Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет сорганизаци кодта тымбыл фынг.  Ацы мадзалмæ хуынд æрцыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнын æрмæст хъусгæ æмæ фысгæ чи кæны, уыдон нæ, фæлæ хъаруйæ, фæндвидарæй æппæтæй дæр йæхи ацы кадджын профессийæн чи снывонд кодта, сахъатджынæй, фæлæ удвидар æмæ ныфсджынæй абон нæ фарсмæ чи сты, уыцы хистæртæ æмæ хъæбатыр лæппутæ. Уыдон уыдысты Хæстон архайдтыты фæстиуæгæн фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæрдар Плиты Мадинæйы сæргълæудæй фонды цалдæр лæппуйы: Уалыты Рамаз, Тедеты Вячеслав, Коцты Григори, Дудайты Лев, Битеты Александр, Колыты Инал; хæстон архайдтыты ветеран Тедеты Улифан, Хъахъхъæнынады министрады бæрнон кусæг Сиукъаты Вадим æмæ ацы министрады дæлбар Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Тымбыл фынджы нысан уыд, Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæн Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ уæззау хæстон рæстæджыты сæ æфсæддон хæсты тыххæй радзурын, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы кадджын профессийыл сын уæрæхæйдæр æрдзурын, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæссой уыдон кадджын традицитæ.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Тыбылты Алан мадзал гом кæнгæйæ банысан кодта нæ хъæбатыр лæппуты аккаг ныхмæлæуд Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ. Уыцы уæззау азты мысын, зæгъгæ, æцæгæйдæр уæззау у, нæ хъæбатыр лæппуты ныфсхастдзинад нæ рæзгæ фæлтæрæн уыдзæн æцæг бафæзминаг. Бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй æрымысой, абон не ‘хсæн сæрæгас чи нал сты, сæхи нæ бæстæйы сæрибардзинады тыххæй нывондæн чи æрхастой, уыцы лæппуты рухс нæмттæ.

Республикæйы уæлдæр хорзæх – орден «Уацамонгæ»-йы кавалер,  Советон Æфсады ветеран, инæлар-майор Тедеты Улифан, стæм адæймаг разындзæн, ацы адæймаджы чи нæ зоны. Ирыстонæн уæззау азты уый уыд Хъахъхъæнынады министрады штабы къухдариуæггæнæг. Ирыстоны иузæрдион æмбæстаг æгæрон уарзтæй уарзы йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ уыцы уарзондзинад разæнгард кодта йæ радтæг адæм æмæ бæстæйы бахъахъхъæнынмæ.

«Уыцы хъуыды уæд æнгом кодта афтидарм бархионты къордты, æвзонг, хом фæсивæды. Арæзт цыд хъахъхъæнæн къордтæ Коцты Гри, Джиоты Алан, Гæззаты Вадим æмæ æндæрты сæргълæудæй. Уыдон бирæ хъæбатырдзинады дæн-цæгтæ æвдисгæйæ, фæхъуыдысты не ‘хсæнæй…

Уый дзурын мæнæн абон тынг зын у. Уыдон нæ сæрыстырдзинад сты, нæ бæстæйы историйы трагикон сыфтæ æмæ сæ мах нæ ферох кæндзыстæм», –  дзырдта Улифан. Дарддæр уый æрымысыд, ирон адæмы иумиаг хъæбул Хуыбылты Валерийы хъæбатырдзи-нæдтæ, бæстæйы Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрæджы стыр хъарутæ æмæ архайдыл.

Æхсызгон мын у, зæгъгæ, мадзалы Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ хайад кæй исынц.

«Мах дæргъвæтин рæстæг фæтох кодтам, сымах та хорз хъуамæ ахуыр кæнат, цæмæй размæ цæуæм æмæ нæ бæстæ дидинæфтаугæ суа», – ахæм уыд йæ сидт кæстæр фæлтæрмæ Тедеты Улифанæн.

Хуссарирыстойнаг националон æфсад саразыныл йæ æппæт тыхтæ æмæ хъарутæ чи нæ бавгъау кодта, уый егъау хайбавæрд банысан кодта Хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг Сиукъаты Вадим. Тедеты Улифаны уый банымадта йæ æфсæддон хъомылгæнæг æмæ ахуыргæнæгыл. «Йæ рæстæджы мæ уый æрбахуыдта развæдсгарæн къорды раздзогæй. Мæнæн æхсызгон у, ахæм цæттæ æфсæддоны фарсмæ службæ кæй райдыдтон. Уавæрæй пайдагæнгæйæ, бузныг загъта, хæстон архæйдтыты алы рæстæджы хъахъхъæнынады къордты, регулярон æфсады рæнхъыты чи уыд, нæ Райгуырæн бæстæ цыфыд-дæр знагæй бахъахъхъæныныл чи слæууыд æмæ уыдон архайд махæн ныр æхсардзинад æмæ хъайтардзинадæй мысынæн кæй баззад, æппæт уыдонæн.

Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгты алыгъуызон фарстытæ цымыдис кодтой. Сæ иуы фарст уыд, зæгъгæ, иууыл уæззаудæр мысинагæй уын цы цау баззад? – Сиукъайы фырт æнæахъуы-дыгæнгæйæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, 2008 азы августы хæст. Уæд, зæгъгæ, Ирыстон фæлæууыд æнæмсæр тохы знаджы егъау æмæ уæззау тыхты ныхмæ, хуыдуг цыдысты куыд нæ хæстон, афтæ радиолокацион æмæ æндæр тыхтæ. Уыцы фондзбонон хæстæн абарæн нæй иннæ азты агрессиимæ.

Тымбыл фынджы иннæ хайадисджытæ дæр цыбыртæй дзырдтой сæ хæстон мысинæгтæ.

Колыты Инал гуырдзиаг спецслужбæты «аудгæ ахастæй» баззад сахъатджынæй. Уымæн бирæ террористон акттæ аразын кодтой Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уæддæр, зæгъгæ, æз райгонд дæн, абон уе ‘хсæн сæрæгасæй кæй дæн.

Уалыты Рамаз æрымысыд, Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры куы ба-хауд, уæд Уæрæсейы кæй ахуыр кодта æмæ ратагъд кодта Ирыстонмæ, æмæ баззад ам. Дзырдта йæ хæстон фæндæгтыл.

«Уал азы дæргъы цы иумиаг хъуыддагыл тох кодтам, уый нæ къухты бафтыдис. Ныр æппæт  дæр уыдзæн хорз, Ирыстонмæ хорз фидæн æнхъæлмæ кæсы», – банысан кодта Рамаз.

Фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæрдар Плиты Мадинæ æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон – 23 февралы цытæн. Бузныг загъта Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитетæн, мадзал организацигæнджытæн, уымæн æмæ ахæм мадзæлттæн ис, патриотикон æмæ бæрзонд æнкъарæнтæ чи æвзæ-рын кæны, ахæм мидис.

Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæм ахасты банысан кодта, зæгъгæ, сымах стут, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты кадджын традицитæ дарддæр чи хъуамæ хæсса, уыдон.

«Республикæйы территорийыл бирæ мысæн цыртытæ ис. Уыдон фæрсты рахизгæйæ, хъуамæ зонат, нæ иумиаг рæсугъд сомбоны тыххæй кæй тох кодтой æмæ абон не ‘хсæн нал сты», – дзырдта Мадинæ.

Уый æрдзырдта мадзалы хайадисæг фонды минæвæрттæй алкæйы хæстон фæндæгтыл хицæнæй  хъæбатыр тох кæй кодтой æмæ æрмæст нæ Ирыстоны нæ хъахъхъæдтой, фæлæ æфсымæрон Абхазы зæхмæ дæр нæ иумиаг знаг куы лæбурдта, уырдæм дæр фæзындысты æххуысмæ. Бирæтæ дзы фесты сахъатджынтæ, фæлæ сæрæгасæй сты нæ фарсмæ.

Плиты Мадинæйы лæджымсæр миниуджыты æрæмысыд Тедеты Улифан, уый, зæгъгæ, хæстон азты æрмæст цæфтæн нæ æххуыс кодта, фæлæ сылгоймаг уæвгæйæ, æргъомæй хаста районы хъæутæм хæлæн æрмæджытæ. Бирæ ахæм дæнцæгтæ ис æрхæссæн ацы фидар удыгъæдджын сылгоймаджы тыххæй, уавæртæ куы амониккой, уæд.

Тымбыл фынджы хайадисджытæн мадзалы кæрон мобилон бастдзинады компани «Мегафон»-ы минæвæрттæ бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.