауы, – уыйау дын дзурдзæн салдаты æрвылбонон хъуыддæгтæ, йæ тугæйдзаг æрвылбонон фæндæгтыл. Дзуццаты Хадзы-Мурат дзы уымæн дзырдта: «… цы цаутæ, цы фæзындтæ æмæ цы хабæрттыл дзуры, уыдоны диссагæй ницы ис, адæмы не ‘ркæсын кæнынц сæхимæ, фæлæ йын æнæ уыдон нæй цард дæр æмæ поэзи дæр». Æмæ цас йæ ныхас æргомдæр вæййы, уый бæрц йæ дзырд зæрдæйы уидæгтæм фæхъары арфдæр, адæймаг фæуыны «Хæсты, тохы стыр быдыр» куыд сыгъд æмæ йæ фæздæг куыд калд.

Фæлæ йæ фыдыбæстæ хъахъхъæнæг салдат:

Уыцы арты дæр нæ сыгъд,

Сыгъд, куыд нæ сыгъди æниу,

Фæлæ дзы уæддæр нæ лыгъд,

Знагмæ ‘фсæрста риу-æмриу.

Куы алыгъдаид, уæд æгъатырæй лæбурæг знаг йæ хъæбæр цæфхады бын æрмæст нæ райгуырæн зæхх нæ ныцъцъист кодтаид, фæлæ нæхи дæр, нæ сабиты дæр. Кæд абон НАТО-йы бæстæты фыдазарæй стонг æмæ бæгънæгæй, ссæст æмæ æфхæрдæй, марг æмæ нæмыгæй раздæры Советон Цæдисы адæм афæдзмæ нырма милуангæйттæй цагъды кæнæм, уæд нæ уæд та цъагътаиккой дæсгай милуантæй. Армыдзаг Ирыстон сын иунæг-иу комдзаджы фаг дæр нæу.

Æмæ уыцы фыдбылыз иуварсгæнæг салдатыл куыннæ хъуамæ рисса ирон поэты зæрдæ, йæ рæнхъытæй нын куыннæ хъуамæ змæлын кæна нæ зæрдæты нуæрттæ:

Калд йæ туг. Мæлгæ дæр уæд

Кодта, стади та ыстæй,

Уымæн æмæ сау мæлæт

Уымæн тых нæ ардта, нæй.

 

Æмæ хи уды зынæй

Бахъахъхъæдта уый нæ зæхх, –

Рацыд бæстыл цинты зæй,

Худы хурмæ – дары цъæх.

 

Худы, ‘рмæст салдат фæци,

Еныр ыл фæтых мæлæт.

Иууыл ахицæн йæ цин,

Иууыл ахицæн йæ мæт.

Мæлæт алы хатт дæр зын у: хæсты размæ дæр, хæсты дæр, фæсхæст дæр. Поэт кæд бирæ дудгæбæттæ федта, уæддæр ыл уый тыххæй нæ ахуыр кæны. Дзуццаты Хадзы-Мураты хъуыдымæ гæсгæ: «… царды иумæйаг, æрдзон æгъдау нæу поэтæн æнцой, æвæлмон, æдыхст дæттæг. Адæймаджы мæлæт æм (æмæ канд адæймаджы мæлæт нæ!) æвзæрын кæны хъыг æмæ хъынцъым, æрхæндæг æмæ хъизæмар. Нæ дзы рох кæны, хæсты фæудæй иу бон раздæр чи базынгхуыст, уыцы ‘взонг салдат, йæ ныхас ын хъусы йæ зæрдæйæ…» Нæ сæфы йæ хъуыдыйæ. Фæлæ уый афтæ нæ амоны æмæ мæлæтæй рамбæхс-бамбæхс кæны. Хадзы-Мурат йæ ныхас мæлæты тыххæй уымæн дарддæр кæны: «Мæлæт, тас, зын – гæнæн нæй, æмæ дыл ма ‘ндавой, хаттæй-хатт сæ дæ хъуырмæ дæр ма суай. Уымæн зæгъы поэт: «Зæххыл æнæмæтæй, æнæмастæй Æдылытæ цæрынц æрмæст!» Фæлæ мæлæт, тас, зын не сты сæйраг. Сæйраг уый у, æмæ дæ хъуамæ сæ цагъар ма скæной, дæ уд æмæ дын дæ уонг ма амарой. Хъуамæ сыл тых кæнай, сæттай сæ, сæ сæрты хизай æмæ цæуай размæ, цæрай, æгæрыстæмæй,, куы нал уай, уый фæстæ дæр; цæрай дæ рæстдзинад, дæ хорз æмæ дæ фидауцæй».

Поэтæн æвзонгæй хæсты быдыры йæ хæстон хæлæртты мæлæт куыд зын уыдис, йæ зæрдæйæ-иу ын къæртт куыд ахастой семæ æмæ сæ абон мардæй, æгасæй, куыд никæй рох кæны, йæ зæронд альбомы сæ куыд агуры, куыд сæ нымайы: уый Иван у, «Уымæн хæсты йæ хъару Арт уыд, æмбал ын нæ уыд»: уый Гайоз, «‘Вдыста йæ лæджыхъæд хорз», «Мæнæ грант дæр æдгæрзтæ, Уый – Грицко, уый та – Хæмæт. Бахъахъхъæдта йæ бæстæ. Уыдонæй алчидæр уæд».

Алчи дæр фæхатдзæнис, уыцы нымад Мæргъийы-фырты хæлардзинад равдисынæн кæй хъæуы. Фæлæ мыггæгтæ, нæмттæ нымайынæй æфсымæртæ аразæн куы уаид, уæд нæ фыдбоны сыхæгтæй уыйбæрц «æфсымæртæ» фæцарæзтам æмæ сæ æгæндæг хъæдтæ сырæзид. Афтæмæй нæм марæн кæрдтимæ ‘рбацæй згъорынц. Бестауты Гиуæрги нæмтты ахæм æфсымæрон ахасты тыххæй тынг раст дзырдта: «Канд уый дæр нæ хуыйны хæлардзинадыл зарын, æмæ де ‘мдзæвгæйы хъайтартæй иуы уырыссаг ракæнай, иннæйы – украинаг, аннæйы – гуырдзиаг, цыппæрæмы – ирон».

Фæлæ сын Къоста сын сырх сæнæй куы ары сæ ном, уæд йæ удæй фæхъæуы, хæсты цагъды уæлдæйттæй уыцы, йе ‘нусон бæстæмæ чи аивгъуыйы, уый:

Абон мах нæ хæлары æвæрдтам,

Уарыд ныл фæззыгон зæгъы сыг.

Уый дæр нын нæ бирæ хорз æмбæлттау,

Ахаста нæ удты хъарм цæссыг.

(Абон мах нæ хæлары æвæрдтам»)

Уый аивады зæххон, реалистон рæстдзинад у.

Ноджы, кæд поэзийы сусæг фæзилæнтæ уыцы, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты дуджы æххæстæй нæма зыдта, – æниу сæ æххæстæй чи хъуамæ базона (?), – уæддæр æм ахæм фæлтæрддзинад æрцыд йæ лæджы каримæ. Сабыр, æмбæхст фæлгонцты фæрцы: «Уарыд ныл фæззыгон зæгъы сыг», «Ахаста нæ удты хъарм цæссыг», «Хæсты марди, стад æмæ та хауди, Арыд, фæлæ размæ цыд уæддæр!..», – чиныгкæсæджы зæрдæ баризын кæны тынгдæр. Йæ цæстытыл ауайынц, хæсты арты чи сарыд, не ‘хсæн сабырæй лæджы цард чи фæкодта, æгад йæ сæрмæ чи никуы æрхаста, фæлæ царды зынтæн кæй зæрдæ нал ныффæрæзта æмæ сæркъулæй кæй табæты раз лæууыдыстæм, уыцы хъæбатыр хæстонтæ.

Уыдон иууылдæр зын хъуыддæгтæ сты, фæлæ уæлдай зындæр вæййы, адæймаг цæмæ бæллы, йæ уд цæмæн нывонд кæны, уый хæнт къæсæрыл куы ссары йæ адзал.

Къостайы æмдзæвгæ «Иу бон раздæр»-ы лирикон хъайтар хæсты йæ фæд алы ран хъæбатырæй куыд ныууагъта, стæй раст хæсты фæудæй иу бон раздæр карз тохы йæ риуы «Сау знаджы тæвд нæмыг» куы ныууазал æмæ цæрæнбонтæм куы ‘рцыд йæ адзал, йæ къуым, йæ уарзон буц хъæубæстæй дард, кæйдæр зæххыл куы баззад, уыцы бон ыл хинæй кæй рацыд, ууыл мæрдты дæр куыд дзыназы, уый йæхæдæг бирæ дзуринаг у:

Ссæдзаздзыдæй амæлын у зын,

О, æниу, мæлын кæд уыд æнцон та.

Абон дæр мæ ингæны хъæрзын,

Ме ‘мтуг æмæ ме ‘мбуар хæстонтау.

 

Абон дæр ма мысын æз мæ зæхх,

Уый арвы дзæнхъа ирды тæмæнтæ.

Урсдзыкку æхсæрдзæнты сæх-сæх,

Цæргæсты тыгъд базырты хæтæнтæ.

 

Æмæ диссаг макæмæ кæсæд,

Ам дæр сæ мæ зæрдæйы кæй дарын.

Уадз æмæ мын рухсы таг хæссæд

Ацы арф, æнуд ингæны тармæ»!

Раст дзы уый тыххæй загъта Хадзы-Мурат: «Мæлæтимæ бафидауæн

нæй, уæлдайдæр, æрыгонæй; уæлдайдæр, хæсты куы уа, уæд. Фæлæ мæлæт ис æмæ дзы нæй искуы бамбæхсæн, искуыдæм фæфардæггæнæн». Стæй дзы нæдæр хъæуы искуыдæм фардæг кæнын. Уымæн æмæ царды уæлдайаг ницы уыд æмæ ницы ис.

Ацы æмдзæвгæйы тыххæй уырыссаг зынгæ литературон критик Павел Ульянов афтæ загъта: «Знаю, что есть классические образцы: «Я убит подо Ржевом…», «В полдневный жар в долине Дагестана с свинцом в груди лежал недвижим я…» Все так. И все равно приведенные выше строки осетинского поэта Коста Маргиева трогают, задевают за душу. Тем более, когда знаешь, что они оплачены кровью».

Поэт йæ зынгуыст хæстон æмбæлттыл, стæй, æмткæй йæ Фыдыбæстæ знагæй чи хъахъхъæдта, афтæмæй чи фæмард, уыцы хъæбатыр хæстоныл æрмæст кæугæ нæ фæкодта æмæ кæугæ нæ кæны, фæлæ, йæ бон куыд уыд æмæ куыд у, афтæ йын йæ аивадæй йæ ном кодта æмæ кæны æнусон.

Уыцы аивад, ома, Мæргъиты Къоста поэзи æппынæдзух иу чиныгæй иннæмæ цыд æмæ цæуы тыхджындæргæнгæ.

Æниу, салдаты ном кæддæридæр дзырдта æмæ дзуры сæрыстырæй. Æмæ Фыдыбæстæйы хæсты мæнгард знæгты æдзух гæндон чи кодта, «Фæлæ ыстыр Сырх тугæй хъулон фæзты» иу хатт йæ бон кæуыл баталынг, ууыл поэт «Ысфæлдыста йæ уацмысты хуыздæр».

Æмæ йæ ном æгас бæстæйыл, дардыл

Ныр айхъуысти, æрвнæрæгау, ныхъхъæр.

Салдаты ном,

йæ кой нæ рухс зæрдæты

Цæрæнбонтæм ыскодта ныр бынат,

Уадз, ноджыдæр

поэты зарды зæлты

Кæнæнт дывæр йæ цыт æмæ йæ кад.

(«Салдаты ном»)

Фæстаг æртæ комментаригæнæг рæнхъытæ кæд уæлдай сты, уæддæр бæрæг у, йæ Фыдыбæстæ знагæй чи хъахъхъæны, ууыл поэт иу бон æмæ дыууæ боны нæ, фæлæ æнустæм кæй зардзæнис, йæ кад ын кæй кæндзæнис æнусонæй-æнусондæр. Æмæ уый зынгæ уырыссаг фыссæг Илья Эренбурджы хъуыдымæ гæсгæ: «Не абстрактный ветер истории раздувает гнев в сердце солдата, а слабое человеческое дыхание».

Уыцы хъуыддагæн, фидыдады стыр хъуыддагæн цæвиттон – поэтæн йæхи æмдзæвгæ «Иу æртах».

Ныккалдис туг ыстыр хæсты цæхæры,

Фыдуаг рæстæг, фыдбон æвзæрста уд.

Куы нæ хъарид æртахгай туг нæ мæры,

Йæ лæсæнтæй уæд сæвзæрдаид фурд.

 

Æмæ, хæлар, мæнæн дæр уым бæрæгæй

Зындаид уæд мæ туджы иу æртах.

Нæй, не ‘руадздзынæн ног хæст æз нæуæгæй,

Зынаргъ мын у мæ туджы ‘ртах, зынаргъ.

Адæймаг, æцæг адæймаг йæ туджы æртахы тыххæй алы хорз, уæлдайдæр, æнусон хъуыддаг дæр сараздзæнис. Æмæ уый нæхæдæг дæр уынæм поэт Мæргъиты Къостайы сфæлдыстады.

Къоста алы хатт дæр йæ зарджытæ, йæ зæрдæйы катай æмæ сагъæс амыдта зæххон уадындзæй. Йæ  аивадон куысты йыл йæ уадыдз никуы рацыд сайдæй. Стæй поэты фылдæр хаймæ музæ кæд се ‘взонджы бонты вæййы æмхиц, уæд Мæргъиты Къостайæн та йæ зæххон уадындзы цагъд бæлвырддæрæй зæлыд æмæ зæлы, йæ лæ­джы кары куыд цыд, афтæ. Æмæ йыл ныр кæд 95 азы сæх­хæст, ирон фысджыты иууыл хистæр у, уæддæр ис йæ тæккæ лæджы кары, йæ иу æмдзæвгæ «Фæндзай азы»-йы хуымæтæджы куынæ зæгъы:

Уæдæ цы сты цымæ лæгæн

Нæ дунейы йæ фæндзай азы?

Мыййаг, кæд зæрдæйы тæмæн,

Йæ царды райдайæн Кавказы?

Бафæнддзæнис нæ, цæмæй йын уой ног аивадон уацмысты райдайæн дæр.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.