Фадат аразæг кæй у, уый бæлвырд кæнын нæ хъæуы, фæлæ уый алы хатт бæрæг аххосæгтæм гæсгæ къухы нæ бафты. Уæддæр хæдзардзин разамонæг зын уавæртæй рахизынæн дæр ссары амæлттæ æмæ уæд йæ дæлбар кусджыты уавæртæ фæивынц хуыздæрæрдæм. Кæд нæ республикæ рæзты фæндагыл лæуд у, дзæвгар ивындзинæдтæ нæм æрцыд æхсæнад æмæ æмбæстæгты хæрзиуæгæн, уæддæр нырма нæ разы бирæ ис, аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы, сæндидзинаг чи сты, ахæм объекттæ æмæ куыстуæттæ. Уыдон ногæй райгуырын кæныныл кусынц æмæ архайынц, иумæйаг хъуыддагыл иузæрдион чи у, æмбæстæгты æрвылбонон цардуагон фарстытæ скъуыддзаг кæныныл чи хъуыды кæны, ахæм разамонæг адæймæгтæ дæр.

Цхинвалы Модæты ателье æнусы æмбисæй фылдæр лæггад кæны фæлхасгæнджытæн  æмæ уæзгæ у йæ хайбавæрд уал азы дæргъы. Фæлæ алцы дæр ихсийы, уæлдайдæр та, фыдбæллæхты куы бахауы, уæд. Ахæм фыдбылызтæ баййæфта ацы куыстуат дæр 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы æмæ дзы уый аххосæй нал уыд æмбæлон уавæртæ кусынæн. Фæлæ арæхстджын разамонæг æмæ иумæйаг хъуыддагыл иузæрдион адæймаг цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр рахизы æмæ уымæй фæрогдæр вæййынц йæ дæлбаруæвæг кусджыты уавæртæ. Уыдонмæ хауы «ЦÆРДЖЫТЫ ЦАРДУАГОН ЛÆГГÆДТЫ» паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжелæ дæр. Иугæр ацы бæстыхай мæгуырау уавæрмæ æрцыд, уæд куыстуат йæхи æмæ кусджыты æххуыс æмæ фæрæзты фæрцы цадæггай ивын райдыдта йæ хуыз. Нæ газет ма амæйразмæ куыд фыста, афтæмæй ныридæгæн бæстыхайы бакодтой иуæй-иу цалцæггæнæн куыстытæ, уый фæстиуæгæн дзы баконд æрцыд ног кусæн æрмадзтæ, цалдæр кусæджы та рахызтысты ифтонгдæр бынатмæ. Æрæджы дæр та дзы байгом, хæдзарон цардуагон ифтонггæрзтæ кæм цалцæг кæнынц, ахæм æрмадз. Кусы дзы, йæ хъуыддаг хорз чи зоны æмæ цæрджыты домæнтæ æххæст кæнынмæ æнæзивæг чи у, ахæм дæсны кусæг Одтаты Гела. Уый нырма ам кæд бирæ рæстæг нæ кусы, уæддæр дзы фæлхасгæнджытæ сты райгонд, æнувыдæй сын кæй бацархайы сæ цалцæггæнинаг техникæ æрбæстон кæныныл, уый тыххæй.

Модæты ательейы разамонæджы раз нырма бирæ аудинæгтæ ис бæстыхай кæронмæ æрбæстон кæныны тыххæй, ууыл та дарддæр дæр архайдзæн, йæ уавæртæ йæ куыд амоной, афтæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.